Иумæйаг онлайн-рудзынг

0
306

Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Телеком плюс»-ы цæгатирыстойнаг регионалон кассон центр цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты аргъ бафидынæн сарæзта фиддонты иумæйаг онлайн-рудзынг.

Сайт ркц15.рф-йы фæрцы, цæгатирыстойнæгтæн ис  цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты  æргътæ бафидыны фадат.  Æргътæ онлайны фæрцы бафидынæн цæрæнуаты, хицауы хæс у æрмæстдæр йæхи хыгъд зонын.

Уымæй уæлдай ма цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты аргъ бафидæн ис уæлæфтуан «Сбербанк онлайн»-ы  фæрцы дæр. Лæггæдты номхыгъдмæ хауынц уазал æмæ тæвд донæй ифтонг кæнын, канализаци, хæдзæрттæ хъарм  кæнын, бырæттæ ласын, бындурон цалцæг, цæрæнуæтты фонды уынаффæ, æмæ лифтæй пайда кæнын.

— Ацы уынаффæйæн ис стыр ахадындзинад. Онлайн-рудзынджы æххуысæй, лæггæдты æргътæ бафидыны фæрцы ис хæстæй фервæзыны æмæ коммуналон  куыстуæттæн ахъаз кæныны фадат, — зæгъы Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here