Поэт, фыссæг, драматург

0
213

Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста уарзон у алы ирон адæймагæн дæр… Поэт, фыссæг, драматург, критик, публицист, нывгæнæг, мæгуыр адæмы бартыл тохгæнæг.
Хетæгкаты Къостайы ном Ирыстоны чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг стæм разындзæн. Суанг авдæнмæ фехъусы сывæллон Къостайы æмдзæвгæ «А-лол-лай», скъолайы къæсæрæй куы бакæсы, уæд та — «Уасæг», «Дзывылдар», «Ахуыр» æмæ иннæтæ.

Къоста бирæ уарзта сывæллæтты æмæ сын æмдзæвгæтæ дæр дзæвгар ныффыста. Æмæ йæ уыдон дæр уарзынц. Йæ ном ын нæ рох кæнынц.
1 апрелы уыд Къостайы мысæн бон. Адæмты хæлардзинады хæдзары хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы музейы ацыд генийы мысæн изæр. Байгом кодта æмæ йæ амыдта Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары директоры хæдивæг Хъайтыхъты Тамарæ. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъолайы 6-æм къласы ахуырдзаутæ, сæ ахуыргæнæг Едзойты Аланæ æмæ Дзæуджыхъæуы скъола «Эрудит»-ы 1-æм къласы ахуырдзау Георгий Жонкин. Бацæттæ йæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæздæнты Еленæ.
Ахуырдзаутæ адих сты дыууæ къордыл æмæ ерыс кодтой, Къостайы æмдзæвгæтæ æмæ йæ царды хабæрттæ чи фылдæр зоны, уымæй. Сæ зонындзинæдтæ та сын сбæрæг кодтой жюрийы уæнгтæ: Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг Джыккайты Мурат, поэтессæ æмæ публицист, Уæрæсейы фысджыты æмæ журналистты цæдисты уæнг Бызыккаты Земфирæ, фыссæг æмæ журналист, филологон наукæты кандидат, литературæиртасæг Тъехты Тамерлан.
— Къостайы ном суанг райдайæн кълæстæй нырмæ хъусæм, æмæ нын у зынаргъ. Уымæн æмæ сывæллæттæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон куы бакастыстæм æмæ нын ахуыргæнæг Къостайы уæззау цард, йæ сидзæры бонты тыххæй куы радзырдта, уæд-иу нæ цæссыг æруад, зæрдæ йыл рыст. Фæлæ уый ссис гени, адæмы сæрхъуызой, паддзахы фæсдзæуинтæ йæ фæстæ зылдысты æмæ-иу æй æрцахстой. Йæ цард æмæ йæ фæлгонц уæдæй нырмæ сты мæ зæрдæйы, — загъта Земфирæ.
Ахуырдзаутæ бакастысты Къостайы æмдзæвгæтæ, равдыстой Къостайы уацмыстæм гæсгæ сæхи конд нывтæ. Жюрийы уæнгтæ сæ цæст æрæвæрдтой æппæты кæстæр архайæг Георгий Жонкиныл. Кæд уырыссаг у, уæддæр æмдзæвгæтæ радзырдта уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл дæр.
Жюрийы уæнгтæ уæлдай хуыздæр архайджыты схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæй.

Хъойбайты Галинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here