Фæстæмæ сæ арвыстой

0
287

«Россельхознадзор»-ы цæгаткавказаг регионты иумæйаг управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цæгатирыстойнаг уадзæн бынат «Уæллаг Ларс»-ыл æрбафтæг кæсæгтæ хъомыл кæнынæн фæсарæйнаг холладжы бæрц фæкъаддæр.

Мæйы дæргъы паддзахадон арæныл цæст дардæуыд 20 тоннæйæ фылдæр холладжы æрмæст иу хаймæ. Уæвæн ис, æмæ фыдыбæстон холладжы рауагъды бæрц кæй фæфылдæр, амынд æууæл уыимæ баст у.
Зæгъæм, Сомихы фирмæ «Меларм» Тæтæры республикæмæ кæй арвыста, ацы азы 9 февралы паддзахадон арæныл 20,845 тоннæйы бæрц кæсаджы уыцы холладжы сой бынатыл (лабораторон иртæстыты бæрæггæнæнтæ, лабораторийы ном æмæ экспертизæйы хатдзæгтæ ветеринарон сертификаты амынд кæй нæ уыдысты, уый нымайгæйæ, холлаг баурæдтой). Рахастæуыд товар фæстæмæ арвитыны уынаффæ, товарисæгæн та æмбæлгæ хабар фехъусын кодтой.
Амæй размæ амынд хуызы аиппытæ кæй раргом сты, уый нымайгæйæ, «Россельхознадзор»-ы управленийы паддзахадон инспектортæ кæсæгтæ товарон уагæй хъомыл кæнынæн холладжы 2 хайы (сæ иумæйаг уæз — 44 тоннæйы) баурæдтой æмæ сæ фæстæмæ Сомихы республикæмæ арвыстой.

«Россельхознадзор»-ы Цæгат Кавказы регионы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here