Фӕндӕгтӕ ӕвдисынц экономикӕйы уавӕр

0
284
????????????????????????????????????

Парахат, лӕгъз, ӕдас фӕндӕгтӕ цы хъӕу, цы ран, цы бынатмӕ хоной, уым хъуыддӕгтӕ дӕр ӕнцондӕрӕй конд цӕуынц. Фӕндаг — цард, размӕ змӕлд у, зӕгъгӕ, дзӕгъӕлы нӕ баззад ныхасӕн. Цӕгат Ирыстоны Фӕндӕгты хӕдзарады комитет цы фӕндӕгтӕн лӕггад кӕны, уыдоны дӕргъ у 1007,218 километры, регионалон нысаниуӕджы фӕндӕгтӕ ахсынц 784,885 километры, муниципалон фӕндӕгтӕ — 222,33 километры. Фӕстаг ӕртӕ азы къабазы архайд зынгӕ фӕхъомысджындӕр. Домӕнты аккаг чи нӕ уыд, уыцы регионалон ӕмӕ муниципалитетты ‘хсӕн фӕндӕгты бӕрц 1,4 проценты къаддӕр фӕцис.

Ӕрӕджы Хицауады ӕмбырды Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты куысты 8 мӕйы бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй раныхас кодта йӕ разамонӕг Солиты Тариэл. Фӕндӕгты фонды иумӕйаг бӕрц 2019 азы у 3111,6 милуан сомы. Солийы-фырт куыд бафиппайдта, афтӕмӕй, азы райдайӕнӕй фӕндӕгтӕ цалцӕг кӕнынӕй, дарынӕй уӕлдай ма куыстытӕ цӕуынц, Цӕгат Ирыстоны дарддӕры социалон-экономикон рӕзтӕн чи фӕахъаз уыдзӕн, ахӕм цалдӕр стыр объектыл. Фӕндӕгты фонд фидаргонд цӕуы цалдӕр финансон гуырӕнтӕй: нефты продуктты акцизтӕй, транспортон хъалон, фӕндаггон змӕлды уагӕвӕрд фехалыны ивартӕ, ӕндӕр ӕфтиӕгтӕй. Федералон центрӕй ацы аз, бюджетты ‘хсӕн трансферттӕ Цӕгат Ирыстонӕн радих кодтой 1423 милуан сомы. Уыдон лӕвӕрд сты фӕндӕгтӕ аразынӕн, бындуронӕй цалцӕг кӕнынӕн, фӕндӕгтыл ӕдасӕй цӕуынӕн ахъазгӕнӕг ифтонггӕрзтӕн. Ӕппӕт уыцы нысантӕ бӕрӕггонд ӕрцыдысты регионалон программӕты, зӕгъӕм, фӕндаг «Дзӕуджыхъӕу-ӕрыдон-Цыкола-Лескен-2»-йы 77-ӕм километры цы хид ис, уый дӕр бындуронӕй уыцы ӕхцайӕ рацарӕзтой. Рӕхджы йӕ байгом кӕндзысты.

Ӕдӕппӕтӕй объектӕн радих кодтой 566,750 милуан сомы, уыдонӕй 2018 азы куыстгонд ӕрцыд 222,250 милуан сомы, кӕронмӕ йӕ 2019 азы срӕвдз кӕнынӕн — 344,500 милуан сомы. Бирӕ азтӕ ӕнхъӕл кӕмӕн нал уыдыстӕм, ахӕм хъомысджын проект царды ӕххӕст кӕнынмӕ бавнӕлдтой фӕндӕгтӕ аразджытӕ. Мӕздӕджы район зынгӕ фӕхӕстӕгдӕр уыдзӕн Дзӕуджыхъӕумӕ, республикӕйы дӕрддзӕф районмӕ кӕйдӕр зӕххытыл нал цӕудзыстӕм. Йӕ дӕргъ уыдзӕн 60 километры бӕрц, хъуамӕ сцӕттӕ уа 2020 азы кӕрон. Проекты аргъ у 2165,8 милуан сомы. Ацы аз дзы хъуамӕ куыстытыл схардз кӕной 344,500 милуан сомы.

Стыр ахадындзинад ис, хъӕутӕ ӕмӕ горӕтты мидӕг, регионалон ӕмӕ муниципалон фӕндӕгтӕ автотранспортӕй равдӕлон кӕнынӕн. Ахӕм куырдиӕттӕ, домӕнтӕ арӕх сӕвӕрынц цӕрджытӕ. Ацы аз бавнӕлдтой Мичурины хъӕуы фӕрсты цӕуӕг фӕндаджы арӕзтадмӕ. Уыдзӕн фыццаг техникон къӕпхӕны, цыппар тӕлмимӕ фӕндаг, арӕзтад кӕронмӕ ахӕццӕ уыдзӕн 2021 азы. Ацы азы куыстытӕн радих кодтой 200 милуан сомы. Бирӕ нысантӕ баст сты «Мамысон»-мӕ комкоммӕ фӕндаджы арӕзтад кӕронмӕ сӕххӕст кӕнынимӕ. Фӕндаг хаст   у «ӕрдӕгарӕзт объект»-тӕм, ныртӕккӕ йӕ проектон-хӕрдзты документаци цӕуы нывылгонд.

Зӕрӕмӕджы гидроэлектростанцӕты егъау донмарӕны фӕрсты цы автомобилон фӕндаг-тъунел аразынц, уый у «Мамысон»-мӕ фӕндаджы иу хай. Афтӕ — «Транскам»-ӕй Дӕллаг Зӕрӕмӕджы онг фӕндаджы хайы арӕзтад дӕр. Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты сӕрдар Солиты Тариэл хицӕнӕй фӕбӕрӕг кодта, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ районты администрацитимӕ Фӕндӕгты фондӕй бынӕттон нысаниуӕджы фӕндӕгтӕн ӕхца радих кӕныны тыххӕй цы бадзырдтӕ бафыстӕуыд, уыдон. Ӕдӕппӕт Фондӕй муниципалон районтӕн радих кодтой 376,8 милуан сомы, уыдонӕй 185 милуан сомы — Дзӕуджыхъӕуӕн. Раздӕр азты ӕххӕстгонд куыстытӕн афойнадыл нӕ бафыстой 133,2 милуан сомы. Ныр ӕхца сӕмбӕлдысты аразджытыл, 2019 азы 1 октябрмӕ Фӕндӕгты хӕдзарады комитет капекк дӕр никӕмӕй дары.

Национ проект «ӕдас ӕмӕ хӕрзхъӕд автомобилон фӕндӕгтӕ» царды рауадзыны нысанимӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы разамынд бацӕттӕ кодта цалдӕр республикон проекты. Цыдӕриддӕр сын документтӕ ӕмбӕлы, уыдон сты рӕвдз, бӕрӕг у, цас ӕхца сын бахъӕудзӕн, уый, сӕ сӕххӕст кӕныны ӕмгъуыдтӕ. Проект «Фӕндӕгты хыз»-ӕн 2019 азы лӕвӕрд ӕрцыд 732,2 милуан сомы, уыдонӕй 537,5 милуан сомы — федералон бюджетӕй. Ацы аз Дзӕуджыхъӕуы уынгты — фӕндӕгты хызы объекттӕй хъуамӕ цалцӕггонд ӕрцӕуа 26,4 километры 515,6 милуан сомӕй. Куыстытӕн ӕххӕстгонд ӕрцыд сӕ 53,7 проценты.

Алы хицӕн районы дӕр бӕрӕг сты цалцӕггӕнинаг, зилинаг объекттӕ. Зӕгъӕм, Горӕтгӕрон ӕмӕ Рахизфарсы районты куыстытӕ кӕнынц 39 объектыл, нысангонд хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдысты. Хъӕуккаг районты ӕхсӕнадон ахадындзинадимӕ куыстуӕттӕм, хомаг куыстгӕнӕг заводтӕ ӕмӕ цехтӕм, фермӕтӕм фӕндӕгтӕм базылдысты, кӕм хъӕуы, уым сӕ бындуронӕй рацараздзысты. Зӕгъӕм, куыстуӕттӕ «ӕрыдон», «Аннушка»-мӕ фӕндӕгтӕ. Ацы аз Фӕндӕгты фонды ӕхцайӕ сцалцӕг кодтой регионалон ӕмӕ муниципалитетты ‘хсӕн фӕндӕгты цыппар хайы. Сӕ иумӕйаг дӕргъ у 13 километры, бахъуыд сын 112,4 милуан сомы. Бирӕ нал баззад фӕндӕгтӕ Стъарапол-Прохладный-Мӕздӕг-Хъызлар-Крайновкӕ, Хъӕдгӕрон-Бирӕгъзӕнг, Дзуарыхъӕу-Фыййагдон-Хилакъы цы арӕзтадон куыстытӕ цӕуы, уыдонӕй дӕр. Ӕдӕппӕтӕй сын радих кодтой 33,6 милуан сомы.

Регионалон ӕмӕ муниципалитетты ‘хсӕн фӕндӕгтӕм ӕппынӕдзухдӕр каст цӕуы. Ацы азмӕ нысангонд куыстытӕн ныридӕгӕн сӕ 72,1 проценты ӕххӕстгонд ӕрцыдысты, схардз сыл кодтой 348,5 милуан сомы. Фӕндӕгты ацы хуызты 160 мин километры ма дзыхъхъытӕ дӕр слӕгъз кӕныныл схардз кодтой 136,8 милуан сомы. Солиты Тариэл йӕ раныхасы куыд бафиппайдта, афтӕмӕй стыр ӕргом здахынц, фӕндаггон змӕлды ӕдасдзинадимӕ, фӕндӕгтӕ бахъахъхъӕнынимӕ баст мадзӕлттӕм. Уый у бирӕвӕрсыг архайд, ӕмӕ йӕм Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты, куыстытӕ ӕххӕстгӕнджытӕ ӕвдисынц бӕрнондзинад. Комитет кӕны фӕндӕгтимӕ баст закъонӕвӕрынадон, барадон куыст дӕр…

Фӕндӕгты уавӕр банывыл кӕныны хъуыддаг домы ӕппынӕдзух, ӕнӕрынцой куыст. Иу хатт базил фӕндӕгтӕм ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй сбад, ахӕм фӕткӕн бынат нӕй. Бонӕй-бонмӕ, азӕй-азмӕ фӕндӕгты уавӕр хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй кӕны, уымӕн нӕхӕдӕг систӕм ӕвдисӕн.

Ӕхсараты Розӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here