Хæрзиуджытæ – Дард Хурыскæсæнæй

0
325

Ивгъуыд къуыри Владивосточы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй цыдысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгæтты (18 азы онг) ’хсæн.

Дард Хурыскæсæны нæ бæстæйы фыццаг бынат рамбулыныл ерыс кодтой фондзсæдæ æрыгон богалæй фылдæр. Уыдоны ’хсæн уыдысты Цæгат Ирыстоны æхсæз минæвары. Нæ лæппутæ сæхи равдыстой сæрæнæй, æмæ цы уæзты хæцыдысты, уым иууылдæр бахаудтой фыццаг фондз бынæттæм рацæуæг богæлтты номхыгъдмæ.
Нæ лæппутæн бантыст иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ иу бронзæ майдантæ рамбулын. Уæлдай æнтыстджындæр рауад тренер Хаситы Таймуразы хъомылгæнинаг Мæргъиты Мараты архайд. 60 кг онг уæзы Марат цы фондз ныхмæлæууæгимæ фембæлд, уыдоныл се ’ппæтыл дæр фæуæлахиз æмæ бацахста 1-аг бынат. Йæ фембæлд-
тытæй æппæты цымыдисаг-
дæр рауад кæронбæттæны тох.
Йæ ныхмæлæууæг, Адыгейы Республикæйы минæвар Расул Духу, Маратæн радта тыхджын ныхкъуырд, æмæ, суанг фæстаг секундты онг дæр бæрæг нæ уыд, чи фæуæлахиз уыдзæн, уый. Сæ хъазуатон фембæлд ахицæн 12:12 хыгъдæй, фæлæ уæлахиз лæвæрд æрцыд Мæргъиты Маратæн, йæ рамбылд очкотæ хæрзхъæддæр кæй уыдысты, уый фæрцы.
Хорз рауад тренер Эмзар Карелидзейы хъомылгæнинаг Георгий Бутхудзейы архайд дæр. Георгий фарон 16 азы онг æрыгæтты ’хсæн ссис Уæрæсейы 1-аг бынат рамбулæг. Ныр 18 азы онг богæлтты ерысты, 120 кг уæзы хæцгæйæ, фæуæлахиз æртæ ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд Приморскийы крайы минæвар Дмитрий Ивановскиимæ. Ацы фембæлды дæр Георгий тырныдта уæлахизмæ, фæлæ рæдыд æруагъ-
та, æмæ уымæй спайда кодта йæ ныхмæлæууæг. Георгий Бутхудзе бацахста 2-аг бынат, æмæ уый банымайын хъæуы хорз æнтыстыл.
Ирыстойнаг богæлт-
тæй ма бронзæ хæрзиуæгæй хорзæхджынгонд ссис Цæмæхъаты Нарты хъомылгæнинаг Къадзты Алан. Уый фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл, фæлæ æрдæгкæрон-
бæттæны фæкъуыхцы æмæ ма уый фæстæ сарæхст 3-аг бынат рамбулыныл 92 кг онг уæзы.
Æмткæй райсгæйæ, нæ лæппуты бæрæггæнæнтæ хорзыл банымадта РЦИ-Аланийы иугонд командæйы сæйраг тренер Уруймæгты Владимир: «Махæн ахæм бæрнон ерыстæм нæ фадат нæ уыд фылдæр богæлттæ арвитын, фæлæ, кæй арвыстам, уыдон иууылдæр сты арфæйы аккаг. Кæд се ’ппæт хæрзиуджытæ нæ рамбылдтой, уæддæр равдыстой хорз цæттæдзинад, æмæ сæ мах стæм разы».

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here