Ӕппӕт лӕггӕдтӕ дӕр — афойнадыл

0
236

Видеоконференцийы бастдзинады фӕрцы нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав скодта коронавирусон хӕцгӕниз парахат кӕнынӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕрыны оперативон штабы ӕмбырд. Ӕрныхас кодтой эпидемиологон уавӕрыл, йӕ банывыл кӕныныл. Архайдтой дзы бӕрнон адӕймӕгтӕ, дзӕбӕхгӕнӕн кусӕндӕтты сӕйраг дохтыртӕ.

Уыдон куыд радзырдтой, афтӕмӕй рынчындӕттӕ ӕххӕст сты хостӕй, хи хъахъхъӕныны фӕрӕзтӕй. Республикон клиникон рынчындоны сӕйраг дохтыр Митциты Астан куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕ куыстуат цӕттӕ у 740 рынчыны райсынмӕ, хостӕй, хи бахъахъхъӕныны фӕрӕзтӕй сты ифтонг. Низ раиртасыны фӕрӕзтӕй дӕр сты ӕххӕст, дыууӕ компьютерон томографы сӕм кусы.

Йӕ лӕггӕдтӕ рынчынтӕм афойнадыл фӕхӕццӕ кӕнын Битарты Вячеслав банымадта хорзыл. Бахӕс кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерланӕн, цӕмӕй адӕмы томографмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ма хъӕуа. «Рынчынты нымӕцмӕ, хайӕдтӕм сӕ барвитыны хъуыддагмӕ дӕр хъӕуы къӕрцхъусдӕр уӕвын. Уыдон хъуамӕ компьютерон томографи скӕнынмӕ рады ма ӕнхъӕлмӕ кӕсой», — бафӕдзӕхста Битарты Вячеслав.

Низ раиртасынӕн республикӕйы пайда кӕнынц цыппар томографӕй, дыууӕ сты Республикон клиникон рынчындоны, иу — Тагъд медицинон ӕххуысы клиникон рынчындоны, цыппӕрӕм та — онкологон диспансеры. «Ирыстоны фармаци ӕмӕ техникӕ»-йы директор Гергиты Зӕлинӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй бацӕттӕ кодтой ӕртӕ мӕйы фаг хостӕ, хи хъахъхъӕныны фӕрӕзтӕ. Амбулаторийы йӕхи чи дзӕбӕх кӕны, уыдонӕн федералон бюджетӕй ӕхца ӕрӕрвыстой, хостыл сӕ хардз кӕнынц.

Кӕронбӕттӕны ма Битарты Вячеслав скодта амынддзинӕдтӕ, сӕйрагдӕр, цӕмӕй адӕм маскӕтӕ дарой, уый. Ӕхсӕнадон транспорты, базарады бынӕтты, ресторантӕ ӕмӕ кафеты. Районты разамонджытӕн, «Роспотребнадзор»-ы кусджытимӕ бахӕс кодта ӕмбарынгӕнӕн куыст кӕнын, бынтондӕр — дзыллон хъуыддӕгты.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here