Цæгат Ирыстоны ис сæрмагонд экскурсиамонæг. Дзантиаты Надеждæ нæ республикæйы у гобитæн иунæг аттестацигонд гид.
Ацы чызг йæхæдæг хъусæй рæвдз нæу. Балцытæм æргомздахæг Надеждæ туризмы къабазы йæхи бафæлварыны фæнд скодта. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуырадон курс кастфæуæг æмæ аттестацигонд гиды официалон æвдисæндар райсæг чызг ныр æртæ азы дæргъы кусы хъусæй рæвдзнæуæвæг адæмæн экскурсиамонæгæй.
Надеждæмæ ис уазджытæн алыхуызон программæтæ. Къухтæй амонгæйæ, чызг адæмæн радзуры Дзæуджыхъæуы рагон царды, стæй нæ хæхты æмæ нæ адæмы æгъдæутты тыххæй хабæрттæ. Бирæ уæрæсейаг регионтæй æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй туристтæ экскурсиамонæгмæ ‘рбацæуынц.
Афæдзæй-афæдзмæ туристтæ нæ республикæмæ фылдæр æргом здахынц. Балцытæн гæрæнтæ æвæрд цæмæй ма уа, уымæн ахъаз кæнгæйæ, Дзантиаты Надеждæ æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ адæмæн æххуыс кæны ног хæлæрттæ ссарын æмæ Ирыстон хуыздæр базонынæн.
Саутæты Тамилæ














