Чи хуыздӕр зоны мадӕлон ӕвзаг?

0
276

Цӕгат Ирыстоны скъолаты райдыдта ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ олимпиадӕ.

Уый арӕзт у ӕртӕ къӕпхӕнӕй: фыццаг уыдзӕн скъолаты, стӕй — районты ‘хсӕн, уый фӕстӕ уыдзӕн республикон олимпиадӕ. Скъолаты ‘хсӕн олимпиадӕйы архайынц     5-11-ӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ, районты ‘хсӕн ӕмӕ республикон олимпиадӕты та — 7-11-ӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ.

— Олимпиадӕйы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыдзӕн, уыдон ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ сыл бакуыстой Цӕгат Ирыстоны Ахуырады кусджыты зонындзинӕдтӕ бӕрзонддӕр кӕныны республикон институты минӕвӕрттӕ, — загъта институты национ ахуырады хайады хицау Нӕкуысаты Иринӕ.

Хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн ахуырдзаутӕн лӕвӕрд цӕуы 1-2 сахаты. Скъолаты ‘хсӕн ӕмӕ районты ‘хсӕн олимпиадӕты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ рацӕудзысты кӕронбӕттӕнмӕ. Уый уыдзӕн 2020 азы райдайӕны.

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ олимпиадӕйы сӕйраг нысан ӕмӕ йӕ хӕс у, скъоладзаумӕ цы сфӕлдыстадон гӕнӕнтӕ ӕмӕ миниуджытӕ ис, уыдон ын ӕргом кӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕр рӕзын кӕнын, наукон-иртасӕн архайдмӕ сӕ кӕнын цымыдис, курдиатджын сывӕллӕттӕн уавӕртӕ аразын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын ӕмӕ ахуырдзауты ‘хсӕн наукон зонындзинӕдтӕ парахат кӕнын.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here