«Нӕ хуыздӕртӕ»

0
504

Зындгонд поэт Хъодзаты Ӕхсарӕн рауагъдад «Веста»-йы ӕрӕджы цы чиныг рацыд, «Нӕ хуыздӕртӕ», зӕгъгӕ, уый мын  куы ‘рбарвыста, уӕд дзы ахӕм арфӕйы ныхӕстӕ бакастӕн: «Эдуард, Ир сӕ хуыздӕрты куыд фӕзмой, уыцы амонд сын Хуыцау саккаг кӕнӕд!» Бирӕ азты дӕргъы поэзийы хуымгӕнды дӕллаг галы куыст чи фӕкодта ӕмӕ кӕны, бирӕ зӕрдиаг ныхӕстӕ кӕмӕй зонын, уый ӕрхъуыды мын ӕхсызгон куыннӕ уыди.  Иу михыл кау ничи бийы, ӕмӕ ӕхсары, ирон адӕм сӕ хуыздӕрты фӕзмой ӕмӕ уыдоны фӕндиаг уой, уый кӕй фӕнды, мӕ зӕрдӕ мын тынгдӕр уый фӕцагайдта. Поэты миниуӕг!

Хъодзаты Ӕхсары чиныгмӕ хаст ӕрцыдысты ирон культурӕйы дыууӕ стыр минӕвары Хетӕгкаты Къостайы ӕмӕ Абайты Васойы тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ прозӕ.

Чиныг арӕзт у дыууӕ хайӕ: «Мӕхи Къоста», «Ӕнусон Васо».

«Цӕмӕй мын у хиуон Къоста», зӕгъгӕ, уым кӕронӕй Ӕхсар афтӕ зӕгъы: «Арӕх бафӕрсынц: цӕмӕй дын у хиуон Къоста? Къоста йе стыр сгуыхтӕй стыр ӕфтуан бакодта Иры цӕрӕнбонмӕ. Бацамыдта нын: чысыл адӕмтӕн дӕр сӕ бон у ӕвӕджиау хъуыддӕгтӕ аразын. Къоста нын йӕ цыбыр, фӕлӕ удуӕлдай цардӕй равдыста, Фыдыбӕстӕйӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый. Не стыр дунейы стыр хӕрамдзинады ныхмӕ уый бацыд ӕргом, ӕнӕбафидаугӕ хӕсты ӕмӕ дзы рацыди уӕлахизӕй: йӕ фарн, йӕ поэзи цӕрынц ӕмӕ цӕрдзысты. Уыцы хӕрамдзинады бон сын  ницы баци. Уыдӕттӕй мын у хион Къоста. Фӕлӕ… «Хиуон мын у» зӕгъын ӕнцон у. Йӕ фарнмӕ йын ӕфтуан бакӕн — уый та стыр зын хъуыддаг. Уый ӕрмӕст искуы-иутӕн ӕнтысы. Бӕллын, куы уаин уыцы искуы иутӕй! ӕндӕр ныхӕстӕй, фӕнды мӕ ахӕм цард кӕнын, мӕ бон бафӕрсын куыд уа: цӕмӕй  дӕн хиуон Къостайӕн?”

Ам стыр хъуыды ӕвӕрд ис: цӕрӕнбонты фыдӕлты фарнӕй цӕрӕн нӕй, сӕ фарнмӕ сын фарн куынӕ ӕфтауай, уӕд уыцы фарн дӕр ӕнӕбын фурд нӕу, искуы бахуыскъ уыдзӕн. Сугыл суг куынӕ ӕвӕрай, уӕд цырен,  гуыр-гуыраг арт дӕр мынӕг кӕны. Ӕмӕ та уӕд фӕнычы иугай зынгтӕ схъаудзыстӕм? Ӕмӕ уыцы фӕнык бынтондӕр куы ныууазал уа, ӕмӕ йӕ дымгӕ куы ныффалгӕрон кӕна, уӕд та?..

«Дӕ фыдӕлтӕ рухсаг,

Дӕхӕдӕг мын бӕзз» — уыдон та Къостайӕн йӕхи ныхӕстӕ сты.

«Фӕрсын Къостайы», зӕгъгӕ, уыцы ӕмдзӕвгӕйы Ӕхсар зӕрдӕрисгӕйӕ зӕгъы:

«Зӕгъ-ма, Къоста хъӕр мӕрдтӕм дӕр куы хъуысы,

Уӕд мӕрдты хъӕр цӕуылнӕ хъуысы цӕрдтӕм,

Ӕви нӕ хъӕудзӕн ӕгӕсты мӕлын?»

 

Адӕймаг куы амӕлы,уӕд ӕрмӕст йӕ къодах, йӕ къуыдыр амӕлы, йӕ уд та баззайы йӕ фарны хъуыддӕгты. Ӕмӕ уыдон куы никӕйуал фӕхъӕуынц, куы никӕмӕуал фӕхъарынц, зӕрдӕриссӕн, хъыгаг, мардӕрцыд уый у. Махмӕ дӕр абон Къоста Мӕрдты бӕстӕй фӕдисхъӕргӕнӕгау хъӕр кӕны, не ‘взагыл, нӕ ирон фарны хъуыддӕгтыл уӕлӕхох кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй, фӕлӕ кӕнӕ нӕхи ницыхъусӕг скодтам, кӕнӕ та хъусгӕ ницыуал кӕнӕм. Адӕмы хъӕр нӕм нал хъуысы, адӕмы хъӕр нал ӕмбарӕм.

Сагъӕссаг хъуыдытыл бафтауы «Къостайы фӕдзӕхстытӕ. Куыд сӕ ӕххӕст кӕнӕм?», уыцы фӕдисхъӕр. Уым ӕхсар радих кодта Къостайы дӕс фӕдзӕхсты, ӕмӕ сӕ алкӕй тыххӕй дӕр бӕлвырд-ӕргомӕй дзуры:

Зӕгъӕм, ӕхсармӕ гӕсгӕ: «Дыккаг фӕдзӕхст: ирон дзырд, ирон зарӕг, ирон чиныгыл ӕнувыд уӕвын. Поэтӕн ирон ӕвзаг уыдис йӕ уд, йӕ дзӕцц, хуыдта йӕ, адӕмы иумӕ чи рамбырд кӕндзӕн, ахӕм тых, ахӕм фарн: «Иумӕ нӕ рамбырд кӕн, арфӕйы дзырд!»

Ацы хъуыддагыл Къоста фӕкуыста удуӕлдай — сӕруӕлдайӕ, йӕ хъарутӕ, йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр радта уый тыххӕй. Ӕмӕ райгуырд «арфӕйы дзырд», «фарны хъӕр» — «Ирон фӕндыр». «Ирон фӕндыр» — ирон зӕрдӕйы уидӕгты зарӕг-хъарӕг (Нигеры загъдау, «мах хъарӕгӕй зарӕм”), не ‘взаг ӕппӕтӕй тынгдӕр йӕ хуыз кӕм скалдта, уыцы фарны чиныг, нӕ абоны фӕлтӕртӕн арфӕ-фӕдзӕхст. Ацы фӕдзӕхстыл дӕр стырзӕрдӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ хуыздӕрыл гадзрахатӕй цӕуӕм».

Цард фӕндаг у, фӕндаг та балцӕн у, ӕмӕ Къостайы «Балцы зарӕг» заргӕ бӕллиццагдӕр фидӕнмӕ куыд тындзӕм, ахӕм амонд нӕ уӕд. Къостайы фарн нын нӕ къӕсӕртӕ, фидиуӕгау, хойӕд, фӕлӕ йӕ хойынмӕ нӕхи ницыхъусӕг, ницыуынӕг, ницызонӕг куыннӕ скӕнӕм, фӕлӕ йын цӕстырухсӕй, зондырухс ӕмӕ зӕрдӕйы рухсӕй нӕ дуӕрттӕ гомӕй цы дарӕм, ахӕм амонд дӕр нӕ уӕд. Уый та уӕд уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ‘ххӕст кӕнӕм, ӕмӕ Къоста «Йӕ уарзты хурӕй цы хӕдзар арӕзта», уый ӕрдӕгарӕзтӕй куы нӕ ныууадзӕм:

«О ме ‘фсымӕртӕ, цырд фӕлӕууӕм, цӕй,

О ме ‘фсымӕртӕ, равдисӕм нӕ хъазуат:

Йӕ хӕдзарӕн ӕнӕ саразгӕ нӕй,

Йӕ хӕдзар хъуамӕ ма фӕуа хӕдзаруат.

 

Къостайы бындар ма фӕуӕд ӕвӕд,

Къостайы къона мин азты цӕрӕд!

Цӕй бахсидӕм ын ахӕм рӕхыс, ахӕм,

Сӕрмӕттаг арвӕй чи ‘рыххӕсса махмӕ.

 

Нӕхицӕн, цӕй, ӕнусмӕ скӕнӕм ном:

Кӕд ацы хӕхты нал фаг кӕна дуртӕ,

Уӕд фестын кӕнӕм урс дуртӕ нӕ удтӕ,

Ӕндон къулты сӕ бавӕрӕм ӕнгом».

(«Къостайы хӕдзар»)

Чиныджы дыккаг хай «ӕнусон Васо»-йы, «Нӕ хуыздӕр», зӕгъгӕ, уым Ӕхсар йӕ мысинӕгтӕй иуы не стыр ахуыргонды тыххӕй  афтӕ фыссы:

«Васо мады гуыбынӕй рахӕсгӕ стыр курдиаты хицау кӕй уыди, тынг бирӕ кӕй зыдта, дӕрдтыл кӕй хъуыды кодта, уый мӕ уӕлдай тынгдӕр бауырныдта 1966 азы. Уӕд Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасӕн институтты фӕндӕй Дзӕуджыхъӕуы арӕзт ӕрцыди зонадон сесси (6-8 октябры). Ныхас дзы цыд ирон адӕмы равзӕрды фарстытыл. Сессимӕ ӕрбацыдысты историктӕ, археологтӕ, филологтӕ, этнографтӕ, антропологтӕ Мӕскуыйӕ, Ленинградӕй, Цхинвалӕй, Тбилисӕй, Одессӕйӕ, Ростовӕй, Стъараполӕй, Налцыккӕй, Грознайӕ, Черкесскӕй, Сухумӕй, Элистайӕ, Кишиневӕй. Уыдысты дзы нӕ республикӕйы аивадон ӕмӕ зонадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ…

Сесси цыбыр ныхасӕй байгом кодта Васо, стӕй скодта доклад «Этногенез осетин по данным языка», зӕгъгӕ, ахӕм темӕйыл. Уыди ма дзы ноджы ӕхсӕз доклады, сӕ автортӕ — Е. Крупнов, В. Кузнецов, Гаглойты Юри, Калоты Барис, М. Абдушелишвили, В. Алексеев.

Бӕлвырд фактты бындурыл ӕнцайгӕйӕ, Васо равдыста В. Кузнецовы чиныг «Алайнаг знӕмтӕ Цӕгат Кавказы” ӕмӕ Е. Крупновы «Цӕгат Кавказы  рагон истори»-йы сӕйраг хъуыдытӕ мӕнг кӕй сты, уый. Кузнецовы теоримӕ гӕсгӕ, термин «алан» хицӕн адӕммӕ нӕ хауди, фӕлӕ бирӕ адӕмыхӕттытӕм. «Я не мог не обратить внимание автора, что такое изложение истории вопроса находится в вопиющем противоречии с действительностью, — дзырдта Васо. — А между тем ничто не мешает изложить историю вопроса правдиво и объективно. Ведь история вопроса не скрыта где-то в тайниках недоступных архивов. Она зафиксирована в доступных каждому источниках  и не оставляет места для каких-либо кривотолков и искажений». Ӕмӕ профессор нымайын райдыдта, суанг рагзамантӕй фӕстӕмӕ историйы цы бирӕ ӕвдисӕнтӕ баззад, уыдон. Уый фӕстӕ нын гуырысхойаг нал уыд, алантӕ бӕлвырд адӕмы ном кӕй хастой ӕмӕ ирӕтты фыдӕлтӕ кӕй уыдысты, уый”.

Ӕмӕ ма иу скъуыддзаг ӕхсары мысинӕгтӕй: «Ирон фысджытимӕ Васо фембӕлди цалдӕр хатты, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Дзӕуджыхъӕумӕ-иу куы ссыд ӕмӕ-иу ӕй цӕдис куы хуыдта, уӕд ӕнӕрбацӕугӕ никуы фӕцис — ӕхсызгон ын уыдис немӕ ныхас кӕнын.

Уӕлдай тынгдӕр мӕ зӕрдыл лӕууы 1976 азы 2 сентябры фембӕлд. Мӕ блокноты дӕр цыдӕр фыстытӕ ссардтон уый фӕдыл. Ӕмбырды канд фысджытӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕддагон адӕм дӕр. Васомӕ радтой иу 20 фарсты. Йӕ дзуаппытӕй мӕхимӕ фӕнысан кодтон ӕрмӕст сӕйрагдӕртӕ.

Уӕддӕр Нарты кадджытӕ кӕцы адӕмы сты, чи у се сфӕлдисӕг, зӕгъгӕ, уыцы фарстӕн Васо ахӕм дзуапп радта: «Ацы азы кӕрон Мӕскуыйы уырыссаг ӕвзагмӕ тӕлмацгондӕй рацӕудзӕн Жорж Дюмезилы чиныг Нӕртон эпосы тыххӕй. Дюмезиль тынг хъӕддыхӕй зӕгъы, стӕй иу хатт нӕ, фӕлӕ бирӕ хӕттыты, Нарты кадджытӕ ирон адӕм кӕй сфӕлдыстой, уый. Францаг ахуыргондӕн ирӕттӕ ницы бавӕййынц,  хъулон уарзтӕй сӕ нӕ уарзы, мыййаг, фӕлӕ рӕстзӕрдӕ лӕг у ӕмӕ объективон хатдзӕгтӕ кӕны йӕ куыстыты. Ӕз мӕхӕдӕг афтӕ нымайын: «Эпос у, цы адӕммӕ ис, уыдоны. Ирон эпос у ирон адӕмы, кӕсгон эпос — кӕсӕджы, абхазаг эпос — абхазты ӕмӕ а.д. Фӕлӕ кадджытӕн сӕ бындур у ирон, алайнаг эпикон цикл».

Зӕрдӕйыл ӕмбӕлынц, Хъодзаты ӕхсар йӕ чиныгмӕ цы ӕмдзӕвгӕтӕ бахаста, уыдон дӕр:

«Фӕзӕгъын ӕз фыды номау ӕхцонӕй,

Нӕхи Васо, нӕ уаз хистӕр, дӕ ном.

Ды нӕм ӕрцыдтӕ Ивгъуыдӕй, Ызнонӕй,

Ӕрхастай нын ӕрвон хӕзна — нӕ Сом!»

(«Фарны лӕг»)

Абайты Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here