Цæгат Ирыстоны алы районы дæр саразын хъæуы Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ биноныг цæттæкæнынады центртæ, зæгъгæ, нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ахæм бардзырды тыххæй дзургæйæ, регионы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ загъта:
— Хи бæрæггæнæнтæ фæнывыл кæнын кæй фæнды, Цæгат Ирыстоны скъолатæ кастфæуæвæг уыцы адæймæгтæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ сæхи хъуамæ цæттæ кæной ныййарджыты нæ, фæлæ паддзахады хардзæй. Рæхджы биноныг цæттæкæнынады центртæ кусын райдайдзысты. Транспортон гæнæнтæ æмæ ахуырдзауты нымæцмæ гæсгæ, алы муниципалон районы дæр фæлварæнмæ биноныг цæттæкæнынады центртæ байгом кæндзыстæм. Ацы центрты кусдзысты хуыздæр ахуыргæнджытæ. Дæрддзæф скъолатæм сывæллæтты ласдзысты автобустæй. Скъолайы программæ æмæ центрты ахуырад кæрæдзи нæ къуылымпы кæндзысты. Профилон предметтæм здахдзыстæм фылдæр æргом.
Фæлварæны хæслæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ, скъоладзаутæ мæт кæй фæкæнынц, уый нымайгæйæ, стыр æргом здахдзысты психологон æууæлмæ. Биноныг цæттæкæнынады центрты кусдзысты скъолаты психологтæ дæр.
Хицауы бынатахсæг сылгоймаджы ныхасмæ гæсгæ, Иумæйаг паддзахадон фæлварæны агъоммæ скъолаты ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр сæрмагонд цæттæкæнынады курс ацæуынц æмæ фæлварæнтæ радтынц.
— Сергей Меняйло алы районы дæр Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ бæстон цæттæкæнынады центртæ байгом кæныны фæдыл бардзырд кæй радта, уый нымайын раст уынаффæ. Ахуырады бынат нæ нымайгæйæ, алы сывæллонæн дæр хъуамæ уа Иумæйаг паддзахадон фæлварæн нывыл уагæй радтыны æмæ бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæныны фадат, — загъта Алыбегты Эллæ.
Ныртæккæ нæ республикæйы чи кусы, Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæкæнынады уыцы цалдæр центры ахуырад æххæст кæнынц æхцайыл. Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ скъолатæ кастфæуæвæг лæппуты æмæ чызджыты чи цæттæ кæны, хицæнæй кусæг уыцы репетитортæ иу ахуырад баххæст кæнынц, рæстæмбис нымадæй, мин сомыл.
Саутæты Тамилæ














