Царды уылæнтæ алы адæймаджы дæр йæ рæстæджы бахæссынц сомбоны дæсныйад æвзарыны афонмæ. Уый алкæмæн дæр вæййы ахсджиаг къахдзæф. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, зæрдæйæ аразгæ æмæ æвзаргæ у, цæмæй дæхæдæг дæр æмæ адæм дæр райгонд уой дæ куыст, дæ фыдæбонæй.
Хъæдгæройнаг Зыкъуырты-Дулаты Цæрайы чызг Раисæйæн ахуыргæнæг суæвын уыд йе стыр бæллиц.
— Скъоладзау ма куы уыдтæн, уæд мын уырыссаг æвзагæй уыдис диссаджы æвзыгъд, курдиатджын ахуыргæнæг Цырыхаты Аннæ. Тынг зæрдиагæй цыдтæн йæ уроктæм, лæмбынæг ын хъуыстон йæ алы ныхасмæ дæр. Уыдис мын зонды суадон. Зæгъæн ис, æмæ уый руаджы тынг арф ныххызт ацы дæсныйад мæ зæрдæмæ, — зæгъы Раисæ.
Хъæдгæроны скъолайы къæсæрæй Раисæ ахуыргæнæгæй бакъахдзæф кодта 1985 азы æмæ уæдæй абонмæ йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй лæвар кæны ахуырдзаутæн истори, æхсæнад, барад æмæ финансон дæсныйады урокты. 1994-1998 азмæ бакуыста ахуыры хайады разамонæгæй. Ахуыргæнæджы куыст æнцон нæу, фæлæ йæ равзæрст дæсныйадыл фæсмон нæ кæны. Йе ‘мкусджыты ‘хсæн у нымад æмæ кадджын.
Кæд сывæллæттæ хатгай фыдуаг æмæ æгоммæгæс вæййынц, уæддæр дæсны ахуыргæнæг алкæй зæрдæмæ дæр базоны фæндаг ссарын, йæ уроктæ та сын кæддæриддæр вæййынц цымыдисаг.
Раисæ у уарзон адæймаг йæ сыхбæстæ æмæ хъæубæстæн. Бахъуаджы рæстæг æнæзивæг æрбалæууы алкæй фарсмæ дæр.
— Алы дæсныйад дæр хъæугæ æмæ вазыгджын у, фæлæ æппæт дæсныйæдтæн дæр скъола сæ уарзон авдæн, сæ фыццаг къахдзæф кæцæй акæнынц, уыцы бындур у, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд мæнг ныхас нæ уыдзæн, — сæрыстырæй дзуры Раисæ.
Ахуыргæнæджы ном кæддæриддæр баст у кад æмæ намысимæ. Уыцы бæрзонд ныхæсты аккаг уæвын йæ бон баци курдиатджын ахуыргæнæг, фæзминаг хъомылгæнæг Зыкъуырты Раисæйæн.
МАМИАТЫ Зæлинæ












