Æхсыры куыстад рæзы

0
209

Нæ республикæйы агропромышленнон комплексы алы къабаз дæр ахсджиаг у. Цæгат Ирыстоны фос дарынц 127 куыстуаты. Паддзахад алывæрсыг æххуыс кæны фæллойгæнæг адæмæн. РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан куыд зæгъы, афтæмæй грантты æмæ субсидиты хуызы 2023 азы паддзахадон æххуыс радтой 145 милуан сомы, фос чи дары, ахæм хæдзарæдтæн.
«Дуцгæ хъуццытæ нæ регионы дарынц 109 хæ-дзарады. Æхсыры æрдыгъд, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, фæфылдæр 39 мин тоннæйы, – зæгъы министр.
Парахатдæр кæны фыстæ дарыны къабаз дæр. Ацы куыстмæ се ’ргом аздæхтой 68 хæдзарады. Мадæл фыстæ дарынæн, фермертæн сæ хæрдзты хай бафидынæн, стæй фысвосы нымæц сбирæ кæнынæн ивгъуыд аз субсидитæ радих кодтой 38,4 милуан сомы. Уымæй уæлдай, къабазы райрæзтæн грантты хуызы ивгъуыд аз радих кодтой 30,2 милуан сомы.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here