Фӕуӕлахиз сты

0
452

Грознайы ивгъуыд къуыри уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цыдысты Цӕцӕны Республикӕйы фыццаг президент Ахмад Кадыровы номарӕн дунеон турниры ерыстӕ.

Ирыстоны богӕлттӕн турниры бантыст фараст хӕрзиуӕджы рамбулын.

Сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой Хуыбежты Кахабер (79 кг онг уӕзы) ӕмӕ Гӕззаты Батрадз (125 кг онг уӕзы).

Ӕвзист майдантӕй хорзӕхджын систы Рӕмонты Сослан (70 кг онг уӕзы) ӕмӕ Рубайты Георги (92 кг онг уӕзы).

Бронзӕ майдантӕ райстой 3-аг бынатмӕ рацӕуджытӕ: Гогаты Алан (70 кг), Зассеты Алан (74 кг), Нартыхъты Радик (92 кг), Хуыгаты Хох (92 кг) ӕмӕ Хуыгаты Алан (125).

Турниры уӕлахиздзаутӕ систы: 57 кг — Муслим Садулаев, 61 кг — Зелимхан Абакаров, 65 кг — Ахмед Чакаев, 70 кг — Расул Арсаналиев, 74 кг — Магомед Газимагомедов, 79 кг — Хуыбежты Кахабер, 86 кг — Муслим Дадаев, 92 кг — Анзор Уришев, 97 кг — Алихан Жабраилов, 125 кг — Гӕззаты Батрадз.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here