Цы бакӕсай, уый дзы ис

0
323

Мыхуыры рацыд литературон-аивадон ӕмӕ ӕхсӕнадон-политикон журнал «Мах дуджы» ацы азы 9 номыр.

Прозӕ ӕмӕ поэзи, зӕгъгӕ, уыцы сӕргонды бакӕсӕн ис ӕрыгон курдиатджын поэт Ӕлборты Беллӕйы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ фӕллойы ветеран Кцойты Астемыры фыст ӕцӕг хабар «Зӕрва».

Ӕрӕджы 80 азы сӕххӕст УФ-йы Фысджыты цӕдисы уӕнг, РЦИ-Аланийы Культурӕйы сгуыхт кусӕг Томайты Мисурханыл. Ацы номыры мыхуыргонд цӕуы йӕ къам ӕмӕ радзырд «Амондджын».

Ирон литературӕ уарзджытӕн зонгӕ у УФ-йы Фысджыты цӕдисы уӕнг Торчынты Хъазыбеджы ном. Уый у бирӕ прозаикон ӕмӕ поэтикон уацмысты автор. Ӕмдзӕвгӕтӕй цы роман «Зейнап» ныффыста, уый бакӕсдзыстут журналы ацы номыры.

Ӕрӕджы нӕ республикӕйы сӕрмагонд сфӕлдыстадон куыстадон балцы уыд УФ-йы Фысджыты цӕдисы сӕрдар, зындгонд прозаик, публицист Николай Иванов, уазӕгуат «Амыран»-ы фембӕлд нӕ республикӕйы Фысджыты цӕдисы уӕнгтимӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттимӕ. Ацы фембӕлды уыд журнал «Мах дуджы» сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕ ӕмӕ Николай Ивановимӕ ӕрныхас кодта нӕ бӕстӕйы аивадон литературон уацмысты ӕмӕ ӕхсӕнады иумӕйаг уавӕры тыххӕй.

Зындгонд поэт ӕмӕ фыссӕг Хохойты Энверӕн та журналы ацы номыры мыхуыргонд цӕуы йӕ ног ӕмдзӕвгӕты цикл.

Рубрикӕ «Мах дуджы» равдысты фендзыстут нӕ республикӕйы Фысджыты цӕдисы сфӕлдыстадон цардыл ӕмӕ зындгонд композитор Ӕлборты Феликсы райгуырдыл 85 азы кӕй сӕххӕст, уый фӕдыл алы азты ист къамтӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы бакӕсдзыстут композиторы тыххӕй мысинӕгтӕ, «Хурӕнгӕс курдиат», зӕгъгӕ, ахӕм сӕргонды бынмӕ.

Уый фӕстӕ журнал мыхуыр кӕны фӕллойы ветеран Цӕрукъаты Азӕйы мысинӕгтӕ «Дыууӕ хъысмӕты».

Ирон ӕмбисонды хъуыдытӕ лӕмбынӕг равзӕрста ӕмӕ уыдоны тыххӕй уац «Адӕмы лӕг» ныффыста Егар. Бакӕсӕн ӕй ис рубрикӕ «Ирон зонды авналӕнтӕ»-йы.

«Адӕмон сфӕлдыстад»-ы рубрикӕйы та бакӕсдзыстут фӕллойы ветеран Хӕмыцаты Раманы ракуывд ӕмӕ таурӕгъ «Царциаты равзӕрд».

Ирон прозӕйы антологи та мыхуыр кӕны журнал «Мах дуджы» прозӕйы хайады редактор Гусалты Барисы радзырд «Ацы амондджын зӕрдӕхалӕн сӕрд».

Уымӕй уӕлдай ма журналы ног номыры бакӕсӕн ис майы цаутыл афӕлгӕст ӕмӕ УФ-йы сгуыхт артист, Ирон академион театры зынгӕ актер Бытъӕты Роберт кӕй фӕзиан, уый тыххӕй журналы редакцийы тӕфӕрфӕс.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here