Дыгургомы Уæхъæцы хъæуы æрцыд ацы худæджы хабар. Хохы ма ныр дæр цæрынц уæлындзсæр хæдзæртты. Фыццаг уæладзыджы дарынц фос, дыккаджы та вæййынц сæхæдæг.
Иу сæрдыгон райдзаст бон Зæрæдайы авдаздзыд æнæрцæф фырты фырт Ацæ фыдуаг митæ кодта æмæ куыддæртæй уæлындзæй æрхауд, зæххыл, мæгуырæг, йæ тъæпп фæцыд. Хуыссы, нал змæлы, æвæццæгæн, бауадзыг. Зæронд ус дын уый ауыдта, цы, – йæ рустæ æмæ йæ урс дадалитæм тонынмæ фæлæбурдта, йæ уæрджытæ æрхоста. Хистæртæ йæ зонынц, ахæм заман, цæмæй йын мацы уа, фыдбылызæй аирвæза, уый тыххæй æрхауæджы алыварс фæхъæуы кардæй, йе та æндæр цыргъагæй тымбыл зиллакк æрхахх кæнын.
Зæрæда йæ гыццыл лæппуйы фервæзын кæныны тыххæй йæ цард дæр нæ бавгъау кодтаид, йæхи хойгæ асинтыл бынмæ æрцæйтахт, афтæмæй йæ дзыхы дзаг хæдзармæ хъæр кæны:
– Марадз, тагъд кард радавут!..
Уæдмæ Ацæ дæр йæхимæ цæуын райдыдта æмæ, йæ нанайы ныхæстæ йæ хъустыл куы сæмбæлдысты, уæд тугтарст фæци, фæгæпп ласта æмæ хъæуы быны ‘рдæм ныййарц ис. Хъуыддаг чи нæ бамбæрс-
та, уыцы сыхæгтæй йæ чидæр афарста, кæдæм лидзыс, зæгъгæ. Лæппу йæм лæугæ дæр не ‘ркодта, афтæмæй йын уыцы удаистæй дзуапп ратта:
– Нана мæ æргæвдын-
мæ хъавы!..
Гапбаты Алетæ














