Беслæны рæзты фарстатæ

0
216

Республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз цы æмбырд амыдта, уым ныхас рауад Беслæны рæзты генералон пъланыл. Куыд дзы райхъуыст, афтæмæй цæрæнуатон-коммуналон инфраструктурæимæ баст дыууæ нысаны æххæстгонд æрцæудзысты хæстæгдæр дыууæ азы дæргъы.

 

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй 2021 азы æмæ 2022-2023 азты бюджетты иугонд бафыстмæ хъæуы бахæссын ивддзинæдтæ. Уымæй ведомствæйы фæрæзтæ 21227843 сомы фылдæр фæуыдзысты, дотацитæ лæвæрд сты федералон бюджетæй. Уыдон схардз кæнын хъæуы Беслæны капиталон арæзтады объекттыл, баст сты донæй бафсадынимæ æмæ къæвдадæтты канализаци саразынимæ.

Федералон бюджетæй Беслæны инфраструктурæйы рæзтæн дихгонд æхца нысантыл æмæ ахадгæ хуызы спайда кæнынмæ фæсидт Тускъаты Таймураз. Дарддæр ивддзинæдтæ бахастой республикæйы «Физикон культурæ æмæ спорты рæзты паддзахадон программæ»-мæ. Министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Кочиты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта физкультурæ æмæ спорты рæзтыл бацархайын.

«Хъуамæ нæм фæфылдæр уой спортæй, физикон культурæйæ чи архайы, ахæм адæм. Хъæуы сын спортивон ифтонггæрзтæ, фæзтæ. Программæмæ бахастам спорты дзыллон хуызтæ, скъолаты, студентты спортивон клубтæ нæм хъуамæ фæзыной. Сæ авналæнтæ цыбыргонд кæмæн сты, уыцы адæмæн дæр фадæттæ скæнын хъæуы», —фæбæрæг кодта Кочийы-фырт. Спортсментæ цæттæ кæныны уавæртæ фæхуыздæрæн æнæбюджетон фæрæзтæй хъæуы спайда кæнын. Æнæкоммерцион организацитæй спорт æмæ физкультурæйы лæггæдтæ чи кæны, уыдонæн гранттæ райсынæн конкурстæ скæнын хъæуы. Уыцы хъуыддæгтæн æдæппæтæй бахъæудзæн 1 миллиард 353 милуан æмæ 300 мин сомы. Федералон бюджет радих кæндзæн 1 миллиард 146 милуан сомы, иннæтæ ратдзæн республикæ.

Тускъаты Таймураз æргом аздæхта спорты æндæр хуызты рæзтмæ, æрмæст футбол, уæгъдибар хъæбысхæст, уæззау атлетикæ, фехтовани нæ, фæлæ волейбол, баскетбол размæ рахонын, профессион æмвæзадмæ сæ сисын. «Махмæ спорты иу хуызтæм стыр æргом ис, иннæтæ та рохуаты аззадысты. Зæгъæм, волейбол, баскетбол. Хъуамæ сæ профессион æгъдауæй уæлæмæ сисæм», — бафæдзæхста Тускъайы-фырт.

Æмбырды ма фæбæрæг кодтой, национ проекттæ æмæ программæтæ республикæйы куыд æххæстгонд цæуынц, уыцы фарста дæр. Инфрастуктурон объекттæ куыд аразынц, куыд сæ цалцæг кæнынц, уыдæттыл ныхас рауад. Арæзтадон фæзты нæ фаг кæны хорз цæттæгонд кусæг тых, афтæмæй æмгъуыдтæй кæцыдæр объекттæ фæсте баззайдзысты. Фидæны амайджыты, къулсæрдджыты, ахорджыты, хæрдмæисæн крантыл бадджыты профтехахуырады хистæр курсытæй арæзтæдтæм рахоныны фарст Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг сæвæрдта йæ хæдивджытæ Фадзайты Æхсарбег æмæ Тугъанаты Ларисæйыл.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here