Аргъуаны къулӕн — йӕ рагон хуыз

0
238

2022 азы, Аланыстоныл аргъуыды 1100 азы бӕрӕгбоны мадзӕлтты агъоммӕ, нӕ республикӕйы рацарӕзт ӕмӕ бындурон цалцӕджы куыстытӕ цӕуынц чырыстон динимӕ баст ӕппӕты рагондӕр объектты. Се ‘хсӕн — Дзӕуджыхъӕуы Мады-Майрӕмы аргъуаны фӕзуаты хуссарварс къуламад дӕр.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй ацы къул тынг ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыд, ӕмӕ йӕ нарӕг къӕпхӕнтыл пантеоны фӕзмӕ схизын нӕ, фӕлӕ йӕ рӕзты дӕр ӕдасӕй цӕуӕн нал уыд. Специалистты сагъӕсы ӕфтыдта ацы фарст. Къулрӕбын 70 азы размӕ цы бӕлӕстӕ сагъд ӕрцыд, уыдоны уидӕгтӕ сӕ тых сӕ бонӕй ӕддӕмӕ хӕцыдысты къуламадыл ӕмӕ тӕссаг уавӕр сӕвзӕрын кодтой. 150 азы кӕуыл цӕуы, уыцы къуламад фӕцудыдта, ӕмӕ рацаразджыты къорд «Скифос-РСК» бавнӕлдтой куыстытӕм. Объекты цалцӕг кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны. Цы бантыст саразын рацаразджытӕн, уый фӕдыл журналисттӕн бӕстон радзырдта, ацы организацийы разамонӕг Петр Павлов.

— Аланыстоныл аргъуыды 1100 азы боны кадӕн сарӕзтам наукон-проектон гӕххӕттытӕ сӕрмагонд рацарӕзты куыстыты фӕдыл. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы фарст, рацаразджыты архайды ӕппӕт куыстытимӕ абаргӕйӕ, зындӕр уыд. Уымӕн ӕмӕ аргъуаны кӕрты ис уӕлмӕрд, ӕмӕ дзы алы зӕххы чысыл гӕппӕлы бын дӕр, ӕнӕмӕнг, разындзӕн стӕгдар. Цӕмӕй ма бахъыгдардтаиккам мӕрдты ӕнцой, уый тыххӕй адзырдтам нӕ проекты сӕйраг инженермӕ, УФ-йы Культурӕйы министрады эксперт Иван Стрельбицкиймӕ. Уымӕ егъау фӕлтӕрддзинад ис цыртдзӕвӕнтимӕ куысты.

Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав нын фӕдзӕхста ингӕнтӕ нӕ бахъыгдарынӕн цыфӕндыйӕ дӕр техникон мадзӕлттӕ ссарын. Уымӕн ӕмӕ иугӕр рацарӕзты куыстыты рӕстӕг стӕгдар рахауд, уӕд ӕй, археологон закъоны домӕнтӕм гӕсгӕ эксгумацимӕ ӕрвитын хъуыдаид. Фӕлӕ, цӕмӕй тарстыстӕм, уыцы хъуыддаг ныл не ‘рцыд. Ӕмӕ абон фидарӕй нӕ бон зӕгъын у, рацарӕзты куыстытӕ кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕнынц, уый. Фӕуыдзыстӕм аргъуаны кӕрты хуссайраг къул амад. Уыимӕ, пайда кодтам, наукон-проектон гӕххӕттыты амынд ӕрмӕгӕй: рагон агуыридур ӕмӕ чъырызмӕстӕй. Нӕ хӕс сӕрыстырӕй сӕххӕст кодтам, пантеоны ингӕнтӕ нӕ бахъыгдаргӕйӕ.

Ӕмӕ уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Уымӕн ӕмӕ рагон къуламад зӕххы бынӕй тынг арфӕй райдайы. Проектмӕ гӕсгӕ йын мах раздӕхтам йӕ фыццагон хуыз.

Бузныг зӕгъӕм нӕ горӕты администрацийы кусджытӕн. Ӕрбацыдысты ӕмӕ кӕрӕй-кӕронмӕ бӕлӕстӕ арӕхстгай акалдтой, цыртдзӕвӕнтӕн знаггад не ‘рхӕсгӕйӕ.

Къуламады рагон-историон хуыз цымыдисаг ӕрмӕст нӕ республикӕйы цӕрджытӕн нӕ уыдзӕн, фӕлӕ Ирыстонмӕ ӕрцӕуӕг уазджытӕн дӕр. 2019 азы рацарӕзты проект куы арӕзтам, уӕд уырдӕм аргъуан йӕхӕдӕг хаст не ‘рцыд, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бӕстыхайӕн паддзахадон экспертизӕ дӕр не скодтам. Аргъуаны иннӕ цалцӕджы хъуыддӕгтӕ та нӕхи хъарутӕй ӕмӕ меценатты ӕххуысӕй дарддӕр кӕндзыстӕм 2021 азы, — загъта Петр Павлов.

Саутӕты Тамилӕ

Къамтӕ систа ХЪАЙЫРТЫ Дианӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here