Республикӕйы зынаргъ цӕрджытӕ!

0
270

Адӕм бирӕгӕйттӕй кӕм вӕййынц, ахӕм бынӕтты ӕххӕст кӕнын хъӕуы ӕдасдзинады антитеррористон мадзӕлттӕ. Къӕрцхъус ӕмӕ цырддзаст ут. Ӕнахъом сывӕллӕтты уадзӕн нӕй ӕвӕгӕсӕгӕй. Автотранспорт ӕвӕрын хъӕуы сӕрмагонд нысангонд бынӕтты.

Ма бауадзут, уӕ алыварс адӕмӕн тӕссагдзинад чи сараза, ахӕм архайдтытӕ. Ӕххӕст кӕнут барадхъахъхъӕнӕг кусджыты ӕмӕ, кӕм уат, уыцы объекты уагӕвӕрдмӕ цӕстдарӕг бӕрнон адӕймӕгты домӕнтӕ. Уӕ зӕрдыл дарут, граждӕнтӕ бирӕгӕйттӕй кӕм уой, уырдӕм хӕссӕн нӕй зынгӕй тӕссаг, рӕмудзӕн, маргджын, тӕфгӕнаг буаргъӕдтӕ, пиротехникон дзаумӕттӕ, рӕхойӕн ӕмӕ лыггӕнӕн предметтӕ, стыр тыхдӕттӕ ӕмӕ хызынтӕ.

Уадзӕн уагӕвӕрд ӕххӕст кӕнут алыхуызон объекттӕ ӕмӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕм бацӕуӕнтӕ ӕмӕ рацӕуӕнты. Иугӕр дызӕрдыггаг предмет федтат, уӕд ӕм ма ӕвналут, ма йӕ гом кӕнут, стӕй йӕ ӕндӕр ранмӕ дӕр хӕссӕн нӕй. Ацы цау ӕнӕсбӕрӕггӕнгӕйӕ ма ныууадзут! Бацархайут, кӕй у, уый базоныныл кӕнӕ йӕ чи ныууагъта, уый сбӕрӕг кӕныныл.

Уе ‘ргом аздахут, ӕвӕгӕсӕгӕй кӕй ныууагъдӕуыд, ахӕм автотранспортмӕ ӕндӕр регионты номыртимӕ. Ӕппӕт дызӕрдыггаг цауты тыххӕй дӕр телефонтӕй хъусын кӕнут барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕн кӕнӕ радгӕс службӕтӕн. Уӕ зӕрдыл дарут! Уӕ къӕрцхъусдзинад ӕмӕ уӕ граждайнаг архайд стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн уӕззау фыдракӕнд не ‘руадзынӕн!

Телефонтӕ: Уӕрӕсейы ӕдасдзинады федералон службӕйы РЦИ-Аланийы управлени: 59-73-11; Мидхъуыддӕгты министрады РЦИ-Аланийы управлени: 59-46-00 (радгӕс хайад); 59-46-99 (ӕууӕнчы телефон); Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитеты РЦИ-Аланийы Слестгӕнӕн управлени: 53-92-64 (ӕууӕнчы телефон); Уӕрӕсейы Сӕрмагонд уавӕрты министрады РЦИ-Аланийы Сӕйраг управлени: 25-84-32 (ӕууӕнчы телефон).

Уӕрӕсейы ӕдасдзинады федералон службӕйы РЦИ-Аланийы управленийы пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here