Нӕ размӕ ӕвӕрӕм бӕрнон хӕстӕ

0
332

«Хъӕууон хӕдзарадмӕ фылдӕр ӕргом здахын райдыдтой ӕмӕ уый фӕзынд иумӕйаг уавӕрыл», — загъта РЦИ-Аланийы хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министры хӕдивӕг Къусраты Алан газеты уацхӕссӕгимӕ фембӕлды рӕстӕг.

— Хъӕууонхӕдзарадон продукци уадзынӕн цавӕр паддзахадон ӕххуысы мадзӕлттӕ ис?

— Цӕмӕй хъӕууон хӕдзарад фӕхъомысджындӕр уа, цӕмӕй нӕ базарты нӕхимӕ уагъд продукци уӕй кӕной ӕмӕ нӕ республикӕйы цӕрджыты ӕхца ӕндӕр регионты рӕзты ма ӕвӕрӕм, уый тыххӕй фадӕттӕ скӕныныл архайӕм, агурӕм разӕнгардгӕнӕн мадзӕлттӕ.

Хъӕуты социалон-экономикон райрӕзтӕн, уӕлӕмхасӕн куысты бынӕттӕ раттынӕн ахъаз сты чысыл амалхъомады хӕдзарӕдтӕ. Сӕ райрӕзтӕн 2012 азӕй  абоны онг кусынц паддзахадон программӕтӕ. 2019 азы республикӕйы бюджеты ӕвӕрд ӕрцыд 166 698 мин сомы, уыдонӕй  142 474 мин сомы радих кодта федералон  бюджет.

Расидтыстӕм конкурс, сӕрмагонд къамис равзӕрста, ӕппӕт домӕнтӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, фермерон куысты фыццаг къахдзӕфтӕ чи кӕны, ахӕм 12 хӕдзарады райрӕзтӕн радих кодтам 21 милуан сомы.

— Ӕмӕ уыдон цавӕр домӕнтӕ сты?

— Фыццаджыдӕр, хӕдзарад хъуамӕ ӕрбынат уа хъӕуы, ноджы хуыздӕр та, хӕхбӕсты уавӕрты чи кусдзӕн ӕмӕ ӕхсыры продуктты куыст чи кӕндзӕн, уыдонӕн. Цы бизнес-пълантӕ балӕвӕрдтой къамисмӕ, уыдонмӕ гӕсгӕ сӕм уыдзӕн 173  стуры, 190 мыдыбындзыты чыргъӕдтӕ, сараздзысты, 335 квадратон метры кӕм уыдзӕн, ахӕм хъӕрмуӕттӕ. Ӕнӕмӕнг домӕн у,  ӕхсыр ӕмӕ родтӕ чи дӕтта, ахӕм хӕрзмыггаг фос.  Балхӕдтой  уал 115 стуры,  афӕдзы кӕронмӕ иннӕты дӕр самал кӕндзысты.

«Бинонты фосдарӕн фермӕты райрӕзт» — ацы проектӕн паддзахадон ӕххуыс ныридӕгӕн райстой 13 хӕдзарады. Уӕлӕмхасӕн ӕххуысы хуызы сын радих кодтам 144,5 мин сомы.

Конкурсы домӕнтӕм гӕсгӕ фермерон хӕдзарадмӕ хъуамӕ сӕхи фӕрӕзтӕ дӕр  уа. Афтӕмӕй сӕ размӕ ӕвӕрд ис нысан — балхӕнын 1390  стуры, 95 мин карчы, 1793  фысы. Афӕдзы кӕронмӕ хъуамӕ иууылдӕр ӕлхӕд ӕрцӕуой.

— Уымӕй уӕлдай ма уӕм цавӕр ногдзинӕдтӕ ис?

— Республикӕйы Сӕргълӕууӕг стыр домӕнтӕ ӕвӕры нӕ размӕ. Зӕгъӕм, ацы аз йӕ хъӕппӕрисӕй бакуыстам  ног проектыл. Уымӕ гӕсгӕ хорз фадат фӕзынд, хъӕуы чи цӕры ӕмӕ хъӕрмуат саразынӕн  зӕххы хай кӕмӕ ис, халсарты куыст кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Къамисы уӕнгтӕ цыдысты бынӕттӕм, уавӕртӕ сӕхи цӕстӕй фенынмӕ, хатдзӕгтӕ скӕнгӕйӕ, 17 адӕймаджы систы конкурсы уӕлахиздзаутӕ. Алкӕмӕн дӕр дзы хъӕрмуат саразынӕн ратдзысты грант 900 мин сомы, ӕппӕт хъӕугӕ конструкцитӕ, ӕмбӕрзӕн пленкӕ, тӕвдгӕнӕн аг балхӕнынӕн. Ӕппӕты егъаудӕр грант «Агростартап» у национ проекты бындурыл арӕзт, кусдзӕн регионалон проект дӕр. 180 милуан сомы радих кӕндзысты ацы проектӕн, иу адӕймагӕн ӕппӕты фылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕртӕ милуан сомы. Хъӕууон хӕдзарады кусджытӕй 84 адӕймаджы балӕвӕрдтой сӕ гӕххӕттытӕ конкурсмӕ. Ныфс нӕ ис, ацы куыстуӕтты фӕрцы республикӕйы  фосы нымӕцыл зынгӕ кӕй бафтдзӕн, хъӕрмуаты куыст кӕй рапарахат уыдзӕн, кӕсаджы  куыст кӕй фӕхъомысджындӕр уыдзӕн, уымӕй. Дзидзайы ӕмӕ ӕхсыры куыст чи кӕндзӕн, уыдонмӕ фылдӕр ӕргом аздахдзыстӕм. Ӕппӕт программӕтӕн дӕр ӕхца лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн  афӕдзы кӕронмӕ.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here