Постхæссæджы æвæджиауы фæлгонц

0
372

Мызуры фæзынд ног «Арт-объект», зæгъгæ, кæй хонынц, ахæм аивадон уацмыс, зындгонд постхæссæг Дзалаты Екатеринæйы сурæт. Уый тыххæй фехъусын кодта проекты автор Ортабайты Тимур.

«Зын зæгъæн у, цал æмæ цал адæймаджы райстой ацы зæрдæхæлар адæймаджы къухтæй хорз хабæрттæ, зындзинæдтæ ницæмæ даргæйæ, цал адæймагæн æххуыс кæны йæ сыгъдæг æмæ бæрнон куыстæй, уый. Ацы проект æз æрхъуыды кодтон, цæмæй нæ зæрдыл дарæм, куыд ахсджиаг у зонын, фæллойы æмæ адæмы хæрзуагæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы адæймæгты нæмттæ, сæ сурæттæ», — радзырдта Ортабайты Тимур.
Уæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, æнусы æрдæгæй фылдæр постхæссæгæй чи кусы, уыцы 86-аздзыд Дзалаты Екатеринæ Мызурæй къуыри æртæ хатты фистæгæй араст вæййы 20 км дард хæххон хъæутæм, хурæй, къæвдайæ, митæй, дымгæйæ газеттæ æмæ писмотæ фæхæццæ кæнынмæ.
2019 азы сæрды Екатеринæ нымад æрцыд » Уæрæсейы посты хайады афæдзы адæймагæй», æмæ йын лæвæрд æрцыд æхцайы 300 мин сомы сертификат. 2021 азы та Дзалаты Екатеринæйыл арæзт документалон киноныв «Почтовый марафон»-ы премьерæ ацыд Дзæуджыхъæуы. Йæ режиссер уыд аивæдты сгуыхт архайæг Гулуты Вячеслав.

Нæ уацхæссæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here