Ацы къуыри УФ-йы Федерацийы Советы уæнгтæ сæ куыст кæнынц регионты. Уæрæсейы парламенты уæллаг палатæйы Цæгат Ирыстоны минæвар Виталий Назаренко дæр ацы бонты кусы республикæйы. Сенаторæн ныридæгæн цалдæр ахсджиаг фембæлды уыд æхсæнадон организацитæ æмæ æндæр структурæты минæвæрттимæ.
Афтæ, Виталий Назаренкойæн сæрмагонд фембæлд уыд РЦИ-Аланийы Фæсивæдон парламенты уæнгтимæ. Æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги, Фæсивæдон парламенты разамонæг Аслæмырзаты Азæмæт æмæ ацы уынаффæйадон оргæны уæнгтæ.
Ныхасы архайджытæ бæстон æрдзырдтой паддзахадон фæсивæдон политикæйы сæйрагдæр уагæвæрдтæ царды уадзыныл, æрыгон фæлтæры минæвæртты закъонæвæрынадон архайдмæ æмхиц кæнын æмæ æндæр фарстатыл. Фæсивæдон парламенты уæнгтæ бæлвырд фæндæттæ бахастой, æрыгон фæлтæры тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæны, уыдон ахадгæдæр хуызы лыг кæныны фæдыл.
— Æхсызгон мын уыд, æхсæнады царды ахсджиагдæр фарстатæм республикæйы æрыгон парламентаритæ къæрцхъус кæй сты, уый. Ныфс мæ ис, иумæйаг хъарутæй æппæт бæрæггонд хъуыддæгтыл дæр кæй бакусдзыстæм, уымæй, — фембæлды фæстæ фæбæрæг кодта Виталий Назаренко.
Фæстæдæр сенаторæн фембæлд уыд республикæйы цæрджыты къордимæ. Адæм фембæлдмæ æрбацыдысты сæ тыхстаг фарстатимæ. Сæ куырдиæттæ баст уыдысты социалон бадзырдтæ бафыссыны, республикæйы хъæутæй иуы сывæллæтты клуб саразыны, æнахъомтæн лагертæ æмæ дзæбæхгæнæн кусæндæттæм балцæгтæ дæттыны, уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæм бацæуын æмæ æндæр ахæм фарстатимæ.
Фембæлдмæ æрбацæуæг адæммæ лæмбынæг байхъусгæйæ, сенатор зæрдæ бавæрдта, федералон закъонæвæрынад цы фадæттæ дæтты, уыдоны бындурыл æппæт куырдиæттæм дæр каст кæй æрцæудзæн, уымæй.
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон аудынады штабы бæстыхайы та Виталий Назаренко архайдта чиныг «Хæлардзинад æмæ фæрнджын хъуыддæгты азфыст»-ы презентацийы (ацы иртасæн куыст мыхуыры рацыд цæгатирыстойнаг национ-культурон æхсæнад «Русь»-ы сарæзты 30 азы кадæн).
— Чиныгæн йæ ном дæр — «Хæлардзинад æмæ фæрнджын хъуыддæгты азфыст» — ирд æвдисæн у, Цæгат Ирыстоны бирæнацион адæмы ‘хсæн иудзинад кæй ис, уымæн. Чиныджы бæлвырдгонд æрцыд æхсæнад «Русь»-ы бирæвæрсыг æмæ ахадгæ куыст, — йæ раныхасы бафиппайдта сенатор.
Æлборты Зæлинæ,
УФ-йы сенаторы
æххуысгæнæг














