Байгом ног рæвдауæндон

0
174

Беслæны Революцийы уынджы кадджын уавæры байгом ног рæвдауæндон. Бæрæгбон байгом кодтой РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ æмæ Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сослан.

Ног хуыссæнуæттæ, ахуырадон кабинеттæ, хæрæндон æмæ найæн уæттæй разы сты хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Сывæллæттимæ кусдзысты нырыккон программæмæ гæсгæ. Къордты агъуыстытæ ифтонг сты хъæугæ кусæнгæрзтæ æмæ дзаумæттæй.
Æхсызгон у, фæстаг азты сывæллæтты нымæц кæй рæзы, уый, фæлæ рæвдауæндæттæм рады лæууыны фарста абон дæр ма у ахсджиаг. Уымæ гæсгæ Национ æмæ Федералон программæты фæлгæты лыггонд цæуынц ацы фарстатæ.
— Мах ныронг куыстам зæронд бæстыхайы. Уым нæм уыдис 90 сывæллоны бæрц. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстаг азты сывæллæтты нымæцыл бафтыд, æмæ нын уыцы бæстыхай фаг нал уыд. Мах тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кастыстæм, ног рæвдауæндон кæд байгом уыдзæн, уымæ. Уый фæдыл зæрдиаг арфæ кæнæм арæзтадон организаци æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Хетæг»-ы генералон директор Абайты Сосланæн. Уымæй уæлдай нын стыр æххуыс бакодта РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад. Балæвар нын кодта, цыдæриддæр нæ дзаума æмæ хъазæнтæ хъуыдис, уыдон иууылдæр, — загъта рæвдауæндоны разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Кокойты Людмилæ.
Алыбегты Эллæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы номæй арфæ ракодта ныййарджытæ æмæ рæвдауæндоны кусджытæн.
— Æхсызгон у, районы, стыр социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм ног объекттæ арæзт кæй цæуынц, уый. Уыцы хъуыддаг æвдисæн у, сывæллæтты размæ ног фадæттæ кæй байгом уыдзысты, уымæн. Национ ахуырады программæйы фæлгæты æппæт бæстæйы дæр арæзт цæуынц мингай ног рæвдауæндоны æмæ скъолайы. Уыцы программæ зæрдиагæй кусы нæ республикæйы дæр. Уымæй уæлдай ма бындуронæй цалцæггонд цæуынц ахуырадон бæстыхæйттæ. Ног бæстыхай саразын иу къæпхæн у, фæлæ сæйрагдæр у сывæллæтты раст хъомылад, фидæны сæ хорз адæм куыд рауайа, афтæ. Нæ зæрдæ дарæм, рæвдауæндоны кусджытæ, хъомылгæнджытæ æппæт хъарутæй дæр кæй архайдзысты уыцы ахсджиаг хъуыддагыл, — фæбæрæг кодта Алыбегты Эллæ.
Бæрæгбоны арфæтæ ныййарджытæ æмæ рæвдауæндоны кусджытæн ракодта Фрайты Сослан дæр.
— Ацы ног рæвдауæндон æвдисæн у, нæ республикæ æмæ районы хицауад зæрдиагæй кæй архайынц, цæмæй нæ сывæллæтты хъомыладæн хорз уавæртæ æмæ æппæт фадæттæ дæр уа, уымæн — загъта Фрайты Сослан.


Хъойбайты Галинæ
Къамтæ систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here