Ӕвдисынц се ‘фсӕддон цӕттӕдзинад

0
249

Цӕмӕй нӕ бӕстӕйы фӕсивӕд ӕфсадмӕ разӕнгардӕй цӕуой, уый тыххӕй регионты цы бирӕ алыхуызон хъӕугӕ ӕфсӕддон-патриотон мадзӕлттӕ цӕуы, уыдонӕн сӕ зынгӕдӕр у дунеон ӕфсӕддон-техникон форум «Ӕфсад-2020».

Уымӕ гӕсгӕ знон, Сурзӕххон ӕфсадӕн, авиаци ӕмӕ флотӕн бархиахъазгӕнӕг ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадӕн нӕ республикӕйы цы хайад ис, уый аэродромы кадджын уавӕры байгом кодта форуммӕ гӕсгӕ нӕ республикӕйы мадзӕлттӕ. Сӕ кадджын ӕмбырды архайдтой 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнынады, Ветеранты республикон советы, Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы, ӕхсӕнадон, фӕсивӕдон ӕмӕ чырыстон дины организациты минӕвӕрттӕ.

Форуммӕ гӕсгӕ цы ӕфсӕддон-патриотон мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыд, уыдон гом кӕныны кадджын ӕмбырды раныхас кодта 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕг Михаил Гусько.

— Ацы форум нӕ бӕстӕйы разамынд саразы, цӕмӕй, ӕфсады чи службӕ кӕны ӕмӕ кӕндзӕн, уыцы фӕсивӕдмӕ уа хъару ӕмӕ арӕхстдзинад ӕфсӕддон техникӕимӕ, хӕцӕнгарзимӕ архайыны хъуыддаджы. Фӕсивӕд ахӕм хуызы сӕхи куы фӕлварой, уӕд уыдзысты тыхджын ӕмӕ ныфсхаст, — загъта командӕгӕнӕг.

Кӕстӕртӕн ахӕм мадзӕлттӕ цы ахъаз сты, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой ӕмӕ форумы архайджытӕн арфӕ ракодтой Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды сӕрдар Икъаты Русланбег, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы минӕвар Азиты Алыксандр ӕмӕ иннӕтӕ.

Уый фӕстӕ дзы сӕ аивад равдыстой паддзахадон ансамбл «Алан»-ы кафджытӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы зындгонд зарӕггӕнджытӕ.

Аэродромы фӕзы 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнджытӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады кусджытӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ, Национ гвардийы минӕвӕрттӕ, бархионтӕ, ӕфсӕддонтӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой хӕцӕнгарз ӕмӕ ӕхсаргардимӕ, тагъд медицинон ӕххуысы, зынгсирвӕзты ныхмӕ машинӕтимӕ, уӕлдӕфон ӕмӕ мотоциклты техникӕимӕ архайынӕй, парашютимӕ гӕпп кӕнынӕй.

Анвараты Валери

Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here