«Мӕсгуытыл ӕртытӕ»

0
290

Мӕхъӕлон-ирон быцӕуыл 27 азы кӕй сӕххӕст, уымӕ гӕсгӕ Цӕгат Ирыстоны арӕзт ӕрцыд  акци «Мӕсгуытыл ӕртытӕ». Акцийы рӕстӕг сигналон ӕртытӕ бандзарынц 1992 азы  быцӕуы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссарынӕн.

Нӕ рагфыдӕлтӕм уыд хабӕрттӕ  афтӕ хъусын кӕныны ӕгъдау. Уый фӕрцы адӕмӕн уыд хохы цыбыр рӕстӕгмӕ хабар базоныны ӕмӕ бахъуаджы заман  ӕфсад ӕрӕмбырд кӕныны фадат. Урс фӕздӕг амыдта хорз хабар, сау та  уыд фӕдисы ӕвдисӕн.

Ныры ӕртытӕ нымад сты номарӕны ӕмӕ ныфсы бӕрӕггӕнӕнтыл. Фӕсивӕды фӕндонӕй акци фыццаг хатт сарӕзтой 2013 азы.

Акцийы архайджыты ‘хсӕн уыдысты Цӕгат Ирыстоны Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Джусойты Руслан ӕмӕ Национ музейы генералон директор Цогойты Батрадз.

— Ацы акци ӕрвылаз саразӕм 1992 азы, фӕззӕджы, нӕ республикӕйы чи фӕмард, уыцы хъахъхъӕнджыты рухс нӕмттӕ ссарынӕн. Цӕмӕй ахӕм фыдбылызтӕ мауал ӕрцӕуа, уый тыххӕй фӕсивӕды хӕс у уыцы ӕвирхъау бонтӕ ма рох кӕнын, — акцийы архайджыты раз ныхас кӕнгӕйӕ, загъта Джусойы-фырт.

Акцийы архайджытӕ адих сты 4 къордыл. Ӕртытӕ ссыгъдысты Дӕргъӕвсы, Куырттаты, Уӕлладжыры ӕмӕ Цъӕйы кӕмтты.

Дзыллон мадзалы архайдтой Фӕсивӕды ӕфсӕддон-патриотон хъомыладон центры ӕмӕ Фӕсивӕды хъуыддӕгты  комитеты кусджытӕ, стӕй Спорты национ хуызтӕ ӕмӕ Культурӕйы федерацийы уӕнгтӕ.

Цӕгат Ирыстоны Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты ӕххуысӕй акци сарӕзта Фӕсивӕды ӕфсӕддон-патриотон хъомылады центр.

РЦИ-Аланийы Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here