Кировы районы цард абоны цӕстӕй кӕсгӕйӕ

0
319

Нӕ республикӕ цы муниципалон скондтыл дих кӕны, уыдонӕй иу у Кировы район. Ӕрбынат кодта Цӕгат Ирыстонӕн йӕ цӕгат-ныгуылӕн фарс, ӕмарӕн кӕны Кӕсӕг-Балхъары республикӕимӕ. Районы фидауц ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинад сты, ӕрджынарӕджы алыварс цы авд хъӕуы ис, уыдон: Елхот, Кӕрдзын, Хъахъхъӕдур, Змейкӕ, Ставд-Дуртӕ, Иран ӕмӕ Комсомольск, сӕ сӕйраг административон центр у Елхот.

Советон дуджы Кировы район хъуыстгонд уыд ӕппӕт бӕстӕйыл дӕр йӕ куыстуарзаг, номдзыд адӕймӕгтӕй. Районы цӕрджытӕ абон дӕр нӕ рох кӕнынц, ӕрмӕст районы, республикӕйы нӕ, фӕлӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр сӕ кад ӕмӕ намысы фӕрцы кӕй базыдтой, уыцы фӕлтӕрдджын адӕймӕгты. Администрацийы бӕстыхайы раз сын сӕвӕрдтой цыртдзӕвӕнтӕ. Бацӕуӕны рахизфарс лӕууынц Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ Карсанты Хъазыбег, Милдзыхты Хадзымырзӕ, Александр Бондарь ӕмӕ Моргуаты Бекы, галиуӕрдыгӕй та — Социалистон Фӕллойы Хъӕбатыртӕ Лазарты Аслӕнбег, Нӕкуысаты Дагко, Агънаты Сослӕнбег ӕмӕ Дзгойты Ерусланы цыртдзӕвӕнтӕ.

Фӕлӕ ӕрмӕст номдзыд адӕмы фарнӕй фидӕнмӕ цӕуӕн нӕй. Цы бирӕ фӕзминаг хъуыддӕгтӕ ныууагътой хистӕр фӕлтӕр, уыдоныл хъӕуы ӕфтауын. Цард цӕуы ӕмӕ хӕссы ног ивддзинӕдтӕ, адӕмы размӕ ӕвӕры ног домӕнтӕ, ӕмӕ районы цӕрджытӕ ныр 13 азы Нӕкуысаты Барисы разамындӕй ӕнтыстджынӕй архайынц уыцы домӕнтӕ ӕххӕст кӕныныл.

Уӕдӕ куыд ӕмӕ цӕмӕй цӕры абон Кировы район? Уый фӕдыл районы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Нӕкуысаты Барисимӕ фембӕлд нӕ уацхӕссӕг, ӕмӕ сӕм рауад ахӕм ныхас:

— Барис, ацы аз нӕ бӕстӕ сбӕрӕг кодта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы юбилей. Цавӕр мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд уыцы кадджын бӕрӕгбонмӕ уӕ районы та?

— Нӕ зӕрды тынг бирӕ фӕндтӕ уыд, бӕргӕ, бӕрӕгбоны фӕдыл, фӕлӕ нӕ коронавирус тынг фӕкъуылымпы кодта. Уӕлахизы юбилейы бонмӕ хъуамӕ байгом кодтаиккам Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты историон музей, нӕ районӕй рацӕуӕг Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕн сӕвӕрдтам цыртдзӕвӕнтӕ ӕмӕ сӕ хъуамӕ кадджын уавӕры байгом кодтаиккам, фӕлӕ низы аххосӕй нӕ къухы нӕ бафтыдысты. Сгарӕг къорд цы ӕфсымӕрон ингӕнтӕ ссардта, уыдонӕн цыртдзӕвӕн сарӕзтам, стелӕтӕ дзы сӕвӕрдтам. Алы аз дӕр нӕм 6 майы Стыр Уӕлахизы кадӕн арӕзт ӕрцӕуы машинӕтыл дугъ. Уым фӕархайынц Цӕгат Кавказы алы республикӕты минӕвӕрттӕ: Цӕцӕнӕй, Мӕхъӕлӕй, Дагестанӕй, Кӕсӕгӕй ӕмӕ Хъӕрӕсейӕ. Йӕ кӕронбӕттӕны сын гал аргӕвдӕм ӕмӕ уым пъалаткӕты цъӕх нӕууыл фӕбадӕм. Ацы аз стыр бӕрӕгбон кӕнынмӕ хъавыдыстӕм, фӕлӕ нӕ рауад.

Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕгӕн: радих нын кодта 2 милуан ӕмӕ авдсӕдӕ мин сомы. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг Комсомольскы хъӕуы уӕззау хӕстытӕ цыд, ӕмӕ уым бирӕ фӕсивӕд фӕмард. Нырмӕ сын цыртдзӕвӕн нӕ уыд, ӕмӕ сын мах уыцы фӕрӕзтӕй цыртдзӕвӕн сӕвӕрдтам, бадзӕбӕх ӕй кодтам. Нӕ районы цы 22 цыртдзӕвӕны ис, уыдон се ‘ппӕт дӕр барӕвдз кодтам, базылдыстӕм сӕм. Хъыгагӕн, нӕ районы хӕсты ветерантӕй ӕгас ничиуал у.

— Фӕстаг азты уӕ район сӕрбӕрзонд кӕмӕй у, уыцы адӕм чи сты?

— Культурӕ куы райсӕм, уӕд мӕ фӕнды зӕгъын бынтон ӕрыгон лӕппу, ансамбл «Елхот»-ы аивадон разамонӕг Дудайты Давиды тыххӕй. Социалон хызы дӕр йӕ кой арӕх вӕййы. Уый каст фӕцис нӕхи Аивӕдты училищӕ ӕмӕ кусынмӕ ӕрцыд йӕ райгуырӕн хъӕумӕ. Ӕрбамбырд кодта фӕсивӕды ӕмӕ тынг зӕрдиагӕй семӕ кусы. Сты нӕ республикӕйы алыхуызон музыкалон конкурстӕ ӕмӕ фестивалты уӕлахиздзаутӕ. Ныртӕккӕ дӕр архайынц Дагестаны республикӕйы цӕуӕг фестивал «Мир Кавказу»-йы.

Баиу кодтам районы культурӕйы хӕдзӕрттӕ. Ныр иууылдӕр хауынц районы Культурӕйы хӕдзармӕ, разамынд та сын дӕтты Хъазиты Дианӕ. У ӕрыгон, фӕлӕ сӕрӕн, фӕзминаг у йӕ архайдӕй, йе ‘гъдауӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. Сызмӕлын кодта се ‘ппӕты дӕр. Августы мӕй-иу районы Культурӕйы хӕдзары змӕлӕг нӕ уыд, культурӕйы кусджытӕн улӕфты рӕстӕг вӕййы, ӕмӕ-иу мӕнӕ ардыгӕй, рудзынгӕй куы акастӕн, уӕд-иу ӕм цӕуӕг нӕ федтон. Абон дзы мин адӕймагӕй фылдӕр архайы, авд ӕмӕ ссӕдз алыхуызон къорды дзы кусы. Ӕмӕ ӕхсызгон у, адӕм ӕм кӕй цӕуынц, уый. Сывӕллӕттӕн къордтӕ иууылдӕр сты лӕвар. Хъахъхъӕдуры та Къуымӕллӕккаты Терезӕ кусы. У сывӕллӕтты уадынгӕрзты оркестры разамонӕг. Кӕрдзыны Культурӕйы хӕдзар дӕр нӕй, афтӕмӕй Плиты Дианӕ кӕмдӕр фойейы ӕрӕмбырд кӕны сывӕллӕтты ӕмӕ уым семӕ кусы. Районы конкурс кӕнӕ ӕркаст куы вӕййы, уӕд 50-60 сывӕллонӕй къаддӕр не ‘рласы уырдӕм. Йӕ куыстыл ӕнувыд у ӕмӕ йӕ къухы ӕнтыстдзинӕдтӕ дӕр ӕфты. Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, алы хъӕуы дӕр хъуамӕ уа Культурӕйы хӕдзар ӕмӕ мах ууыл архайӕм. Базылдыстӕм нӕ районы Культурӕйы хӕдзармӕ, ныртӕккӕ цалцӕг кӕнӕм Хъахъхъӕдуры Культурӕйы хӕдзар, ацы аз ӕй фӕуыдзыстӕм. Иннӕ аз Ставд-Дурты араздзыстӕм ног Культурӕйы хӕдзар, 2022 азы та Ираны хъуамӕ саразӕм, Кӕрдзыны Культурӕйы хӕдзар та нын у цалцӕггӕнинаг.

— Районӕн йӕ фидауц, йӕ хъӕздыгдзинад сты хъӕутӕ, ӕмӕ дӕ кӕд уыдоны ‘хсӕнӕй искӕцы хъӕу рахицӕн кӕнын фӕнды. Бынӕттон администрациты сӕргълӕуджытӕй бӕрнондӕр чи у йӕ куысты?

— Раст куы зӕгъон, уӕд сӕ иуӕй дӕр мӕ бон рахъаст кӕнын нӕу. Фыццаджыдӕр, сты ӕрыгӕттӕ, ӕмӕ сын цыфӕнды хъуыддаг дӕр бабар кӕн, уайтагъд ӕй сӕххӕст кӕнынц. Уаниты Хъазыбег Ставд-Дурты хъӕуыхицау у. Мӕнмӕ гӕсгӕ, абон уыцы хъӕуӕй сыгъдӕгдӕр хъӕу Ирыстоны нӕй. Куыд фӕзӕгъынц, уисойӕ марзт, зӕгъгӕ, афтӕ ӕфснайд хъӕу у. Иу хӕс дӕр никӕмӕй дары, йӕ электрон тыхӕн дӕр афойнадыл фиды. Адӕмимӕ ныхас кӕны, адӕмы ‘хсӕн дзы уӕз ис. Хъӕу сабыр у — кӕрӕдзи ӕмбарынц, йӕ ныхас адӕмы ‘хсӕн цӕуы. Хъӕуыхицау йӕ бынаты ис, фыдӕбон кӕны.

Ираны дӕр ӕрыгон хъӕуыхицау — Плиты Вадим, Комсомольскы — Аулохты Валери. Ныртӕккӕ республикӕ цӕттӕ кӕны проект «Хуыздӕр муниципалон архайд», уым хуыздӕр хъӕутӕ равзардзысты ӕмӕ уыдон дарддӕр архайдзысты Мӕскуыйы федералон конкурс «Хуыздӕр муниципалон скондтӕ»-йы.

— Ныртӕккӕ стыр ӕргом здӕхт цӕуы чысыл амалхъомады райрӕзтмӕ. Сымахмӕ та куыд у уавӕр?

— Нӕ алы хъуыддаг дӕр зӕххимӕ баст у. Уыцы зӕхх абон иууылдӕр у уӕрст, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ стыр ивддзинӕдтӕ нӕй. Уымӕй дарддӕр нӕ районы ис 214 дуканийы, салонтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

— Ӕрӕджы дын уыд фембӕлд нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕгимӕ. Цы фарстытыл ӕрдзырдтат, уыдон куыд ӕххӕстгонд цӕуынц?

— Республикӕйы Сӕргълӕууӕгимӕ ӕрдзырдтам районы алы къабазы куысты тыххӕй дӕр. Ныхас кодтам куысты бынӕттыл, хъӕууон хӕдзарады фарстытыл, ног ахуыры азмӕ скъолаты цӕттӕдзинадыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Нӕ район ӕрмӕст хъӕууон хӕдзарадӕй цӕры, ӕмӕ нӕ куыстытӕ иууылдӕр зӕххимӕ баст сты. Ис нӕм 16 мин гектары бӕрц зӕххытӕ. Бирӕ адӕм дзы фыдӕбон кӕнынц. Республикӕйы раззагдӕртыл нымад сты «Де-Густо», йӕ сӕргълӕууӕг Дзиццойты Риммӕ, агрофирмӕ «Казбек» — йӕ директор Джыбылаты Хъазыбег. Иннӕтӕ дӕр зындгонд сты республикӕйы. Фарон нӕ районы хъӕуты арӕзт ӕрцыд фосдарынӕн дыууадӕс чысыл фермӕйы. Уыдонмӕ 1200 сӕры фос ӕлхӕд ӕрцыди, ӕмӕ нӕ фосы нымӕц районы фӕфылдӕр.

Нӕ фӕсивӕд дӕр се ‘ргом здахынц фос дарыны хъуыддагмӕ. Ис нӕм алыхуызон республикон программӕтӕ. Се ‘ппӕты фаг не сты, фӕлӕ дзы архайӕм. Ис нӕм хъӕрмуӕттӕ дӕр. Фӕлӕ фӕсивӕд фылдӕр сӕхи хъарутӕй архайынц. Ӕрӕджы нӕм сырӕзт ног фирмӕ «Аквакультура». Кӕрдзын ӕмӕ Хъӕхъхъӕдуры ӕхсӕн туацъӕйы балер кӕсаджы хӕдзарад аразынц. Тынг архайынц, инвестицитӕ дзы миллиарды онг сӕвӕрдтой. Уый районӕн дӕр тынг фӕпайда уыдзӕн, фӕзындзӕн нӕм ног куысты бынӕттӕ ӕмӕ хъалонтӕ. Уымӕй уӕлдай, фӕкӕсынмӕ дӕр цӕттӕ вӕййынц. Чи сӕм баулӕфы, иуы дӕр никуыма раздӕхтой. Хъахъхъӕдуры Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты чи фӕмард, уыцы хӕстонты цыртдзӕвӕн сцалцӕг кодтой, районы рӕвдауӕндӕттӕ.

Районы скъолаты ис, абоны домӕнтӕм гӕсгӕ цалцӕг кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕмтӕ. Сӕ фылдӕр цӕттӕ сты ног ахуыры азмӕ. Зӕрдӕ нын бавӕрдтой, иннӕ аз Ставд-Дурты ног скъола кӕй сараздзысты, уымӕй, 2022 азы — та Ираны. Кӕрдзыны скъолайы бындурон цалцӕгӕн нӕхӕдӕг проект аразӕм ӕмӕ, куыддӕр нӕ фадат уа, афтӕ йӕ аразынмӕ бавналдзыстӕм. Нӕ республикӕйы, ӕвӕццӕгӕн, Хъахъхъӕдуры скъолайӕ зӕронддӕр нал ис. Уый ивгъуыд ӕнусы 20-ӕм азты арӕзт ӕрцыд. Ӕмӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕгимӕ ууыл дӕр ӕрныхас кодтам. Хъӕуы дзы ног скъола саразын.

Ӕнӕниздзинады къабазы кой куы кӕнӕм, уӕд нӕ рынчындоны хайӕдтӕ сты цалцӕггонд: терапийӕ, хирургийӕ, операцион блокӕй, реанимацийӕ. Ис ма нӕм лыггӕнинаг фарстытӕ: поликлиникӕ цалцӕггӕнинаг у. Кӕрдзыны нӕм амбулатори нӕ уыд, ӕмӕ дзы аразӕм. Иннӕ хъӕуты алы ран дӕр ис.

— Муниципалон скондты советы сӕрдар дӕ ӕмӕ ма, дӕ хорзӕхӕй, уый тыххӕй дӕр радзур.

— Муниципалон скондты советы куыст дӕр ныртӕккӕ ӕрмынӕг хӕцгӕ низы аххосӕй. Ис дзы 22 адӕймаджы: районты ӕмӕ хъӕуты хицӕуттӕ. Ис нӕм пълан, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кусӕм. Уӕрӕсейы «Муниципалон скондты конгресс»-ы уӕнг стӕм, зонынц нӕ. Йӕ сӕргълӕууӕг у Виктор Кидяев. Ирыстон сын базонын кодтам. Конкурсы фонд у миллиардӕй фылдӕр. Зӕгъӕм, цы хъӕу рамбула, уымӕн 30-40 милуан сомы лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн. Уыйбӕрц куы рамбуликкам, уӕд алы хъӕуӕн дӕр гыццыл ӕххуыс нӕ уаид.

Нӕ совет йӕ размӕ цы хӕстӕ сӕвӕрдта, уыдон тынг зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм. Бюджетӕй ницы исӕм, нӕхӕдӕг алы муниципалон скондӕй дӕр ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм ӕмӕ аразӕм хъӕуты ‘хсӕн алыхуызон конкурстӕ.

Ныхас ныффыста Хъойбайты Галинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here