Бирӕкъабазджын центрты лӕггӕдтӕ

0
382

Фарон бирӕкъабазджын центрты 11 филиалы Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕн бакодтой 10,8 мин паддзахадон лӕггадӕй фылдӕр. Куырдиӕттӕ чи балӕвӕрдта, уыдонӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ацы центртӕ байгом кодтой 211 рудзынджы.

Бирӕкъабазджын центртӕ кӕй кӕнынц, уыцы «пенсион» лӕггӕдты нымӕцыл иудадзыг ӕфты. Ныртӕккӕ республикӕйы бирӕкъабазджын центртӕ ӕппӕтӕй арӕхдӕр бакӕнынц мӕнӕ ахӕм лӕггӕдтӕ:

— сӕвӕрынц фӕдзӕхстадон, ӕмбырдгӕнӕн ӕмӕ паддзахадон пенсион ӕфсисады пенситӕ;

— бафидынц фӕдзӕхстадон, ӕмбырдгӕнӕн ӕмӕ паддзахадон пенсион ӕфсисады пенситӕ;

— пенсимӕ федералон социалон уӕлӕфтуан сӕвӕрынц;

— ныййарӕджы капиталы паддзахадон сертификат раттынц;

— ныййарӕджы капиталы фӕрӕзтӕй пайдакӕнынады тыххӕй куырдиатыл ӕрныхас кӕнынц;

— къорд социалон лӕггады хуызӕн паддзахадон социалон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй адӕмӕн фехъусын кӕнынц;

— пенсийы (ӕндӕр фиддонты) бӕрцы тыххӕй гӕххӕттыл фыст бӕрӕггӕнӕнтӕ адӕмӕн дӕттынц ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Бирӕкъабазджын центртӕ кӕй кӕнынц, Пенсион фонды ӕппӕт уыцы лӕггӕдты номхыгъд бакӕсӕн ис Уӕрӕсейы Пенсион фонды сайты (www.pfrf.ru.)

Дзӕуджыхъӕуы бирӕкъабазджын центрты адристӕ сты мӕнӕ ахӕмтӕ: Къостайы проспект, 15, Мичурины уынг, 67 ӕмӕ Цоколайы-фырты уынг, 5.

Кънаттаты Маринӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here