Физикон культурӕ ӕмӕ спорты рӕзтӕн

0
620

Октябрыхъӕуы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ног спортивон фӕзы арӕзтад. Уый сӕрмагондӕй нысангонд цӕуы ӕппӕтуӕрӕсеон комплекс «ГТО»-йы нормӕтӕ дӕттынӕн.

Ног объект арӕзт цӕуы «Физикон культурӕ ӕмӕ спорты рӕзт»-ы сӕрмагонд федералон программӕйы фӕлгӕты.

Уый тыххӕй фехъусын кодта Горӕтгӕрон районы администрацийы пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, фӕзы ныридӕгӕн ӕвӕрд ӕрцыд спортивон ифтонггӕрзты фылдӕр хай. Турниктӕ, тренажертӕ ӕмӕ иннӕ спортивон дзаумӕттӕ тагъд рӕстӕджы кусынӕввонг уыдзысты. Рагагъоммӕ бӕлвырдгонд фӕткмӕ гӕсгӕ конд цӕуынц иннӕ куыстытӕ дӕр.

Районы администрацийы минӕвар куыд радзырдта, афтӕмӕй ног фӕзы арӕзтад хъӕугӕ хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ ацы бонты районы фӕсивӕд дӕттынц «ГТО»-йы нормӕтӕ. Зӕгъӕм, ӕрӕджы сӕ физикон ӕмӕ спортивон цӕттӕдзинад ӕвдыстой районы скъолаты хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕ. Ныр ӕрыгӕттӕн хуыздӕр фадӕттӕ уыдзӕн сӕ физикон цӕттӕдзинад бӕрзонддӕр кӕнынӕн.

Зӕгъын хъӕуы, ахӕм социалон объекттӕ Алагиры, Ӕрӕфы, Ӕрыдон ӕмӕ республикӕйы иннӕ районты дӕр арӕзт кӕй цӕуынц, уый дӕр. Горӕтгӕрон районы кой куы кӕнӕм, уӕд уӕлдӕр амынд федералон программӕйы фӕлгӕты азы кӕронмӕ дыууӕ бирӕкъабазджын спортивон фӕзы арӕзт ӕрцӕудзысты Тарскӕйы ӕмӕ ӕрхонкӕйы. Уыимӕ, цалцӕггонд ӕрцӕудзӕн Тарскӕйы спортивон-дзӕбӕхгӕнӕн комплекс дӕр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here