Штангисттӕ ерыс кӕнынц Грознайы

0
266

Ацы аз ӕппӕт спортивон ерысты хъысмӕт дӕр лыг кодта, ӕгас дунейыл цы хӕцгӕ низ рапарахат, уыимӕ баст уавӕр. Спорты къорд хуызӕй ивд ӕрцыдысты кӕнӕ та бынтондӕр ист ӕрцыдысты Уӕрӕсейы, Европӕйы ӕмӕ дунейы чемпионаттӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон ерыстӕ. Афтӕ рауад Олимпиаг хъӕзтыты хъысмӕт дӕр. Дӕргъвӕтин рӕстӕг бӕрӕг нӕ уыд, уӕззау атлетикӕйӕ цы ерыстӕ хъуамӕ цыдаид Олимпиаг хъӕзтыты размӕ, уыдоны хъысмӕт дӕр. Ныр Уӕрӕсейы Уӕззау атлетикӕйы федераци ӕмӕ Спорты министрад уынаффӕ рахастой нӕ бӕстӕйы чемпионат 17-24 августы Грознайы скӕнын. Йӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст ӕрцӕудзысты, 31 октябрӕй 8 ноябрмӕ Мӕскуыйы цы Европӕйы чемпионат цӕудзӕн, уымы архайджытӕ.

Цӕгат Ирыстоны спортсментӕ Грознайы ерыс кӕндзысты дӕсӕй. Нӕ командӕйы ис ӕртӕ чызджы ӕмӕ авд лӕппуйы.

Сылгоймӕгты чемпионаты фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кӕндзысты: спорты мастер, фӕсивӕды ‘хсӕн Уӕрӕсейы фароны чемпион Соттиты Янӕ. Уый йӕ хъару ӕмӕ арӕхстдзинад ӕвдисдзӕн 76 кг онг уӕзы. Янӕйы ерыстӕм бацӕттӕ кодта тренер Дзгойты Олег. 49 кг онг уӕзы ерыс кӕндзӕн спорты мастер, Уӕрӕсейы фӕсивӕдон чемпионаты 2-аг бынат бацахсӕг Гаситы Мария, 87 кг онг уӕзы та Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзӕн Гусаты Мӕдинӕ. Мария ӕмӕ Мӕдинӕйы тренер у Гаситы Руслан.

Нӕлгоймӕгты чемпионаты Ирыстоны номӕй ерыс кӕндзысты: 73 кг онг уӕзы Хъуысаты Тимур (Уӕрӕсейы фӕсивӕдон чемпионаты 2-аг бынат бацахсӕг, йӕ тренертӕ Сохиты Мӕирбег ӕмӕ Гаглойты Ибрагим), 102 кг онг уӕзы ерысты архайдзысты тренер Тыбылты Хасаны дыууӕ хъомылгӕнинаджы, спорты мастертӕ Кӕсӕбиты Алыксандр ӕмӕ Къӕбысты Артур. Сӕ дыууӕ дӕр сты Уӕрӕсейы чемпионаты призон бынӕттӕ бацахсджытӕ. 96 кг онг уӕзы ерыс кӕндзӕн дунеон къласы спорты мастер, Европӕйы чемпионаты 2-аг бынат бацахсӕг Хуыгаты Хетӕг (йӕ тренертӕ ӕлборты Руслан ӕмӕ Олег). 109 кг онг уӕзы дӕр Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты спорты дыууӕ мастеры, фӕсивӕды ‘хсӕн Уӕрӕсейы чемпион Багаты Владимир (йӕ тренертӕ Козаты Андрей ӕмӕ Артур) ӕмӕ Уӕрӕсейы чемпионаты 2-аг бынат бацахсӕг Годжыцаты Дмитри (йӕ тренертӕ Козаты Артур ӕмӕ Бидеты Алан). Уӕззау уӕзы (+109 кг) нӕ республикӕйы номӕй ерыс кӕндзӕн спорты мастер, Наниты Русланы хъомылгӕнинаг Наниты Арсен.

Уымӕй уӕлдай ма Грознайы сӕ хъару ӕвдисдзысты ирон тыхджын лӕппутӕ Наниты Тимур (йӕ тренертӕ Наниты Руслан ӕмӕ Алан) ӕмӕ Хуыгаты Олег (йӕ тренер Гаглойты Ибрагим). Наниты Тимур у дунеон къласы спорты мастер. 109 кг онг уӕзы уыди Уӕрӕсейы чемпионаты 2-аг бынат бацахсӕг. Йӕ уӕзы (81 кг онг) Уӕрӕсейы чемпионаты призон бынат бацахсӕг уыд спорты мастер Хуыгаты Олег дӕр.

Нӕ спортсментӕ цавӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ равдисынмӕ цӕттӕ сты, уый тыххӕй РЦИ-Аланийы иугонд командӕйы сӕйраг тренер Дзбойты Петр загъта:

«Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, пандемийы карантин тынг бахъыгдардта мах дӕр, ӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг нӕ фадат нӕ уыд нӕ хъомылгӕнинӕгтимӕ, куыд фӕнд кодтам, афтӕ бӕстон куыст бакӕнынӕн. Ахӕм уавӕры уӕддӕр архайдтам, цӕмӕй нӕ лӕппутӕ сӕхиуыл иугӕйттӕй кусой ӕмӕ архайой сӕ цӕттӕдзинад ӕгӕр ныллӕгмӕ ма ‘руадзыныл. Зонӕм ӕй, ахӕм уавӕры канд мах нӕ уыдыстӕм, фӕлӕ Уӕрӕсейы тыхджын штангисттӕ бирӕ ис, ӕмӕ уыдонимӕ ерыс кӕнынмӕ хорз цӕттӕ хъуамӕ уӕм. Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм, нӕ хъомылгӕнинӕгтӕй иу цалдӕр тыхджындӕртимӕ кӕй уыдзысты, ууыл.

Нӕ чызджытӕй уӕлдай тынгдӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм Соттиты Янӕйыл. Уый амӕй размӕ дӕр ерысты йӕхи сӕрӕнӕй равдыста. Уӕдӕ, нӕ лӕппутӕй дӕр хӕрзиуджыты аккаг чи хъуамӕ уа, ахӕмтӕ сты цалдӕрӕй. Зӕгъӕм, Хуыгаты Хетӕг цалдӕр азы размӕ ӕрыгӕтты ӕмӕ фӕсивӕды ‘хсӕн уыди дунейы хуыздӕртимӕ. Иннӕ ахӕм, Наниты Тимур, Багаты Владимир, Кӕсӕбиты Алыксандр, Хуыгаты Олег ӕмӕ иннӕтӕ. Уӕрӕсейы чемпионаты хӕрзиуӕг рамбулын у хорз ӕнтыстдзинадыл нымад, ӕмӕ нӕ фӕсивӕдӕй уый кӕмӕн бантыса, уыдон уыдзысты арфӕйы аккаг. Ноджы кадджындӕр та уыдзӕн Уӕрӕсейы иугонд командӕимӕ Европӕйы чемпионатмӕ балцӕг райсын. Гъе, ахӕм бӕрӕггӕнӕнмӕ бӕлдзыстӕм, ӕмӕ сын Хуыцауы фӕрцы бантысӕд!»

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here