Ивгъуыд азы райдайæнæй нырмæ бæстæйы Социалон фонд кæй фиды, уыцы иумæйаг пособи æвæрыны рæстæг бинонты æфтиæгтæ æмæ сæ исбон сбæлвырд кæнынц.
Хæдбарæй кусæг адæймаджы уагæвæрд кæмæ ис, ахæм ныййарджытæн дæр ис социалон æххуысы амынд мадзалы фæдыл Социалон фондмæ бахатыны бар. Иумæйаг пособи æвæрыны рæстæг фароны 1 декабрæй фæстæмæ архайы хæдбарæй кусæг ныййарджыты æфтиæгтæ нымайыны ног фæтк.
— Амæй размæ пособи æвæрдтой æфтиаджы цыфæнды бæрцы рæстæг дæр (æфтиаджы бæрц хыгъды афоны иу мæймæ кæд мин сомы уыд, уæд дæр). Æппæт хыгъдон рæстæгмæ æфтиаджы бæрц æппынкъаддæр дыууæ тæккæ къаддæр мызды бæрц кæд у, уæд дæр фыццæгæм декабрæй фæстæмæ пособи сæвæрынц. Уыимæ, уæвæн ис, æмæ æхца æрвылмæй не ‘фтдзысты, — загъта амынд фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Таболты Сергей.
Хæдбарæй кусæг адæймаджы хæс у хыгъдон рæстæджы 12 мæймæ 32484 сомы бакусын (куырдиат кæд 2023 азы 1 декабры фæстæ барвыстой, уæд), кæнæ та 38484 сомы бакусын (куырдиат кæд ацы аз барвыстой, уæд).
Æхца æппæт 12 мæйы дæргъы кæд не ‘фтыдысты, уæд тæккæ къаддæр лимит нымайынц пропорцион уагæй: 2 тæккæ къаддæр мызды / 12 х хæдбарæй кусынæй æхца кæд æрбафтыд, уыцы мæйты нымæц. Æхцайы бæрц мæйтæм гæсгæ нæ уарынц — бæлвырд кæнынц хæдбарæй кусыны æмгъуыдмæ гæсгæ æфтиаджы иумæйаг бæрц.
Хынцынады дæнцæг:
Хæдбарæй кусæг адæймаджы срегистраци кодтой 2023 азы августы. Пособийы фæдыл куырдиат 2023 азы декабры кæд барвыстой, уæд амынд уагæвæрд уыд хыгъдон рæстæджы 3 мæйы дæргъы.
Иумæйаг пособи сæвæрынæн тæккæ къаддæр æфтиаджы бæрц у 8121 сомы. Август æмæ сентябры æхца не ‘фтыдысты, октябры та — 10 000 сомы. Пособи сæвæрынæн æууæл нымайынц.
Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады контакт-центр: 8-800-100-00-01 (къуырисæрæй цыппæрæммæ — 9 сахатæй 18 сахаты онг, майрæмбоны та — 9 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).
УФ-йы Социалон
фонды цæгатирыстойнаг
хайады пресс-службæ














