Равдыст «Уæрæсе»: Амалхъомады бон

0
221

Мæскуыйы дарддæр йæ куыст кæны дунеон форум «Уæрæсе». 27 февралы форумы арæзт æрцæудзæн Амалхъомады бон. Уæрæсейы æппæт регионты (уыдонимæ — Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр) делегациты уæнгтæ æрдзурдзысты амалхъомады къабазы абоны уавæр æмæ йæ дарддæры райрæзты нысантыл.

«Уыцы бон равдысты павильонты алыхуызон мадзæлттæ арæзт æрцæудзысты, куыд амалхъомады компаниты минæвæрттæн, афтæ, фидæны амалхъомадон архайд райдайынвæнд чи кæны, уыцы хъæппæрисджын адæмæн дæр. Фæстаг азты бирæ æвæрццæг ивддзинæдтæ æрцыд хицауады оргæнтæ æмæ амалхъомады къабазы минæвæртты ‘хсæн. Хицауад æмæ амалхъомты ‘хсæн сфидар сты æнгом æмæ пайдайаг æмархайды уагæвæрдтæ, куыст цæуы ахадгæ проекттыл. Æхсæнад дæр ивы йæ ахаст амалхъомады фарстатæм. Зæгъæм, фылдæрæй-фылдæр адæм сæ хъарутæ æвзарынц бизнесы, паддзахад дæр къабазы дарддæры райрæзтæн аразы уæлæмхасæн аудæн мадзæлттæ. Иу ныхасæй, Амалхъомады боны программæйы бынат уыдзæн бирæ цымыдисаг фембæлдтытæн: арæхстдзинад равдисынæн, «тымбыл стъолтæн», лекцитæн, презентацитæн… Уыцы бон равдыстмæ чи æрбацæуа, уыцы адæмæн уыдзæн уæрæсейаг регионты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады компаниты продукцийæн аргъ скæныны фадат», — журналисттæн радзырдта УФ-йы экономикон рæзты министры хæдивæг Татьянæ Илюшникова.
Уыцы егъау мадзалмæ сæхи цæттæ кæнынц Цæгат Ирыстоны профилон ведомствæтæ дæр. Уыдонимæ — республикон центр «Мæ бизнес». Центры бæрнон кусæг Тедеты Янæ «Рæстдзинад»-æн куыд радзырдта, афтæмæй уыцы бонмæ республикæ цæттæ кæны бирæвæрсыг æмæ цымыдисаг программæ. «Нæ делегацийы уыдзысты хицауадон оргæнтæ, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады куыстуæтты минæвæрттæ, стæй эксперттæ æмæ аивадон коллективтæ. Уыдон архайдзысты, Цæгат Ирыстоны экспозици æмæ иннæ стендты цы бирæ фембæлдтытæ сараздзысты, уыдоны. Зæгъæм, форумы уазджытæн æрмдæсны Бзарты Аланæ нымæт цæгъдыны хъуыддаг равдисдзæн, Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон колледжы директор Æбиты Валери та йе ‘ххуысгæнджытимæ амондзæн ирон чъиритæ кæныны сусæгдзинæдтæ. Ахæм цымыдисаг фæткы бындурыл цæттæгонд цæуынц программæйы иннæ авналæнтæ, презентацитæ æмæ æндæр мадзæлттæ дæр», — радзырдта Янæ.
Нæ программæйы ирддæр мадзæлттæй иу, æнæмæнг, суыдзæн цæгатирыстойнаг компани «Z’KOD»-ы хуыд уæлæдарæсы презентаци. Ацы куыстуаты дæнцæгыл цæгатирыстойнаг центр «Мæ бизнес» бакусдзæн республикон амалхъомадон компаниты продукцийæн иннæ регионты базартæм уæрæхдæр фæндаг агурыныл.
Амалхъомады боны фембæлдтытæ йæ аивадæй барæсугъд кæндзæн адæмон кæфтыты мæскуыйаг ансамбль «Алани». Ирон кæфтытæ акæнынæй уæлдай, Мурасты Тимур æмæ ансамблы уæнгтæ, форумы уазджытæй кæй бафæнда, уыдонæн бацамондзысты «Симд»-ы кафт.
Æмæ ма иу хабар. Æппæт фембæлдтыты кæронбæттæны Цæгат Ирыстоны экспозицийы уазджытæн уыдзæн адæмон промыслæты куыстуæтты конд зæрдылдарæн лæвæрттæ рамбулыны фадат. Уыимæ, сæйрагдæр зæрдæлхæнæн та суыдзæн туристон балцæг Ирыстонмæ.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here