БИТАРТЫ Вячеслав: «Сæйрагдæр у адæмæн æмбæлгæ уавæртæ саразын»

0
344

Горæтгæрон районы Майскийы хъæуы цæрджытыл æрцыд æхсызгон хабар, байгом дзы ног амбулатори. Сæ хорздзинадыл сын бацин кæныны охыл хъæубæстæм сæмбæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.

Фыццаградон медикон-санитарон æххуысы ног объект байгом кæнынмæ ма æрбацыдысты Горæтгæрон районы разамонджытæ ГАГЛОЙТЫ Алан æмæ ЕСИАТЫ Руслан, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг ЦГЪОЙТЫ Светланæ. Хъæубæсты номæй æрбацæуæг адæмæн æгасцуай загъта цæрæнбынаты сæргълæууæг МАГОМЕД Цолоев.

Ацы ахсджиаг социалон объекты сарæзты тыххæй бынæттон цæрджытæн зæрдæбын арфæ ракодта Битарты Вячеслав. Куыд бафиппайдта, афтæмæй республикæйы разамынд сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц цæрджытæн аккаг уавæртæ аразын. «Хъуамæ æппæт хъæуты æмæ горæтты дæр уа бæрзонд æмвæзады медицинон æххуыс, ныронг уал республикæйы сарæзтæуыд  9 фелсырон-акушерон пункты. Хæстæгдæр рæстæг ма фæзындзæн 36 ахæм ног кусæндоны. Дарддæр дæр Цæгат Ирыстоны разамынд æппæт мадзæлттæй пайда кæндзæн, цæмæй адæмæн æрмæст æнæниздзинад хъахъхъæнынады нæ, фæлæ ахуырады, культурæйы, цæрæнуæтты-коммуналон къабазы алы уавæртæ дæр фæзына», — загъта Битарты Вячеслав.

Куыд бацамыдта, афтæмæй æппæт ацы хъуыддæгты бæрæг дары федералон центры æххуыс. Республикæйы Сæргълæууæг бузныг загъта,  объект чи сарæзта, зæрдиагæй дзы чи бацархайдта, уыцы кусджытæн. Уый ма арфæ ракодта амбулаторийы коллективæн æмæ хъæубæсты цæрджытæн. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы сгуыхтдзинæдты æмæ йæ дæсныйады тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй «РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд амбулаторийы разамонæг Луизæ Кусиевайæн. Уыцы хæрзиуæгимæ ма Битарты Вячеслав кусæндонæн балæвар кодта ныв.

Ног кусæндон кадджын уавæры куы байгом кодтой, уый фæстæ уазджытæ æмæ фысымтæ æрзылдысты бæстыхайыл. Ис дзы æппæт уавæртæ дæр рынчынты фенынæн, сæ низтæ сын раиртасынæн. Ифтонггонд сты дæндæгтæ дзæбæхгæнæн, прививкæгæнæн, процедурон, специалистты æппæт кабинеттæ, боныгон стационар. Битарты Вячеслав районы æнæниздзинад хъахъхъæнынады разамынды æргом аздæхта ахсджиаг хъуыддагмæ: куыст афтæ рацаразын, цæмæй адæмы дæргъвæтин рæстæг æнхъæлмæ кæсын ма хъæуа. Уымæй дарддæр, Цгъойты Светланæ æмæ Гаглойты Аланæн бафæдзæхста, цæмæй амбулаторийы зæронд машинæ ногæй баивой.

«Федералон центр дæр æвæры ахæм домæн, цæмæй мах дæр ууыл хæст стæм, стыр æргом здахæм медицинон æххуысы фыццаградон кусæндæттæм. Хъуамæ хъæуты æппæт уавæртæ дæр уа цæрынæн, кусынæн, афтæмæй фæсивæд æндæр рæттæм нал тырндзысты. Хъæубæсты скъола, амбулатори, культурæйы артдзæст, æндæр социалон кусæндæттæ куы нæ уа, уæд дзы хъуамæ чи цæра? Уымæ гæсгæ дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй алы  хъæуы дæр цæрынæн æппæт уавæртæ уа, ууыл. Майскийы хъæуы ног амбулатори арæзт æрцыд федералон программæйы фæрцы, уымæй размæ адæмæн медицинон æххуыс кодтой, домæнтæн дзуапп чи нæ лæвæрдта, ахæм бæстыхайы», — бафиппайдта Битарты Вячеслав.

Республикæйы Сæргълæууæг ма куыд радзырдта, афтæмæй ног объектæн бахъуыдис 18,6 милуан сомы, уыдонæй федералон бюджет радих кодта 17,6 милуан сомы, иннæ æхца та бафтыдта республикон бюджет.

 

РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы æмæ

Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here