Уӕрӕсейы Президент Владимир Путины амынддзинадмӕ гӕсгӕ автономон ӕнӕкоммерцион организаци «Россия — страна возможностей» цы конкурс аразы «Лидеры России», уый у раззагдӕр проект.
Йӕ нысан у дардмӕ уынаг, разамонӕджы ӕууӕлтӕй хайджын, куысты хъуыддӕгтӕ ӕмбарӕг разамонджытӕ раргом кӕнын, сӕ дарддӕры рӕзтӕн сын ӕххуыс кӕнын. Ацы бонты регистрацигонд цӕуынц йӕ фидӕны архайджытӕ ӕмӕ ахӕсдзӕн 27 октябрмӕ. Конкурс арӕзт цӕуы бирӕ къӕпхӕнджын мадзӕлттӕй, уыдоны фӕрцы ӕргомгонд ӕрцӕудзӕн, разамонӕджы ӕууӕлтӕй адӕймаг цӕйбӕрц хайджын у, уый.
Айразмӕйы дыууӕ азы конкурсы регистраци чи скодта, уыдоны нымӕц 426 минӕй фӕфылдӕр. Дыууӕ азмӕ бӕрзонддӕр бынӕттӕм нысангонд ӕрцыдысты Уӕрӕсейы 150 лидеры: уыдонӕй дыууӕйӕ нысангонд ӕрцыдысты губернатортӕй, цыппарӕй та федералон министрты хӕдивджытӕй.
Проект «Лидеры России»-йы архайын у алкӕй бон дӕр, 55 азы онг кӕуыл цӕуы, уыдонӕн, цыфӕнды граждайнад ӕм уӕд, тестытӕ ӕххӕст кӕныны фаг уырыссаг ӕвзаг куыд зона, стӕй йӕм разамонӕджы фӕлтӕрддзинад 5 азӕй къаддӕр куыд нӕ уа. 35 азӕй кӕстӕр чи уа, уыдонӕн разамонӕджы фӕлтӕрддзинад фаг у 2 азы. Конкурс хорз фадат дӕтты регионты лидертӕн сӕхи равдисынӕн. Бирӕтӕ афтӕ нымайынц, зӕгъгӕ, регионты зындӕр у размӕ рацӕуын, ӕмӕ дӕсны разамонджытӕн нӕй бынат сӕхи равдисынӕн. Конкурс фадат дӕтты бынӕтты хи равдисынӕн, ссарын федералон ӕмвӕзады разамонӕг, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ сахуыр уа егъау хъуыддӕгтӕ лыг кӕныныл.
Конкурсы ног сезоны йӕ архайджытӕн ӕрдӕгкӕронбӕттӕны гӕнӕн уыдзӕн регионалон хицауады минӕвӕрттӕ ӕмӕ бизнесы регионалон ӕмӕ федералон разамонджытимӕ бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнынӕн ӕмӕ бынӕтты регионты размӕ лӕууӕг нысантӕ сӕххӕст кӕнын бафӕлварынӕн.
Конкурсӕн ӕххуыс кӕнынц уӕрӕсейаг егъаудӕр компанитӕ.
Конкурс арӕзт у ахӕм къӕпхӕнтӕй:
1 къӕпхӕн: архайджыты регистраци 4-27 октябрмӕ, видеоинтервью (2019 азы 27 октябрмӕ).
2 къӕпхӕн: дистанцион къӕпхӕн (2019 азы октябр-декабр).
3 къӕпхӕн: ӕрдӕгкӕронбӕттӕнтӕ 8 федералон зылды (2020 азы январ-мартъи).
4 къӕпхӕн: кӕронбӕттӕн (2020 азы мартъи).
Конкурсы ногдзинӕдтӕ 2019-2020 азты:
Конкурсы профессионалон специализацитӕ райсдзысты ахӕм къабӕзты: «ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад», «Наукӕ», «Финанстӕ ӕмӕ технологитӕ», уый фадат ратдзӕн уыцы къабӕзтӕм ӕнтыстджын разамонджыты равзарынӕн.
Модернизацигонд ӕрцыд иумӕйаг зонындзинӕдты тесты формат. Ныр ын ис ахуыр кӕныны хуыз, ӕмӕ цӕмӕй тест ацӕуай, уый тыххӕй лӕвӕрд цӕуы ӕртӕ фӕлтӕрӕны. Нымад дзы ӕрцӕуы хуыздӕр бӕрӕггӕнӕн.
Сгуыхтӕн лӕвӕрттӕ:
Конкурсы чи фӕуӕлахиз уа, уыдонӕн зондамонджытӕ уыдзысты зындгонд паддзахадон архайджытӕ, егъау корпорацитӕ ӕмӕ бизнесы разамонджытӕ.
300 уӕлахиздзаутӕ райсдзысты фӕйнӕ милуан сомы, цы программӕ равзарой, ууыл кӕцыфӕнды уӕрӕсейаг уӕлдӕр скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй.
Уӕлахиздзауы равзардзысты Уӕрӕсейы Адӕмон Хӕдзарады Академийы Паддзахадон службӕйы ӕмӕ Уӕлдӕр скъолайы паддзахадон разамынды фӕсаууонмӕ сӕрмагонд программӕйы архайджыты.














