22 октябры ӕппӕт Уӕрӕсе ӕмӕ Советон Цӕдисы раздӕры республикӕтӕ бӕрӕг кӕнынц “Урс хърихъуппыты” бӕрӕгбон. Ацы кадджын мадзал арӕзт цӕуы, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕмӕ уыйфӕстӕ цы хӕстытӕ ӕрцыд, уым карз тохы быдырты ӕдзардӕй чи баззад ӕмӕ, ӕфсымӕрон ингӕнты ныгӕд чи ‘рцыд, уыцы хӕстонты рухс нӕмттӕ мысынӕн.
Ахӕм поэтикон ном бӕрӕгбон райста зындгонд дагестайнаг поэт Расул Гамзатовы ӕмдзӕвгӕмӕ гӕсгӕ. Гамзатов йӕхӕдӕг уыд ацы бӕрӕгбон амидингӕнӕг. Расул Гамзатов ӕмӕ композитор Ян Френкель 1986 азы «Урс хърихъуппытӕн» сарӕзтой фыццаг цыртдзӕвӕн — ӕнусон зарӕг «Хърихъуппытӕ». Зарӕг сси гимн, алы хӕстыты Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау йӕ цард чи радта, уыдоны мысынӕн. 50 азы рацыд, Марк Бернес ацы зарӕг фыццаг хатт куы азарыд, уӕдӕй нырмӕ. Фӕлӕ ма йӕм абон дӕр адӕм сӕркъулӕй хъусынц. Зарӕг сси ӕдзард хӕстонты мысӕн символ.
Скульптор Санахъоты Сергей, ацы зарӕг фехъусгӕйӕ, сарӕзта скульптурӕ Гӕздӕнты авд ӕфсымӕрӕн — авд хърихъуппы фӕтӕхынц сӕ райгуырӕн къонайӕ. Сӕркъулӕй, зӕрдӕрыстӕй мад кӕсы йӕ хъӕбулты фӕстӕ.
Куыд ӕгъатыр разынди, ӕвӕдза, хӕст. Ницӕмӕ ӕрдардта сау зӕхх ныййарӕджы цӕссыгтӕ, хур ыл баталынг… Авд хъӕбулӕй иу дӕр нал сӕмбӕлд йӕ фыды уӕзӕгыл, йӕ райгуырӕн хъӕубӕстыл, йӕ уарзон Ирыстоныл.
Дзуарыхъӕуы Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры цыртдзӕвӕны раз арӕзт ӕрцыд кадджын мадзал «Урс хърихъуппыты» мысӕн бон. Уый арӕзт ӕрцыд РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министрад, Хӕлардзинады республикон хӕдзар ӕмӕ нӕ республикӕйы дагестайнаг культурон ӕхсӕнады хъӕппӕрисӕй. Кадджын бӕрӕгбоны архайдтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветерантӕ, булкъон Мамсыраты Ислам, хӕсты сывӕллон Карсанаты Владимир, Ветеранты советы денджызон ӕфсӕддонты хайады сӕргълӕууӕг Рӕмонаты Алыксандр, Афганистаны, Цӕцӕны ӕмӕ иннӕ хӕстыты архайӕг инӕлар, госпитӕлы сӕргълӕууӕг Вилли Курбанов ӕмӕ Дзуарыхъӕуы скъолайы ахуырдзаутӕ сӕ ахуыргӕнджытимӕ. Бӕрӕгбоны уазӕг ма уыд зындгонд нывгӕнӕг, архитектор, къамисӕг Саулаты Валери йӕ бинойнаг Фатимӕимӕ. Валери у «Хъырымы Ирон адӕмы конгресс»-ы сӕргълӕууӕг. Йӕ активон архайды тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд РЦИ-Аланийы кадджын хӕрзиуӕг — майдан «Ирыстоны намысӕн»-ӕй.
Бӕрӕгбон байгом кодта ӕмӕ йӕ амыдта РЦИ-Аланийы Хӕлардзинады республикон хӕдзары сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Хъайтыхъты Тамарӕ. — Абон Дзуарыхъӕуы скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ цы кадджын уазджытимӕ фембӕлдысты, уыдон хуымӕтӕджы адӕм не сты. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг булкъон Мамсыраты Исламыл иннӕ аз сӕххӕст уыдзӕн 100 азы. Нырма цалдӕр азы размӕ бӕхыл цӕрдӕг бадт. Хӕсты фӕтох кодта йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ. Хорзӕхджын ӕрцыд бирӕ паддзахадон хӕрзиуджытӕй.
Ӕгъатыр рауад йӕ хъысмӕт Карсанаты Владимирӕн. Нырма хӕрз чысыл сабитӕ уыдысты йе ‘фсымӕримӕ хӕсты рӕстӕг. Немыцаг лӕгмартӕ сӕ аластой Германмӕ. Иу концлагерӕй сӕ иннӕмӕ раппар-баппар кодтой, фӕстагмӕ сӕ польшӕйаг бинонтӕм ӕххуырсты радтой. Се ‘взаг дӕр нал хъуыды кодтой, польшӕйаг нӕмттӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд. Фӕлӕ сӕ амондӕн, хӕст куы фӕцис, уӕд 1945 азы сӕ фыд, Сырх ӕфсады командир, польшӕйаг хъӕуы йӕхӕдӕг йӕ лӕппуты ссардта ӕмӕ сӕ раласта Ирыстонмӕ. Уыцы уӕззау царды нывтӕ ныр дӕр ма арӕх ауайынц Валодяйы цӕстытыл, — йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта Тамарӕ.
РЦИ-Аланийы Хӕлардзинады республикон хӕдзары сӕргълӕууӕг Кочиты Георги арфӕ ракодта бӕрӕгбоны уазджытӕн ӕмӕ Дзуарыхъӕуы ахуырдзаутӕн:
— Нӕ абоны фембӕлд ногӕй ӕвдисӕн у уымӕн, ӕмӕ Дзуарыхъӕуы цы сабитӕ рӕзы, уыдон сӕ зӕрдыл дарынц Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕмӕ, уыйфӕстӕйы хӕстыты хъӕбатырӕй чи фӕмард, уыцы хӕстонты, мысынц сын сӕ рухс нӕмттӕ ӕмӕ сын аргъ кӕнынц. Уыдонимӕ сты Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры дӕр, — загъта уый.
Расул Гамзатовы ӕмдзӕвгӕ «Хърихъуппытӕ» азӕлыд авайраг ӕвзагыл. Бакаст ӕй Республикӕ Дагестаны сгуыхт артист Ахмед Закариев. Цымыдисаг ма у ахӕм хабар, ӕмӕ Ахмедӕн йе ‘фсымӕр Магомед, хъыгагӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы фӕмард. Магомед уыд ирон сиахс, баззад ын фондз фырты — ирон хӕрӕфырттӕ.
Ветерантӕ арфӕ ракодтой Дзуарыхъӕуы скъолайы ахуырдзаутӕн, ӕдзард хӕстонты кӕй нӕ рох кӕнынц, уый фӕдыл. Ветерантӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ уазджытимӕ Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры цыртдзӕвӕныл сӕвӕрдтой дидинджытӕ.
Бӕрӕгбоны кӕронбӕттӕны дагестайнаг культурон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ хӕсты ветеранты ӕмӕ бӕрӕгбоны уазджыты суазӕг кодтой сӕхи национ хӕрӕндоны.
Гӕбуаты Галинӕ














