Ӕхсызгон хабар нӕм ӕрыхъуыст Бетъырбухӕй. Уым рог атлетикӕйӕ цыдысты Уӕрӕсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕ фӕсивӕды (23 азы онг) ‘хсӕн.
Ирыстонӕй дзы, цы цалдӕр спортсмены архайдта, уыдонӕй фесгуыхт нӕ республикӕйы Олимпиаг фӕстауӕрцы спортивон скъолайы директор, Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Владимир Куликовы хъомылгӕнинаг Лион Петросян. Дӕргъмӕ, ӕртывӕр хуызӕй гӕпп кӕнынӕй, Лион йӕ хуыздӕр фӕлварӕны равдыста 15 метры ӕмӕ 96 сантиметры. Уый бӕрц йӕ ныхмӕлӕуджытӕй агӕпп кӕнын никӕмӕн бантыст, ӕмӕ Лион бацахста 1-аг бынат. Нӕ сӕрӕн лӕппу ацы бӕрӕггӕнӕнӕй сӕвӕрдта Цӕгат Ирыстоны ног рекорд ӕмӕ сӕххӕст кодта Уӕрӕсейы спорты мастеры домӕн.
Владимир Куликов куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ 21-аздзыд хъомылгӕнинагӕн йӕ авналӕнтӕ гыццыл не сты, ӕмӕ йын ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ куы уа, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм ноджы стырдӕр сгуыхтдзинӕдтӕ равдисынмӕ.
Баскаты Уырызмӕг














