Къостайы номарӕн изӕр — Уӕрӕсейы Стыр театры

0
271

Нӕ цытджын поэт Хетӕгкаты Къостайы номарӕн изӕр 28 октябры уыд Мӕскуыйы, Уӕрӕсейы Стыр театры. Азы дӕргъы цыдысты нӕ генион поэты райгуырды 160 азы кадӕн дзыллон мадзӕлттӕ, куыд Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры, афтӕ бирӕ уӕрӕсейаг регионты дӕр. Къуырисӕры Мӕскуыйы цы стыр концерт уыд, уый дӕр ма иу ӕвдисӕн у, Хетӕджы-фырты ӕвидигӕ сфӕлдыстады хъомыс рӕстӕджы цыдимӕ къаддӕр кӕй нӕ кӕны, уымӕн.

Уӕрӕсейы Стыр театры залы уыцы изӕр ӕрбамбырд сты Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы культурӕйы зындгонд архайджытӕ, хицаудзинады оргӕнты бӕрнон кусджытӕ, ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадыл ӕнувыд чи у, уыдонӕй бирӕтӕ.

Кадджын изӕры архайджытӕн арфӕйы ныхас загъта УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Ольгӕ Голодец. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы культурӕ бирӕнацион ӕмӕ бирӕкъабазджын у, йӕ зындгонд архайджытӕй алчидӕр арф фӕд ныууагъта нӕ бӕстӕйы историйы. Уыцы стыр лӕгтӕй иу уыд Хетӕгкаты Къоста. Ӕмӕ поэты юбилейы кадӕн бӕрӕгбон Уӕрӕсейы Стыр театры кӕй уыд, уый ма иу хатт ирдӕй ӕвдисы, уӕрӕсейаг культурӕйӕн Къостайы сфӕлдыстад ахсджиаг кӕй у, уый.

— Хетӕгкаты Къоста уыд культурӕйы стыр архайӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг. Ирыстон кӕддӕриддӕр хъӕздыг уыд курдиатджын адӕмӕй — уыдонӕй абон бирӕтӕ кусынц хореографийы, театралон аивады, спорты ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Республикӕйӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы фӕрныг цард! — фӕбӕрӕг кодта Ольгӕ Голодец.

Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сергей Чеботарев йӕ раныхасы куыд бафиппайдта, афтӕмӕй стыр ирон поэты номӕн кад кӕнынц ӕрмӕст йӕ райгуырӕн республикӕйы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр регионтӕ ӕмӕ бӕстӕты дӕр.

— Къоста аккаг бынат бацахста Уӕрӕсейы стыр классикты номхыгъды, йӕ курдиатӕй зынгӕ фӕхъӕздыгдӕр кодта уӕрӕсейаг культурӕ, — загъта Сергей Чеботарев.

Бӕстӕйы удварн цас фӕхъомысджындӕр кодта, литературӕмӕ цы стыр хуынтӕ бахаста, уый тыххӕй йӕ доклады бӕстон радзырдта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Республикӕйы разамонӕг сӕрмагондӕй арфӕ ракодта УФ-йы Хицауады уӕнгтӕн, поэты юбилейы кадӕн мадзӕлттӕ федералон ӕмвӕзадыл саразыны хъӕппӕрисы фарс кӕй рахӕцыдысты, уый тыххӕй.

— Алкӕцы адӕмыхатмӕ дӕр ис, уӕлдай сӕрбӕрзонд кӕмӕй вӕййынц, ахӕм лӕгтӕ. Уыцы адӕмы кад цӕры фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, сӕ нӕмттӕ ӕнусон свӕййынц. Ирон адӕмӕн, стӕй, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, бирӕнацион Цӕгат Кавказ ӕмӕ Уӕрӕсейӕн дӕр сси зындгонд поэт, нывгӕнӕг, рухстауӕг ӕмӕ рӕстдзинадыл тохгӕнӕг Хетӕгкаты Къоста. Ӕз зӕрдиаг арфӕ кӕнын, Къостайы райгуырды 160 азы кадӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд ӕмӕ нын нӕ циныл чи бацин кодта, ӕппӕт уыцы адӕмӕн, — фӕбӕрӕг кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг.

Битарты Вячеславы ныхасмӕ гӕсгӕ, поэты кадӕн мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыдысты ӕрмӕст Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Стъараполы крайы, Хъӕрӕсе-Черкесийы, Бетъырбухы, стӕй бирӕ ӕндӕр уӕрӕсейаг горӕтты.

Уый фӕстӕ уыд стыр концерт. Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ уыцы изӕр бакастысты зындгонд артисттӕ Людмилӕ Чурсина, Юрий Шлыков, Аристарх Ливанов, Александр Михайлов ӕмӕ иннӕтӕ.

Уӕрӕсейы Стыр симфонион оркестр та ацагъта композитор Хаханты Дудары уацмыстӕй скъуыддзӕгтӕ.

Кадджын изӕры архайджытӕ систы композитор Махъоты Ацӕмӕз, оперон зарӕггӕнджытӕ Дулаты Дзамболат, Цхуырбаты Верӕ, Инарӕ Козловская, дирижертӕ Тедеты Хетӕг ӕмӕ Муриты Данӕ, адӕмон кӕфтыты ансамблтӕ «Алан» ӕмӕ «Чысыл джигит»-ы артисттӕ, стӕй аивӕдты иннӕ архайджытӕ.

Къостайы номарӕн изӕры автор ӕмӕ режиссер уыд Уӕрӕсейы аивӕдты сгуыхт архайӕг Сӕлбиты Аким.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы пресс-службӕйы ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here