РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Менйло куыд бахæс кодта, афтæмæй, республикæйы 46 цæрæнбынаты афтектæ хъуаг кæй æййафынц, уый рабæрæг. Хабар аппаратон æмбырды фехъусын кодта «Росздравнадзор»-ы управленийы регионалон разамонæг Ольгæ Давыдова. Республикæйы амбулаторитæ æмæ фелсырон-акушерон пунктты цур фæзындысты 50 афтеччы.
Республикæйы разамонæг Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады размæ алы хъæуы дæр афтек саразыны хæс сæвæрдта. «Кæд дзы нырмæ нæ уыд, уæд дзы байгом кæнут, цыбыр рæстæгмæ фарста алыг кæнут», — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Уымæй дарддæр Сергей Меняйло министртæ æмæ районты разамонджытæн бафæдзæхста, 2024-2026 азты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты архайыны тыххæй куырдиæттæ бацæттæ кæнын. Ацы азмæ цы арæзтадон нысантæ лæууы, уыдонмæ дæр бавналын хъæуы.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег куыд радзырдта, афтæмæй 2023 азы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад бафыста 111 объекты саразыны тыххæй 17 разыйы гæххæтты. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад хъуамæ 41 æхсæнадон фæзуатмæ базила.
Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы Президенты фæдзæхстæй уæлдай æргом аздахын хъæуы профессион ахуырады инфраструктурæмæ. «Универститетон сабаттæн» уæлдай аргъ скодта, ахæм фембæлдтытæ профессион ахуырады бындурыл кæнын сын бахæс кодта.
Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд радзырдта, афтæмæй тыхстдзинæдтæ равзæры маршрут «Дзæуджыхъæу-Беслæн»-ы: маршрутон такситы хицæуттæ куыстмæ нæ рацыдысты. Маршрут баххæст кодтой паддзахадон автобустæй. Ахæм уавæр сæвзæрд маршрут «Дзæуджыхъæу-Дигора-Цыкола»-йы, машинæты хицæуттæ фæндагмæ нæ рацыдысты, уырдæм дæр арвыстой автобустæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй хъуамæ æхсæнадон транспорты нывыл куыст уа æнæкъуылымпы. Уый у боны нысан.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыр фæбæрæг кодта, афтæмæй 1 апрелæй фыццаг кълæстæм ахуырдзауты исынц куырдиæттæм гæсгæ. Ныййарджытæн сæ бон у паддзахадон лæггæдты порталы руаджы куырдиат цалдæр скъоламæ бадæттын. Порталы уæгъд бынæттæ бæрæг уыдзысты. Министры ныхасмæ гæсгæ, куыдддæр куырдиæттæ ист фæуой, афтæ æртæ бонмæ сывæллоны хъысмæт сбæрæг уыдзæн. «Хи кабинетмæ æрбарвитдзысты дзуапп. Æрфыст кæм нæу, уыцы скъоламæ та сывæллоны уæгъд бынæттæм гæсгæ райсдзысты», — загъта ведомствæйы разамонæг.
Ныртæккæ уал райстой 540 куырдиаты, 370 сты электронон хуызы. Ахæм фадатæй пайда кæнынц, рæвдауæндæттæм бынаты тыххæй фысгæйæ. Сергей Меняйло куыд бахæс кодта, афтæмæй Сывæллæтты æмæ фæсивæды рæзты центр «Вершинæ»-йы байгом кодтой 140 бынаты. Сæ бон дзы у æхсæвиуат кæнын, хорз æм базылдысты, нырыккон хæдзарыдзаума дзы сæвæрдтой. Дæрддзæф хъæуты чи цæры, уыцы сывæллæттæ æмæ фæсивæды бон уыдзæн центры мадзæлтты архайын.
Кæронбæттæны республикæйы разамонæг фæсидт муниципалон разамонджытæм, цæмæй 2024 азы цъæхвылысты бынæттæ саразыны фæдыл хъæлæс кæныны архайой. Хъуамæ цæрджытæ 15 апрелæй 31 маймæ сбæрæг кæной фæлгонцхъуаг бынат, иннæ аз та йæм зилынмæ бавналдзысты. Национ проекттæ «Фадатджын горæтаг уавæртæ» æмæ «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг къабаз»-ы руаджы хъуыддæгтæ бантысдзысты. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, алы цæрæг дæр, схъæлæс кæнгæйæ, равдисдзæн йæ ахаст йæ районмæ, сцалцæг кæнынхъуаг чи æййафы, уымæ. «Цас фылдæр хъæлæстæ райсæм, уыйас фылдæр сты программæмæ бахауыны, æхсæнадон фæзуатмæ базилыны фадæттæ. Районты разамонджытæ хъуамæ сæрæнæй бавналой», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ














