Никуы байгас уыдзысты нӕ дудгӕ хъӕдгӕмттӕ

0
248

Ралӕууыд сыгъзӕрин ӕмӕ бӕркадджын фӕззӕг. Бӕлӕстӕхъулон-мулон дарӕсты сфӕлыстой сӕхи ӕмӕ фӕлмӕн хуры тынтыл цин кӕнынц.

Фыццӕгӕм сентябры нӕ бӕстӕйы алы къуымты айзӕлыдысты фыццаг дзӕнгӕрджытӕ. Сабитӕ тагъд кӕнынцскъолатӕм. Ӕрмӕст Цӕгат Ирыстоны бамынӕг уыцы дзӕнгӕрӕг, 16 азы размӕ зӕхх йӕхимӕ ныхъхъуыста уыцы бон, хуры тынтӕ зынг цӕхӕр фестадысты…

2004 азы 1 сентябры Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы ӕрцыд, уымӕй размӕ дунейы историйы чи никуыма уыд, ахӕм ӕвирхъау фыдбӕллӕх — Зонындзинӕдты дунеон бон бӕрӕг кӕныны рӕстӕг террористтӕ ӕрбабырстой скъоламӕ ӕмӕ амынӕты райстой скъоладзауты, сӕ ахуыргӕнджыты, сӕ ныййарджыты — ӕдӕппӕт 1127 адӕймаджы ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны ӕнӕ донӕй, ӕнӕ хӕринагӕй фӕдардтой скъолайы спортивон залы. Хъизӕмайраг ӕртӕ боны… Ныййарджыты дзыназынмӕ зӕрдӕ скъуыди… Алы ирон лӕг дӕр разы уыд йӕ цард раттыныл, ӕрмӕстдӕр ӕнахъом сабитӕ фервӕзой. Афтӕ каст, цыма рӕстӕг ныддаргъ, цалынмӕ спортивон залӕй нӕ райхъуыст фыццаг срӕмыгъд, стӕй та — дыккаг…

2004 азы 1-3 сентябры Беслӕны теракты фӕмард 334 адӕймаджы, уыдонӕй 186 уыдысты сывӕллӕттӕ, ӕдасдзинады федералон службӕйы спецназы 10 ӕфсӕддоны, ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады 3 кусӕджы. 800 адӕймагӕй фылдӕр фесты алыхуызон уӕззау цӕфтӕ, бирӕтӕ дзы сӕ царды кӕронмӕ баззадысты инвалидӕй.

Алы аз дӕр ӕртӕ боны дӕргъы фӕцӕуынц, тугдзых лӕгмарты амӕттаг чи баци, уыцы сабиты, сӕ ныййарджыты, ахуыргӕнджыты ӕмӕ ирвӕзынгӕнджыты мысӕн мадзӕлттӕ. Нӕй ахӕм ныхӕстӕ ссарӕн, уыцы ныййарджыты зын чи фӕрогдӕр кӕна. Нал сур кӕнынц ныййарджыты уадултыл сӕ судзаг цӕссыгтӕ, нал байгас уыдзысты сӕ зӕрдӕты дудгӕ хъӕдгӕмттӕ…

Фыццӕгӕм сентябры, куыддӕр бон ӕрбарухс, афтӕ адӕм цӕуын райдыдтой скъолайы кӕртмӕ. Семӕ хастой дидинджытӕ ӕмӕ дон. 9 сахаты ӕмӕ 15 минутыл айзӕлыд дзӕнгӕрӕг — раст афтӕ, 16 азы размӕ райхъуыстысты фыццаг гӕрӕхтӕ.

Скъолайы кӕрты хъуысынц ӕнкъард музыкӕйы зӕлтӕ. Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз ӕмӕ иннӕ бӕрнон кусджытӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ ӕмӕ мыдадзын цырӕгътӕ, тӕфӕрфӕс ракодтой теракты хъыгдардбаййафӕг адӕмӕн.

Комитет «Беслӕны ныййарджыты» сӕрдар Дудиаты Сусаннӕ республикӕйы цӕрджытӕм фӕсидт, цӕмӕй мысӕн мадзӕлтты къаддӕр адӕм архайа, коронавирусӕй нырма тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр адӕм цыдысты скъолайы кӕртмӕ, алчидӕр йӕ хӕсыл нымадта ӕдзард сабитӕн рухсаг зӕгъын.

Беслӕны Культурӕйы хӕдзарысарӕзтой пресс-конференци. Уырдӕм хуынд ӕрцыдысты республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттӕ. Ныхас дзы цыд теракты бахауӕг адӕмӕн социалон, юридикон ӕмӕ психологон ӕххуысы тыххӕй. «Беслӕны ныййарджыты» комитет арфӕ ракодта, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ сӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд ӕмӕ сын се ‘ххуысы хай чи лӕвар кӕны, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр.

Не ‘ппӕты хӕс дӕр у, цӕмӕй дуне ма ферох кӕна, ӕхсӕрдӕс азы размӕ Ирыстоны цы ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд, уый.

Изӕры Беслӕны скъолайы кӕрты ссудздзысты мыдадзын цырӕгътӕ.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинӕ

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here