Парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йы проект «Горӕтаг алфамбылай»-ы фӕлгӕты 2020 азы кӕронмӕ Цӕгат Ирыстоны базилдзысты бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзӕртты 127 кӕртмӕ ӕмӕ 38 ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынатмӕ (уыдонӕй Дзӕуджыхъӕуы — 110 кӕрты ӕмӕ 16 ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынаты).
Партион проекты регионалон координатор, УФ-йы Паддзахадон Думӕйы депутат Таймазты Артур куыд радзырдта, афтӕмӕй уӕлдӕр амынд объекттӕн сӕ фылдӕры ныридӕгӕн нысангонд куыстытӕ ахицӕн кодтой. Депутаты ныхасмӕ гӕсгӕ, проект «Горӕтаг алфамбылай» хорзӕрдӕм сахадыдта бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзӕртты кӕртытӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынӕтты фӕлгонцадыл.
«Азӕй-азмӕ проекты мадзӕлттӕ кӕнынц уӕрӕхдӕр — уый фӕрцы фенгомдӕр хицаудзинады регионалон оргӕнтӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты ӕмархайд. «Горӕтаг алфамбылай»-ы хицӕндзинад уый у, ӕмӕ проекты уагӕвӕрдтӕ сфидар кӕныны размӕ уыдоны фӕдыл сӕ хъуыдытӕ фӕзӕгъынц бынӕттон цӕрджытӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмы фиппаинӕгтӕ ӕмӕ фӕндӕттӕ хыгъд ӕрцӕуынц, цалцӕджы ӕмӕ фӕлгонцады проекттӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ», — загъта Таймазы-фырт.
Хицаудзинады оргӕнтӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты ӕнгом ӕмархайды дӕнцӕгыл Паддзахадон Думӕйы депутат банымадта Дзӕуджыхъӕуы Хетӕгкаты Къостайы номыл Центрон фӕлладуадзӕн парчы рацарӕзт.
«Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Цӕгат Кавказы рагондӕр парчы ныр дыккӕгӕм аз цӕуынц бындурон рацарӕзты куыстытӕ. Ӕппӕт цалцӕггӕнӕн ӕмӕ фӕлгонцадон архайд дӕр ӕххӕстгонд цӕуы горӕты цӕрджыты фӕндӕттӕн аргъ кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ, куыд фӕстиуӕг, афтӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ — рацарӕзты проект ӕнтыстджынӕй ӕххӕстгонд цӕуы, бынӕттон цӕрджытӕ дӕр разы сты парчы ног хуызӕй», — бафиппайдта депутат.
Нӕ уацхӕссӕг














