Социалистон Фӕллойы Хъӕбатыр Кучиты Юрийы 100 азмӕ

0
351

Байгом кодта Арктикӕйы ихдуӕрттӕ

Санкт-Петербурджы ирон ӕхсӕнад йӕхи цӕттӕ кӕны Цӕгат полюсмӕ ихсӕттӕг атомон нау «Арктикӕ» куы бацыд, ууыл 30 азы сӕххӕсты юбилеймӕ. Уый уыдис 1977 азы 17 августы. Йӕ капитан уыд не ‘мзӕххон Кучиты Юри.

Кучиты Юри райгуырд 1919 азы 26 августы Тибы хъӕуы. Йӕ фыд Стъепан уыд Граждайнаг хӕсты архайӕг. Тох кодта, цӕмӕй советон хицаудзинад Терчы ӕрфидар уыдаид. Уый фӕстӕ разамынд лӕвӕрдта ӕрыдоны МТС-ӕн. 30-ӕм азты уыд Цӕгат Ирыстоны зӕхгуысты адӕмон комиссар.

Йӕ мад Любовь уыд номдзыд Хетӕгкаты мыггагӕй. Фыд куы фӕмард, уӕд мад йӕ цыппар сывӕллонимӕ цард Дзӕуджыхъӕуы. Уый йӕ удӕй арт цагъта, алы куыстытӕ кодта, цӕмӕй йӕ сабиты схӕсса.

1938 азы Кучиты Юри каст фӕцис Дзӕуджыхъӕуы 27-ӕм скъола. Мӕскуымӕ ацыд ӕмӕ архайдта ӕфсӕддон авиацион училищемӕ бацӕуыныл, фӕлӕ медицинон ӕмӕ мандатон къамисты нӕ ацыд. Сси Мӕскуыйы ӕфсӕнвӕндӕгты институты студент, фӕлӕ йӕ тӕхӕг-куынӕггӕнӕджы бӕллиц нӕ рох кодта. Хӕсты размӕ уый ныхас кодта зындгонд полярон тӕхӕг, Советон Цӕдисы Хъӕбатыр Марк Шевелевимӕ. Уый та уӕд уыдис Советон Цӕдисы Сӕйраг Советы депутат Цӕгат Ирыстонӕй. 1941 азы 5 июны йӕ арвыста хӕдтӕхӕгыл фӕсполярон наулӕууӕн Диксонмӕ. Уый уым сси нау «Василий Молохов»-ы матрос. Уӕдӕй фӕстӕмӕ 42 азы йӕ цард баст уыд Арктикӕимӕ.

Ӕххуысхъом фӕцис йӕ мадӕн, йӕ хотӕн, йе ‘фсымӕрӕн. Фӕстӕдӕр уыд матрос ихсӕттӕг нау «Таймыр»-ы.

1934-1944 азты архайдта сакъадах Диксоны зымӕгиуаты. 1944 азы каст фӕцис Красноярскы штурманы курсытӕ ӕмӕ та ихсӕттӕг нау «Таймыр»-ыл ленк кӕнын байдыдта, ӕрмӕст  капитаны кӕстӕр ӕххуысгӕнӕгӕй.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг Диксоны сакъадахы архайдта наулӕууӕн немыцаг уӕззау крейсер «Адмирал Шеер»-ӕй бахъахъхъӕныныл хӕстыты, стӕй Цӕгатаг денджызон фӕндагыл цыд наутӕ хъахъхъӕнӕгӕй. Уый тыххӕй хорзӕхджынгонд ӕрцыд «Советон Фӕсполярье бахъахъхъӕныны тыххӕй» майданӕй.

1946 азы Кучиты Юри йӕ цард баиу кодта уырыссаг чызг Нинель Алексееваимӕ ӕмӕ сын рацыд дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ иу чызг: Михаил, Сергей ӕмӕ Татьянӕ.

1945-1962 азты Кучиты Юри уыд алыхуызон ихсӕттӕг науты капитанты хистӕр ӕххуысгӕнӕг. Уыдонимӕ уыдысты ихсӕттӕг нау «Ермак», стӕй «Малыгин», «Александр Сибиряков», «Илья Муромец», «Красин». Ацы науты райста стыр фӕлтӕрддзинад.

1962 азӕй фӕстӕмӕ уыд ихсӕттӕг наутӕ «Мурманск» ӕмӕ «Киев»-ы капитан.

1963 азы Кучиты Юри каст фӕцис Ленинграды уӕлдӕр инженерон-денджызон училище ӕмӕ йӕ службӕ адарддӕр кодта Арктикӕйы тызмӕг фӕтӕнты ног фӕлтӕры ихсӕттӕг наутыл.

Цӕгат полюс басӕттыныл бирӕ полярон иртасджытӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ архайдтой. М.В.Ломоносов, Д. Франклин, Н.А.Норденшельд. Де-Лонг, Ф.Нансен, С.О.Макаров. Г.Я.Седов, Р.Амундсен.

Уыдоны ӕмрӕнхъ балӕууын 20-ӕм ӕнусы дыккаг ӕмбисы сфӕнд кодта советон полярон капитан Кучиты Юри. Уый стыр цымыдисимӕ ахуыр кодта Цӕгат Полюсмӕ экспедицийы ӕрмӕджытӕ, ахуыр кодта ихсӕттыны дӕсныйадыл.

Бирӕ фӕлтӕртӕ архайдтой Цӕгат полюсмӕ науыл бацӕуыныл, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы. Сӕйрагдӕр аххосаг уый уыдис, ӕмӕ уӕды рӕстӕджы ихсӕттӕг наутӕ афтӕ хъомысджын нӕ уыдысты, стӕй нывыл нӕма ӕрцис ихфӕндӕгты сгарӕн куыст хӕдтӕхджытӕй, вертолеттӕй, космосон наутӕй ӕмӕ спутниктӕй. Кучиты Юри 60-ӕм азты дызӕрдыг нӕ кодта, Цӕгат полюс ӕрмӕст хъомысджын наутӕ кӕй басӕтдзысты, ууыл.

1962 азы Цӕгат полюсмӕ бацыдысты ивтыгъд куыйтыл, бахӕццӕ йӕм хӕдтӕхӕг, дӕлдондзог нау.

Уӕды рӕстӕджы сӕ ном нӕрыдис зындгонд полярон хъайтартӕн. Уыдон уыдысты О.Ю Шмидт, И.Д. Папанин, П.П. Ширмов. Е.К. Федоров, Э.Т. Кренкель. Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ Валерий Чкалов ӕмӕ Михаил Громов 1937 азы ӕнӕрбадгӕйӕ Цӕгат полюсыл атахтысты Мӕскуыйӕ Ванкувермӕ.

1956 азы Ленинграды Адмиралтейскы заводы аразын райдыдтой дунейы мидӕг фыццаг атомон ихсӕттӕг нау «Ленин». 1964 азы Кучиты Юри уыд йӕ капитан Борис Соколовы бӕсты.

1964 азы декабры Мурманскмӕ ӕрцыд делегаци, йӕ сӕргъы Фӕскомцӕдисы Центрон Комитеты дыккаг секретар Пастухов, афтӕмӕй. Сӕ нысан уыд Фӕскомцӕдисы Цӕугӕ сырх тырыса Цӕгатаг ӕфсӕддон-денджызон флотӕн раттын. Делегациимӕ уыд фыццаг космонавт Юри Гагарин дӕр. Ӕрзылдысты наутыл, бабӕрӕг кодтой атомон ихсӕттӕг нау «Ленин» дӕр. Афтӕ фембӕлдысты дыууӕ номдзыд лӕджы.

Уалынмӕ Ленинграды Балтиаг заводы аразын райдыдтой тыхджын атомон ихсӕттӕг нау «Арктикӕ».

Кучиты Юримӕ Ленинградӕй фӕдзырдтой, ӕмӕ 1971 азы сси «Арктикӕ»-йы капитан. Цалдӕр азы нау аразгӕйӕ, уымӕ йӕ цӕст дардта, хъӕугӕ уынаффӕтӕ лӕвӕрдта аразджытӕн.

1975 азы 25 апрелы нау йӕ куыст куы райдыдта, уӕд Кучиты Юри загъта нӕ бӕстӕйы денджызон флоты министр Тимофей Гуженкойӕн, ахӕм тыхджын науыл Цӕгат полюсмӕ бацӕуӕн кӕй ис, уый. Йӕ фӕндоныл сразы сты. Сӕхи цӕттӕ кӕнын байдыдтой уыцы балцмӕ, науы экипаж бӕстон ӕвзӕрст цыд, Цӕгат полюсмӕ балцы фӕндаг сбӕлвырд кодтой.

Разӕй уыд зын ӕмӕ вазыгджын фӕлварӕн, бӕзджын их сӕтгӕйӕ фӕсте фӕуадзын хъуыд 2700 милы, цӕмӕй Цӕгат полюсмӕ бахӕццӕ уай. Уый тӕссаг фӕндаг уыдис, фӕлӕ ӕнгом экипаж йе ‘нтыстыл нӕ дызӕрдыг кодта, ноджы ма уыцы балц уыд Цытджын Октябры 60 азы кадӕн, ӕмӕ дзы стыр бӕрнондзинад уыд. Балцы размӕ науы уыд гом партион-фӕскомцӕдисон ӕмбырд. Уым Кучиты Юри загъта: «Фӕндаг байгӕрддзыстӕм Цӕгат полюсмӕ, цӕуын мӕ бӕллиццы размӕ».

Ихсӕттӕг нау Мурманскы наулӕууӕнӕй рацыд 9 августы. Науы ӕдӕппӕтӕй уыд 207 адӕймаджы. 15 августы уӕззау уавӕры бахаудысты, канадӕйаг уӕззау ихтӕ кӕй хуыдтой, уыцы ран. Ацы вазыгджын фӕндагыл раздӕр Цӕгат полюсмӕ цӕугӕйӕ, бирӕ наутӕ фесӕфт.

16 августы, ӕхсӕвы, Цӕгат полюсыл фыццаг сӕмбӕлд сгарӕн вертолеты экипаж Евгений Миронов ӕмӕ Валерий Лосев. Уый тыххӕй сын арфӕ ракодта Кучийы-фырт.

1977 азы 17 августы райсомы 4 сахатыл «Арктикӕ» йӕ нысанмӕ бахӕццӕ. Райгуырӕн бӕстӕйы хӕс ӕххӕстгонд ӕрцыд, йӕ хъайтартӕн та Райгуырӕн бӕстӕ скодта стыр аргъ.

Кремлы Л.И.Брежнев Ленины ордентӕй ӕмӕ Сыгъзӕрин майдантӕ «ӕхсырф ӕмӕ дзӕбуг»-ӕй схорзӕхджын кодта экипажӕй 5 адӕймаджы: сӕ разамонӕг — нӕ бӕстӕйы Денджызон флоты министр Т.Б. Гуженкойы, Советон Цӕдисы Наукӕты академийы уӕнг-уацхӕссӕг Н.С. Хлопонины, экипажы ӕртӕ уӕнджы — капитан Кучиты Юрийы, сӕйраг инженер-механик О.Г. Пашин ӕмӕ Ф.Ф. Асхадуллины.

1977 азы 17 августы атомон ихсӕттӕн нау «Арктикӕ» капитан Кучиты Юрийы разамындӕй Цӕгат полюсмӕ кӕй бацыд, уыцы ӕнтыст, уыцы сгуыхтдзинад хаст ӕрцыд Гиннесы рекордты чиныгмӕ дӕр.

Саулохты Илья,

Санкт-Петербург

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here