Беслӕны 1-ӕм скъолайы 14-аздзыд ахуырдзау Ася Шумилина ӕдасдзинады федералон службӕйы сӕрмагонд ӕфсӕдты хъӕбатырты номыл кӕй скодта, уыцы ныв «Наш Георгий» ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Слава России»-йы бацахста дыккаг бынат.
Ахуырдзау скодта ӕфсӕддон-интернационалист Калоты Георгийы ныв, канд уый нӕ, фӕлӕ ма йын йӕ царды ӕмӕ йе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй дӕр ныффыста зӕрдӕмӕхъаргӕ радзырд. «ӕппӕт Цӕгат Ирыстон дӕр кӕй зыдта ӕмӕ уарзта, фӕнды мӕ радзурын уыцы таурӕгъон адӕймаджы тыххӕй», — афтӕ райдыдта йӕ радзырд.
Калоты Израилы фырт Георги райгуырд 1965 азы 5 мартъийы. 18-аздзыдӕй ссис взводы командир. 1983-1985 азты службӕ кодта Афганистанмӕ ‘рвыст 70-ӕм гвардион бригады, уыди фистӕгӕфсӕддон ротӕйы командир. 1984 азы декабры уӕззау цӕф фӕци, ӕнӕ къахӕй баззад, фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр Георги регионалон хӕстыты ветерантӕн ӕххуыс кодта, фӕсивӕды патриотон хъомылады архайдта.
Цалдӕр азы уӕззау низимӕ фӕтох кодта, стӕй 2017 азы 27 июны амард.














