Рассветы хъæу

0
264

Скъола æмæ рæвдауæндон

Иуæрдыгæй скъолайы дзæнгæрæг райхъуысы, инннæрдыгæй та сабиты сихоры хуыстмæ цæттæ фæкæнынц — афтæ иу кæрты æрбынæттон сты Рассветы хъæуы скъола æмæ рæвдауæндон.

Цалдæр азы размæ, бæрнон адæмты уынаффæмæ гæсгæ, скъола ссис 9-къласон, хистæр кълæсты ахуырдзауты та æрвылбон автобусæй ласынц Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъоламæ. Дæлхайадæн разамынд дæтты директоры хæдивæг Гуыбаты-Гасанты Лейлæ. 1997 азы æрыгон чызг каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ филологы дипломимæ кусын райдыдта Рассветы. Абон дæр æрымысы, куыд æхсызгонæй йыл сæмбæлдысты директор, фæлтæрдджын ахуыргæнæг Хуырымты Еленæ, стæй æппæт коллектив дæр.
Ныртæккæ рæвдауæндонмæ цæуы 11 сабийы. Бæстыхай кæд рагон у, уæддæр æм базилынц, у хъарм æмæ сыгъдæг.

Тæхуды, дзурын куы зониккой скъолайы зæронд къултæ, уæд зæгъиккой, цал æмæ цал чызджы æмæ лæппуйы афæндараст сты йæ къæсæрæй царды уæрæх фæндагмæ. Нырыккон бирæуæладзыгон ног арæзт скъолаты никуы уыдзæн ахæм рæвдаугæ ахастдзинæдтæ. Йæ алы къуым дæр у райдзаст, аивгонд, скъоладзау зонындзинæдтæ кæмæй райсдзæн, ахæм æрмæгæй — æххæст.


    Гасанты Лейлæ куыд зæгъы, афтæмæй 2019 азæй фæстæмæ сты Æрыдоны скъолайы дæлхайад, ахуырдзаутæй 10 сывæллоны полилингвалон программæйы бындурыл ахуыр кæнынц хъæуы, дæс чызджы æмæ лæппуйы та районы центрмæ ласынц.
Æрвылбон рæвдауæндоны сабитæ æмæ райдиан кълæсты сывæллæттæн цæттæ кæнынц хъарм хæринаг. Сæ куыст раппæлинаг у хæринаггæнджытæ Гуырцъыты Светланæ æмæ Гусалты Беллæйæн.

Лейлæ арфæйаг у ахуыргæнджытæй дæр. Бирæ азтæ рæзгæ фæлтæры хъомыладæн радтой педагогон фæллойы ветерантæ Кодзаты Аллæ, Хуырымты Еленæ, Кодзаты Олег, Къадзаты Светланæ æмæ Тезиаты Людмилæ. 30 азæй фылдæр хъомылгæнæгæй кусы Ногъайты Мæдинæ. Музыкæйы зæлтимæ сæ зонгæ кæны Куымæриттаты Езнаидæ. Раппæлинаг куыст кæнынц автобусы шофыр Еналдыты Павлик, хъахъхъæнджытæ Касаты Таймураз æмæ Тотраты Зæлинæ, хæдзарадон фарстатыл дзуапп дæтты Бедойты Ирбег, кæрты сыгъдæгдзинадмæ та кæсы Гулиты Тельман.
— Нæ куысты сæйраг нысан у сывæллæтты рæвдауын, се ‘нæниздзинад сын фидар кæнын, рæзгæ фæлтæры царды раст фæндагыл аразын, — зæгъы Лейлæ. — Æнгом æмæ куыстхъом коллективы алчидæр уарзы æмæ зоны йæ куыст. Ис нæм лыггæнинаг фарстатæ дæр, фæлæ нын фидæны азмæ ныфс æвæрынц, нæ уарзон скъола бындурон цалцæг кæй æрцæудзæн, уымæй. Кæддæриддæр нын алывæрсыг æххуыс бакæны нæ хъæуы администрацийы сæргълæууæг Бирæгъты Вадим, нæ фарсмæ сты хъæуккаг амалхъом адæм Ногъайты Владимир, Еналдыты Хъазыбег, Бирæгъты Сослан, Еналдыты Алан. Дард Уæрæсейы цæргæйæ, нæ рох кæны йæ хъæубæстæ Еналдыты Артур, йæ æхсызгон лæвæрттæ æрбарвиты нæ сабитæн.
Скъолайы куыстмæ сæ цæст дарынц районы хицауад æмæ ахуырады управлени, Æрыдоны 1-æм скъолайы директор Бæцойты Тамарæ.

Нæ иумæйаг хæдзар

«Фыдæй фыртмæ фæлтæртæ кæрæдзимæ лæвæрдтой, хистæртæ нын цы хорз æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон. Цæсты гагуыйау сæ бахъахъхъæдтам мах дæр æмæ сæ цæстуарзонæй кæстæртæн амонæм. Уæздандзинад, куыстуарзондзинад, хистæрæн кад кæнын, циндзинад æмæ зианы æгъдау дæттын, фæсивæды разæнгард кæнын ахуырмæ æмæ ма бирæ хорз хъуыддæгтыл архайы хъæубæстæ», — райдыдта йæ ныхас Рассветы хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Бирæгъты Вадим.

Æртыккаг æмгъуыдмæ йæ равзæрстой адæм, баууæндыдысты йыл, æмæ Вадим ныфсджынæй архайы йæ уарзон хъæубæстæн исты хорздзинæдтæ скæныныл.

Куыд цæры абон Рассветы хъæу? Цы сæм ис бафæзминагæй, стæй, сæ тыхст цæуыл у? Ацы фарстытæн дзуапп дæтгæйæ, Бирæгъты Вадим загъта:

— Нæ хъæуы цæрджыты нымæц у 507 адæймаджы, хæдзæрттæ нæм ис 154, уыдонæй 25-ы бæрц сты æдзæрæг. Фæлæ бирæтæ фæстæмæ здæхынц сæ фыдæлты зæхмæ, аразынц ног хæдзæрттæ, æмæ уый æхсызгон у алкæмæндæр. Закъонмæ гæсгæ сын зæххы хай радих кæнæм. Ног хæдзæрттæ аразынмæ бавнæлдтой Хозиты Сослан, Къадзаты Уырызмæг, Къадзаты Алан, Бирæгъты Олег.

Цæрынæн нæм ис алы фадат дæр — æрдзон газ, электрон тых, нуазыны дон та ныр алы хæдзары дæр сты парахатæй. Республикæ æмæ районы Хицауады архайдæй нæм кусы ног донцъирæн. Доны хæтæлтæй дыууæ километры бæрц баивтам, ацы куыст кæронмæ ахæццæ кæндзыстæм.

Хъæуы фæндæгтæм дæр зилæм, уынгты изæрыгæтты рухс судзы. Адæмы удæнцойæн нæм ис ног арæзт, алцæмæй ифтонг фелсырон пункт, бастдзинады хайад, Культурæйы хæдзар, сывæллæтты рæвдауæндон, скъола, дукани, афтек. Иузæрдионæй кусæм нæ хъæуы сыгъдæгдзинадыл. Разы стæм куыстуат «Эра»-йы архайдæй. Къуыри иу хатт сæ хæдтулгæ æрзилы уынгты æмæ хæдзарон бырон аласы. Уымæй уæлдай, саразæм иумæйаг зиутæ дæр.

Архайæм федералон æмæ регионалон программæты. Уыдоны бындурыл аивгонд æрцыдысты нæ хъæумæ æрбацæуæнтæ. Нартыхъæуы фæзилæнæй суанг Рассветмæ ныр 8 километры ис ног асфальт фæндаг. Уымæ гæсгæ нæм æхсæнадон транспорт хуыздæр цæуын райдыдта.

Фыййаджыдон-иу арæх раивылд, тæссаг уавæры-иу уыдыстæм, ныр цæугæдоны былгæрæттæ æфсæн-бетон къæйтæй фидаргонд æрцыдысты, æмæ уымæй æнæмæт стæм.

Нæ хъæуы фидауц у, нæ фыдæлтæ 60-æм азты райдиан кæй ныссагътой, уыцы парк. Æрвылаз æм базилæм, бузныг нæ хъæуккæгтæн, чи — техникæйæ, чи æхцайы фæрæзтæй фæкæсы. Хус бæлæсты бæсты дзы ныссагътам сырх тулдзы талатæ.

Риссаг фарста у, хъæуы цæрджытæн куысты бынæттæ кæй нæй, уый. Уымæ гæсгæ фæсивæдæй бирæтæ сахармæ цæуынц. Ме стыр бæллиц у, цæмæй нæм чысыл куыстуæттæ фæзына, æмæ архайæм ацы фарстайыл.

Хъæуы адæмæн æнæ фосæй, æнæ цæхæрадонæй зын цæрæн у. Зивæг чи нæ кæны, уыдонмæ ис æхсыр, цыхт, дзидза, айк.

Раздæры совхозы зæххытыл кусынц нæхи лæппутæ. Фермерон хæдзарæдты разамонджытæй сæрæндæр архайынц Еналдыты Артур æмæ Алан, Бураты Валерик, Ужегаты Марат, Еналдыты Хъазыбег, Хозиты Тимур æмæ иннæтæ. Алкæмæдæр сæ ис мæркусæн техникæ, сæ зæххыты байтауынц нартхор, хорз нæм æрзайы картоф дæр. Сæ исбонæй фæхайджын кæнынц æххуысхъуаг бинонты, — загъта Вадим.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг хъæумæ æрбацæуæны, рахизæрдыгæй, арæзт æрцæудзæн ног фæндаджы уаццаг, æфсымæрон ингæнтæм хæстæг. Ныгæд дзы æрцыд 600 хæстонæй фылдæр. «Русгидро» æмæ бархионты архайдæй бирæты нæмттæ сбæрæг сты. Цырт саразыныл та бакуыста не ‘мзæххон, скульптор Хуытъинаты Лазыр.

Сывæллæттæ цæмæй сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитой, уый тыххæй сын скæндзыстæм хъазæн фæз. Ныридæгæн уал ын йæ бынат сбæлвырд кодтам.

Иумæйагæй кусынц хъæуы депутаттæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ:  Бирæгъты Майрæм æмæ Валерик, Хуытъинаты Витя, Хуыбаты Сергей, Хуыбаты Гульнарæ æмæ Гасанты Лейлæ. Ныр 20 азæй фылдæр администрацийы специалист Кодзаты Людмилæ æнæзæрдæхудтæй лæггад кæны адæмæн.

— Чысыл, фæлæ æнгом, куыстуарзаг хъæу стæм, лымæнæй цæрæм алкæимæ дæр. Нæ фæсивæдæй ныфсджын стæм. Уыдон кæй бафæзмой, ахæм куырыхон хистæртæ ис Рассветы, — зæгъы Бирæгъты Вадим.

Алкæд — йæ бынаты

Дзæуджыхъæуæй цæмæй Рассветмæ бахæццæ уай, уый тыххæй дæ 24 километры ацæуын хъæуы.
Æнæмæтæй автобусы сбад, æмæ дæ шофыр Дашиты Алан уайтагъд бахæццæ кæндзæн хъæумæ, стæй фæстæмæ дæр. Уæзданæй лæггад кæны цæрджытæн. Шофырæй кусы 40 азы, уыдонæй авд азы — автоколоннæ 1210-ы. Автотранспортон куыстуаты разамынд иудадзыг кæсы хæдтулгæты техникон уавæрмæ, цæмæй бæлццæттæн сæ фæндаг æдас æмæ æдыхст уа.
Райсомы авд сахатыл Алан вæййы йæ бынаты, чи — ахуырмæ, чи куыстмæ фæтагъд кæны, æмæ хæдтулгæ уайтагъд айдзаг вæййы.
Адæмы зæрдæхудты мацæмæй бацæуын Дашийы-фырт нымайы йе стырдæр хæсыл. Уый тыххæй арæх фехъусы арфæйы ныхæстæ.

Культурæйы артдзæст

Рассветы хъæуы Культурæйы хæдзар фыццаг хатт йæ дуæрттæ байгом кодта ивгъуыд æнусы 70-æм азты райдиан. Бирæ курдиатджын фæсивæд дзы сæ арæхстдзинад æвдыстой кафынæй, зарынæй, архайдтой драмон къорды. Абон дæр культурæйы артдзæстмæ тырнынц фæсивæд. Къутæрты-Калоты Фатимæ дзы директорæй кусы 1981 азæй нырмæ. Йæ зæрдæ никуы сивта йæ равзæрст дæсныйадыл.

— Бирæ азты нæ бæстыхай цалцæггонд никуы уыд, фæлæ нын æй 2021 азы «Хъæууон фæзуæтты райрæзты» паддзахадон программæйы фæлгæты бындурон цалцæг скодтой. Баивтой йын йæ сæр, пъолтæ, дуæрттæ æмæ рудзгуытæ, ног хæдзары дзаума нæм фæзынд. Æмбырдтæ аразæн зал æмæ сценæ дæр сæ хуыз скалдтой. Сæйрагдæр та нæм ныртæккæ хъарм æмæ райдзаст у, — зæгъы Фатимæ.
Культурæйы хæдзары директор нын радзырдта, ирон кафты къордмæ кæй цæуы 15 сывæллоны, 7 азæй 14 азы онг. Разамынд сын дæтты Илаты Чермен, фæндырæй цæгъды Туаты Оля. Амонынц сын алы кафты фæзилæнтæ. Уæлæдарæсæй дæр хъуаг не ‘ййафынц.
Методист Хуыбаты Гульнарæ та чызджыты къордимæ кусы, амоны сын æндахæй бийын. Ацы зонындзинæдтæ сæ царды æнæмæнг бахъæудзысты.
Къутæрты Фатимæ йæхæдæг разамынд дæтты драмон къордæн. Йæ архайджытæ сты алы кары, алы дæсныйæдтыл хæст адæм. Бацæттæ кæнынц хъæлдзæг пьесæтæ, адæмы зæрдæмæ цæуы сæ архайд.
Культурæйы хæдзар æмгуыст кæны скъола æмæ чиныгдонимæ. Иумæ саразынц цымыдисаг бæрæгбæттæ, зындгонд адæмимæ фембæлдтытæ. Фæсивæдæн фадат ис теннисæй, нардытæ, шахмæттæ æмæ шашкæтæй хъазынæн.
— Ме стыр бæллиц у, цæмæй нæ культурæйы хæдзары уа кинонывтæм кæсынæн хъæугæ ифтонггарз. Нæ курдиат балæвæрдтам районы культурæйы управленимæ. Хъæуы нæ æхсызгон дала фæндыртæ дæр. Куыст къуылымпы кæны, хистæркъласон ахуырдзауты æрвылбон Æрыдоны скъоламæ кæй ласынц, уымæй, — загъта Фатимæ.
Культурæйы хæдзары дуæрттæ кæддæриддæр гом сты, аивад чи уарзы, уыцы адæмæн.

Адæмы удæнцойдзинадæн

Æнæниздзинад æппæты стырдæр хæзна у. Адæймагæй исты куы сриссы, уæд йæ фæндаг саразы дохтыртæм.

Ныр 22 азы адæмæн лæггад кæны фелсыр Бураты Земфирæ. Бирæ азты размæ йæ цард медицинæимæ сбаста æмæ йыл абон дæр æнувыд у. Земфирæимæ фембæлдыстæм ногарæзт, алцæмæй ифтонг фелсырон-акушерон пункты. Байгом æй кодтой 2020 азы. Парахат æмæ райдзаст бæстыхайы ис æппæт уавæртæ дæр.

— Стыр бузныг зæгъын, ацы хорздзинад Рассветы цæрджытæн чи скодта, уыдонæн. Ис нæм хъæугæ хостæ фыццаг медицинон æххуыс бакæнынæн, кусы афтек дæр, туджы бæрæггæнæнтæ дæр ам раттæн ис, — зæгъы Земфирæ. — Нæ хъæуы цæрджытæ арæхдæр хъаст кæнынц зæрдæйы низтæй, туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, ахæмтæ дæр бирæ сты. Зымæджы мæйты та æхснырсæг сарæх вæййы. Нартыхъæуы амбулаторийы дохтыр Тебиаты Раисæимæ æндæр специалистты рафыст амындтытæй буармæ хос бауадзæм, æнæфæразгæ рынчынтæм та ацæуæм сæ хæдзæрттæм. Ис нæм «тагъд æххуысы» хæдтулгæ, йæ шофыр — Бигъуылаты Алан. Æрыдонæй къуыри иу хатт ссæуы сывæллæтты дохтыр Томайты Фатимæ.
Адæмы удæнцойдзинадæн цы хъæуы, уымæ иудадзыг кæсы районы рынчындоны сæйраг дохтыр Хаситы Илонæ.
Бураты Земфирæ куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд аз Рассветы хъæуы райгуырд дыууæ сывæллоны.

Чингуыты къæбиц

Зымæджы мæйты æвдæлондæр вæййынц хъæуы цæрæг адæм, æмæ уæд бирæтæ сæ къухмæ райсынц чиныг.

— Хорз чиныджы æхсызгондзинад ницавæр Интернет æмæ æндæр технологитæ баивдзысты, — зæгъы Рассветы чиныгдоны кусæг Тебиаты Гæлинæ. Ныр 27 азы иудадзыг лæггад кæны адæмæн. Чиныгдон æрбынæттон ис Культурæйы хæдзары дыккаг уæладзыджы. Йæ фонды ис 15 мин чиныгæй фылдæр.
— Хъæугæ чиныг райсынмæ нын баххуыс кæнынц районы сæйраг чиныгдоны кусджытæ, сæ хицау — Хъуппеты Жаннæ. — Нæ чиныгдонмæ арæхдæр цæуынц скъоладзаутæ æмæ хистæр кары адæм. Нæ хорз хæлæрттæ сты Туаты Симæ, Хозиты Зоя, Гусаты Валентин, Къадзаты Зоя, раппæлинаг сты скъоладзаутæ Кодзаты София æмæ Ангелинæ, Къадзаты Батрадз æмæ иннæтæ. Фылдæр агурынц нæхи ирон фысджыты чингуытæ.
Æнгом æмгуыстад нын ис хъæууон клуб, скъола æмæ рæвдауæндонимæ. Иумæ саразæм зæрдæмæдзæугæ равдыстытæ, хъæлдзæг бæрæгбæттæ. Архайын, цæмæй сабитæ сæ гыццылæй фæстæмæ банкъарой чиныджы пайда.

 

Посты хайады лæггæдтæ

«Фæстаг хабæрттæ бакæсут», — арæх фæзæгъы постхæссæг БирÆгъты Мæдинæ, газеттæ уаргæйæ. Рассветы посты хайады кусы æртæ азы, уыцы иу рæстæг дзы у хицау дæр.



Куыд базыдтам, афтæмæй газеттæ æмæ журналтæ байуарын, коммуналон фиддонтæ æмæ æндæр лæггæдтæ посты хайад ныр кæны бонцухæй. Ам балхæнæн ис хæдзары хъæугæ дзаумæттæ, мигæнæнтæ, суанг тауинæгтæ дæр.
Мæдинæйы куыстæй адæм разы сты, уæлдайдæр та, æрвылаз цалдæргай газеттæ чи рафыссы, уыдон. Йæ æрбацыдмæ фенхъæлмæ кæсынц Еналдыты Ритæ, Кодзаты Олег, Изольдæ Горбунова, Гаджиты Рæхимæт, Хозиты Людмилæ æмæ иннæтæ. Газеттæ кæд фæзынаргъ сты, уæддæр сæ хистæр кары адæм фыссынц, фæсивæд та се ‘ргом Интернетмæ аздæхтой.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here