Битарты Вячеслав: «Республикӕйы дзулфыцӕн промышленносты рӕзтӕн хъӕуы уавӕртӕ саразын»

0
257

Куыстуат «Ӕфсир»-ы уыдис РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы цур амалхъомады тыххӕй советы ӕмбырд. Уым ӕрныхас кодтой нӕ республикӕйы дзулфыцӕн промышленносты ахсджиагдӕр фарстытыл.

Ӕмбырды архайдтой Цӕгат Ирыстоны Хицауады оргӕнты разамонджытӕ, банкты структурӕты, амалхъомадӕн ӕххуысы инфраструктурӕйы организациты  ӕмӕ амалхъомады минӕвӕрттӕ.  Битарты Вячеслав дзы куыд бацамыдта, афтӕмӕй нӕ республикӕйӕн дзул фыцыны хъуыддаг у экономикӕйы ахадгӕдӕр социалон рахӕцӕн. Ныртӕккӕ дзулфыцӕн заводтӕ ӕххӕст кӕнынц вазыгджын стратегион хӕстӕ.

Республикӕйы разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон дӕр, куыд Уӕрӕсейы иннӕ субъекттӕ, афтӕ  сӕмбӕлд ссады ӕргъты рӕзтимӕ. Уый баст у хоры культурты фӕзынаргъимӕ. Уымӕй дарддӕр ныртӕккӕ ис, дзулуадзӕн промышленносты рӕзт чи уромы, ахӕм аххосӕгтӕ, куыстады ныллӕг ахадындзинад ӕмӕ хордӕттӕг организацитимӕ бастдзинӕдтӕ.

— Ныртӕккӕ дзул фыцыны технологийы фӕзынд ног ӕууӕлтӕ, ацы хъуыддаг ӕмхиц у модернизаци ӕмӕ рӕзтмӕ. Кӕд ын социалон ахадындзинад ис, уӕддӕр  алы дзулфыцӕн завод, акционерон ӕхсӕнад, кӕнӕ хицӕн амалхъомтӕ кӕрӕдзиимӕ фидар баст не сты, алчидӕр дзы  кусы йӕхи пъланмӕ гӕсгӕ. Куыстады иумӕйаг нысантимӕ баст не сты. Афтӕмӕй йӕ хӕрдзтӕ рӕзынц ӕмӕ дзул фыцыны къабазы ахадгӕ куыст ныллӕгдӕр кӕны, дзулы аргъ та рӕзы, — загъта Битарты Вячеслав.

Федералон ӕмвӕзады бакуыстой хойраджы ӕмӕ хомаггуыстгӕнӕг промышленносты стратегийыл, конд у 2020 азмӕ. Ныртӕккӕ стратегийӕ хатдзӕгтӕ скодтой ӕмӕ бавнӕлдтой хӕстӕгдӕр 10 азмӕ ног нысантыл кусынмӕ. Уыцы ран ӕппӕты риссагдӕр фарстытӕ нымад ӕрцӕудзысты. Уымӕ гӕсгӕ, Битарты Вячеслав ӕмбырды архайджыты ӕргом аздӕхта регионы ахӕм стратегийыл бакусынмӕ. Куыстуат «ӕфсир»-ы бындурыл рахӕссӕн ис уынаффӕ, уый фӕрцы Цӕгат Ирыстоны дзулфыцӕн промышленност рӕздзӕн.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг куыд бафиппайдта, афтӕмӕй инновацион технологитӕ ӕмӕ нырыккон фӕрӕзтӕ фӕстауӕрцгӕнӕн ифтонггӕрзты фӕрцы дзулфыцӕн заводтӕ, цехтӕ ӕмӕ хайӕдтӕ хъуамӕ скӕной реконструкци ӕмӕ техникон ифтонгад. Уымӕй уавӕр банывыл кӕнӕн ис. Ӕмбырды ма равзӕрстой ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕ дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here