Уӕрӕсейы цӕрджыты сфысты райдайӕнмӕ ма баззад иу аз.
Уӕрӕсейы историйы цӕрджыты дыууадӕсӕм сфыст ацӕудзӕн ног нымӕцон хуызы. Сфыстӕххӕстгӕнджытимӕ иумӕ уыцы куысты фадат уыдзӕн анкетӕйы фарстытӕн портал «Госуслуги»-йы дзуапп раттынӕн дӕр, ивддзинӕдтӕ хаст ӕрцӕудзӕн сфысты фарстытӕм дӕр.
Ног къахдзӕф. Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфыст арӕзт ӕрцӕудзӕн федералон закъон «Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмы сфысты тыххӕй», стӕй Уӕрӕсейы Хицауады бардзырд «Цӕрджыты сфыст саразыны ӕмгъуыдты тыххӕй»-мӕ гӕсгӕ. Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфыст арӕзт цӕуы ӕппынкъаддӕр 10 азы иу хатт.
Фидӕны сфыст у цӕрджыты ӕмӕ 2019-2020 азты цӕрӕн хӕдзӕртты сфысты егъау ӕппӕтдунеон программӕйы иу хай. Иугонд Нациты Организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, цӕрджыты сфыст алыхуызты арӕзт ӕрцӕудзӕн дунейы 80 бӕстӕйы.
Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфыст амӕй размӕ арӕзт ӕрцыд 2010 азы. Уыцы азӕй фӕстӕмӕ бӕстӕйы ӕрцыд 40 милуаны бӕрц демографион цаутӕ (ноггуырдтӕ, мӕрдтӕ, къайӕдты баиутӕ ӕмӕ рахицӕнтӕ, цӕрӕнбынӕттӕ ногӕй раивыны ӕмӕ ӕндӕртӕ). 2020 азы цӕрджыты сфыст фадат ратдзӕн Уӕрӕсейы ӕхсӕнады ӕппӕт ивддзинӕдты тыххӕй базонынӕн.
Ӕмгъуыдтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ. Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфыст ӕгас бӕстӕйы дӕр ацӕудзӕн 2020 азы 31 октябрмӕ. Фидӕны цӕрджыты сфысты фылдӕр ӕргом здӕхт ӕрцӕудзӕн ног технологитӕй пайда кӕнынмӕ: бӕстӕйы цӕрджытӕн электронон хыгъды гӕххӕттытӕ паддзахадон лӕггӕдты Иугонд порталы байдзаг кӕныны фадат, паддзахадон ӕмӕ муниципалон бирӕкъабазджын центрты сфысты ацӕуыны гӕнӕн, стӕй гӕххӕттын бланкты бӕсты хыгъдӕххӕстгӕнджыты планшеттӕй спайда кӕнын.
Уыцы ногдзинӕдтӕ фӕрогдӕр кӕндзысты цӕрджыты сфысты архайджыты уавӕртӕ, стӕй сфысты бӕрӕггӕнӕнтӕ та рауайдзысты бӕлвырддӕр ӕмӕ бӕстондӕр. Росстат 2018 азы бафӕлвӕрдта уыцы ногдзинӕдтӕ ӕмӕ рауадысты тынг хорз. Фидӕн азы 1-25 октябрмӕ Интернеты портал «Госуслуги»-йы лӕггӕдтӕ «Цӕрджыты сфысты архайд»-ы бӕстӕйы алы цӕрӕгӕн дӕр йӕ бон уыдзӕн электронон анкетӕ ӕрмӕст йӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ бинонтӕн се ‘ппӕты тыххӕй дӕр байдзаг кӕнын. Уым чи архайа, уый райсдзӕн нымӕцты код, цӕрджыты сфысты кӕй архайдта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ фехъусын кӕнын хъӕудзӕн хыгъд ӕххӕстгӕнӕгӕн. Уыцы-иу рӕстӕг 4-27 октябрмӕ хыгъдӕххӕстгӕнджытӕ планшеттимӕ зилдзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ фатертыл, фӕрсдзысты, Интернеты архайын йӕ бон кӕмӕн нӕ баци, уыдоны. Сфыстӕххӕстгӕнджытыл уыдзӕн сӕрмагонд уӕлӕдарӕс, уыдзӕн сӕм паспортимӕ йӕ тыхы уӕвӕг ӕвдисӕндартӕ. Уымӕй уӕлдай, сӕ фатертӕм хыгъдӕххӕстгӕнджыты бауадзын кӕй нӕ фӕнда, уыдонӕн арӕзт ӕрцӕудзӕн цӕрджыты хыгъды сӕрмагонд хайӕдтӕ. Цӕрджыты сфысты кӕронбӕттӕны 2020 азы 28-31 октябрмӕ цӕрӕнуӕтты 10 процентыл уыдзӕн контролон ӕрзылд.
Ӕууӕнк ӕмӕ сусӕг. Цӕрджыты сфысты архайын у хӕдбар хъуыддаг. Бирӕ фӕсарӕйнаг паддзахӕдтӕй уӕлдай, Уӕрӕсейы уыцы хъуыддаджы нӕ архайыны тыххӕй ӕфхӕрд ничи цӕуы. Сфысты сыфтӕ ӕххӕстгонд цӕуынц, кӕй фӕрсой, уый ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыимӕ сӕ домд ницавӕр гӕххӕтт цӕуы, стӕй сӕ бон у кӕцыфӕнды фарстытӕн дӕр дзуапп дӕттын.
Цӕрджыты сфыст у бынтондӕр сусӕг хъуыддаг, куыст цӕуы ӕрмӕстдӕр нымӕцтимӕ, бӕлвырд адӕймӕгтӕй чи цы у, уый дзы бӕрӕггонд нӕ цӕуы.
Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфыст 2020 азы сӕйраг гӕххӕтт.
Сфысты фарстытӕ сты закъон «Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфыст»-мӕ гӕсгӕ, йӕ бланктӕ та Уӕрӕсейы Хицауады фидаргонд. Электронон ӕмӕ гӕххӕттыл фыст сфыст гӕххӕттытӕ сты хӕрзӕмхуызон. Бланктӕ мыхуыргонд цӕуынц уырыссаг ӕвзагыл, гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕлмацгонд цӕуой фӕсарӕйнаг ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмты ӕвзӕгтӕм дӕр. Зӕгъӕм, 2020 азы уыдон тӕлмацгонд ӕрцыдысты аст фӕсарӕйнаг ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмты ӕхсӕз ӕвзӕгтӕм.
Цӕрджыты сфысты гӕххӕттытӕ сты ӕртӕ хуызы. «Л»-йӕ нысангонд нымад у сӕйрагдӕлыл ӕмӕ дзы ис 23 фарсты социалон-демографион уавӕр (сылгоймаг ӕви нӕлгоймаг, кар), граждайнад, адӕмыхатт, царды уавӕрты пайда цы ӕвзӕгтӕй кӕнут ӕмӕ цы ӕвзӕгтӕ зонут, уыдон. Миграци, ахуырад, цы кусӕг дӕ ӕмӕ цы сты дӕ царды фӕрӕзтӕ.
«Л»-ы хуызы бланк байдзаг кӕнын хъӕуы, Уӕрӕсейы иудадзыг чи цӕры, уыцы алы адӕймаджы дӕр, суанг сывӕллоны онг. Цӕрджыты цӕрӕнуӕтты ӕмӕ санитарон уавӕрты тыххӕй байдзаг кӕнын хъӕуы «П»-йы хуыз, бӕстӕйы рӕстӕгмӕ чи цӕры, уыдоны бафӕрсынӕн та пайдагонд цӕудзӕн бланк «В»-йӕ. Фарстытӕм рахизыны размӕ сфыст ӕххӕстгӕнӕг бафӕрсдзӕн, хӕдзары 2020 азы 1 октябры 0 сахаты онг иудадзыг кӕнӕ рӕстӕгмӕ чи ис, уыдоны номхыгъдӕй. Фӕлӕ сфыстӕххӕстгӕнӕг ныффысдзӕн ӕрмӕстдӕр хӕдзары цӕрӕг алкӕй номыр дӕр. Номхыгъдтӕ хъӕуы уымӕн, цӕмӕй иу адӕймаг цалдӕр хатты нымад ма ӕрцӕуа.
Зӕронд фӕтк ӕмӕ ногдзинӕдтӕ:
Ӕнцондӕр анализ ӕмӕ царды ивддзинӕдтӕ куыд цӕуынц, уый тыххӕй цӕрджыты сфысты зӕронд фӕткы фарстытӕ (сылгоймаг ӕви нӕлгоймаг, райгуырды бон, граждайнад, мадӕлон ӕвзаг, адӕмыхатт ӕмӕ афтӕ дарддӕр) цӕрджыты иу сфыстӕй иннӕмӕ ивд цӕуынц. Фӕлӕ цӕрджыты сфысты гӕххӕтты хъуамӕ ӕвдыст цӕуой нырыккон информацион домӕнтӕ дӕр. Ӕмӕ бланкы хуыз «Л»-йыл 2020 азы фӕзындзӕн ногдзинӕдтӕ.
Адӕм цы куыстыл хӕст сты, уый базоныны, стӕй социалон-демографион политикӕ хуыздӕр кӕныны тыххӕй, цӕмӕй цӕрынц, уыцы фарст базонынӕн лӕвӕрд цӕуы ахӕм ӕххуысгӕнӕн фарстытӕ: «Куысты мызд», «Амалхъомады ӕфтиӕгтӕ», «Хифӕлхӕсты товартӕ уадзын». Ногдӕр хуызы уыдзысты куыстылӕуд ӕмӕ ӕгуысты фарстытӕ. Фӕллойадон миграци сбӕлвырддӕр кӕнынӕн фӕзынд фарст «Кӕцыран уыд уӕ куысты сӕйраг бынат», фӕзынд фарст раздӕры цӕрӕнбынаты тыххӕй.
Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфысты рӕстӕг сфыстӕххӕстгӕнджытӕ фӕрсдзысты, ӕрмӕст уырыссаг ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕ зоныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма уыдонӕй ӕрвылбоны царды куыд пайдагонд цӕуы, уымӕй дӕр. Закъонады ивддзинӕдтӕ кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ ногдзинӕдтӕ фӕзынд ахуырады тыххӕй фарстыты дӕр. Зӕгъӕм, ӕфтыд ӕм ӕрцыд «скъолайы агъоммӕйы ахуырад», «астӕуккаг ахуырад»-ы графа дихгонд ӕрцыд дӕлпункттыл «дӕсны кусӕг, службӕгӕнӕг» ӕмӕ «астӕуккаг специалист».
Цӕрджыты сфысты фӕрцы базонӕн ис, сӕ нымӕц, цы архайӕг сты, уый, ахуырад цы ӕмвӕзадыл ис, бӕстӕйы цавӕр адӕмыхӕттытӕ цӕры. Зӕгъӕм, объектты арӕзтад нысан кӕнгӕйӕ, ӕнӕмӕнг, нымайын хъӕуы, чи дзы цӕрдзӕн, цас дзы цӕрдзӕн, цы кары уыдзысты ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
Цӕрджыты ӕппӕтуӕрӕсеон сфысты фӕрцы бӕстӕйы цӕрджытӕн сӕ бон базонын уыдзӕн ӕрмӕст цӕрджыты бӕлвырд нымӕц ӕмӕ дзы цавӕр адӕмыхӕттытӕ цӕры, уый нӕ, фӕлӕ ма сӕ регионты, сӕ горӕттӕ, сӕ хъӕуты цы социалон-экономикон фӕзындтытӕ цӕуы, уыдон дӕр.
«Цӕгкавказстат»-ы РЦИ-Аланийы дӕлхайад














