Байгом Национ музейы ног бӕстыхай

0
294

Адӕмыхатт йӕ историйӕ у цардхъом. Йӕ уидӕгтӕ та уымӕй сты фидар. Уыцы истори ӕвдисӕг та у культурӕйы артдзӕст — музей. Нӕ республикӕйы адӕмӕн рагӕй-ӕрӕгмӕ сӕ культурӕйы ахсджиаг артдзӕстытӕй иу у Национ музей. Йӕ фӕрцы рӕзы адӕмы зондахаст ӕмӕ мидкультурӕ.

Уыцы фарны хӕзнатӕ, норст цӕхӕрау, ӕмбӕхст кӕм сты, уый у Национ музей. Хъыгагӕн, рацарӕзты рӕстӕг музей ныххӕлӕттаг. Ӕмӕ  бахъуыд бирӕ рӕстӕг, цӕмӕй ногӕй цалцӕггонд ӕрцӕуа. Ногӕй йӕ саразыны хӕс йӕхимӕ райста нӕ республикӕйы Хицауад. Ӕмӕ мӕнӕ цины хабар. Абон Национ музей бакодта йӕ дуӕрттӕ. Йӕ гом кӕныны кадджын ӕмбырды архайдтой нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, нӕ республикӕйы культурӕйы министр Къубалты Эльбрус.

Уый фӕстӕ Хуыцау ӕмӕ Уастырджийы ном  ӕртӕ чъири ӕмӕ бӕгӕныйӕ ссардта Национ музейы    хайады сӕргълӕууӕг, РЦИ-Алани ӕмӕ УФ-йы культурӕйы сгуыхт кусӕг  Хъантемыраты Эльбрус.

— Историйы хӕзнатӕ хъахъхъӕнӕг артдзӕст — Национ музей. Йе ‘вӕрӕнты амӕй фӕстӕмӕ хъахъхъӕд цӕудзысты нӕ фыдӕлты истори ӕмӕ культурӕйы хӕзнатӕ. Йӕ фӕрцы та адӕм зондзысты сӕ адӕмы ивгъуыд. Бирӕ рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй нӕ фарны артдзӕст ногӕй цалцӕггонд ӕрцӕуа. Йӕ фӕрцы  хъахъхъӕд ӕрцӕудзысты нӕ фыдӕлты дины ӕмӕ культурӕйы хӕзнатӕ, — загъта йӕ раныхасы Битарты Вячеслав.

Кадджын ӕмбырды ма йӕ хъуыдытӕ загъта   бӕстыхай саразӕг, арӕзтадон компанийы минӕвар «Скифос-РСК»-йы минӕвар  Петр Павлов

Уый фӕстӕ сырх лент алыг кодтой нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Цогойты Батрадз, Вячеслав Фетин.

Кадджын ӕмбырды йӕ курдиат равдыста паддзахадон филармонийы ирон адӕмон инструментты оркестр «Ирыстон». Йӕ аивадон разамонӕг ӕмӕ дирижер,  Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Ходы Олег. Музыканттӕ  ацагътой ирон адӕмон мелодитӕ. Уый фӕстӕ уазджытӕ ӕрзылдысты  ног арӕзт музейы  бӕстыхӕйттыл.

Гасанты Валери

Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here