Скъолатæ, рæвдауæндæттæ æмæ æндæр ахуырадон кусæндæтты цалцæгæн

0
164

Парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ УФ-йы Рухсады министрады иумæйаг федералон штабы æмбырды бæстон ныхас рауад президентон программæтæ æххæст кæныныл. Штабы уæнгтæ сæйраг æргом аздæхтой, скъолаты бындурон цалцæджы программæйы уагæвæрдтыл регионты цы куыст цæуы, стæй рæвдауæндæттæ æмæ иннæ ахуырадон кусæндæтты модернизацийы программæ бацæттæ кæныныл цы архайд цæуы, уымæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй иумæйагахуырадон скъолаты бындурон цалцæджы президентон прог-раммæ æххæст кæнынмæ бавнæлдтой 2022 азы. Уæдæй нырмæ уæрæсейаг регионты бирæ скъолатæ бавзæрстой модернизаци. Уыцы фæлтæрддзинад хынцгæйæ, программæ-йыл куыст хæстæгдæр азты адарддæр уыдзæн. Уыцы куыстыл дзургæйæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы нымæрдар Андрей Турчак куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æрмæст 2024 азы программæйы фæлгæты федералон бюджеты фæрæзтæй бындурон цалцæггонд æрцæудзысты 1053 скъолайы.
Федералон штабы уæнгты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, уыцы куыстытæ сæххæст кæныны фæдыл организацион мадзæлттæ æппæт регионты афойнадыл æххæстгонд нæма æрцыдысты. Зæгъæм, иуæй-иу регионты нæма сбæлвырд кодтой, цалцæг кæй бæрны уыдзæн, уыцы подрядон организацитæ. Ахæм æууæл та, кæй зæ-гъын æй хъæуы, иуцасдæр фæкъуыхцы кæндзæн цалцæггæнæн куыстыты райдайæн. Цæмæй афтæ ма рауайа, уый тыххæй федералон штабы минæвæрттæ бæрнондæр ахаст æрдомдтой регионалон профилон ведомствæтæй.
Рухсады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, амынд куыстытæ фæ-къуыхцы сты 54 регионы. Уыимæ, цалдæр регионы нæма ахицæн сты, 2023 азы цалцæджы программæмæ цы объекттæ бахастой, уыдоны модернизацийы куыстытæ. Уыцы хъуагдзинæдтæ аиуварс кæныны нысанимæ федералон штабы минæвæрттæ сфидар кодтой сæрмагонд уынаффæтæ.
Дарддæр æмбырды архайджытæ се ’ргом аздæхтой рæвдауæндæтты, техникумтæ æмæ æндæр ахæм ахуырадон кусæндæтты федералон программæ бацæттæ кæныны фарс-тамæ. Куыд загъдæуыд, афтæмæй ахæм программæ йæ тыхы бацæудзæн 2025 азы. Регионты ныридæгæн цæттæ кæнынц, фыццаградон æгъдауæй цы рæвдауæндæттæ æмæ колледжтæ сцалцæг кæнын хъæуы, уыдоны номхыгъд-тæ, стæй рацарæзтæн хъæугæ проектон-сметон документаци. Уыдоны бындурыл арæзт æрцæудзæн амынд программæйы фыццаг къæпхæн.
Рухсады министр Сергей Кравцов куыд загъта, афтæмæй, ног программæйыл кусгæйæ, хыгъд æрцæудзæн скъолаты цалцæджы программæ æххæст кæнгæйæ, къухы цы фæлтæрддзинад бафтыд, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, рæвдауæндæтты цалцæджы программæйы уагæвæрдтæ нысан кæнгæйæ, каст цæудзæн, иу кæнæ иннæ регион бындурон рацарæзты пъланмæ хаст скъолаты нывыладыл куыд архайы, уымæ дæр.
Штабы уæнгтæ се ’ргом аздæхтой ахуырадон кусæндæтты æдасдзинад æмæ æндæр ахæм фарстатæм дæр.
Цæгат Ирыстоны кой кæнгæйæ, æнæзæгъгæ нæй, 2022-2023 азты республикæйы бирæ скъолатæ бындурон цалцæггонд кæй æрцыдысты, уый. 2024-2026 азты цалцæджы программæмæ та бахастой 51 цæгатирыстойнаг скъолайы. Уыцы объекттыл нысангонд куыстытæ афойнадыл райдайыны фарстамæ комкоммæ цæстдард ис РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйлойы ’рдыгæй.
«Ауалдзæг республикæ бавнæлдта 25 скъолайы бындурон цалцæгмæ. Иумæйагахуырадон скъолаты цалцæджы программæйы нæ республикæ ахадгæ хуызы архайы, 2022 æмæ 2023 азты нæ къухы бафтыд 66 скъолайы рацаразын (уыдоны ахуыр кæнынц 30 мин сывæллонæй фылдæр). Уыимæ, бæстыхæйтты бындурон цалцæгæй уæлдай, сæрмагонд фæрæзтæ нысангонд цæуы ног ифтонггæрзтæ, ахуырадон литературæ æмæ хъæугæ техникæ æлхæнынæн дæр» , – йæ телеграм-каналы ныффыста Сергей Меняйло.
«Иугонд Уæрæсе» æмæ ныййарджыты комитетты минæвæрттæ иудадзыгдæр бæрæг кæнынц, скъолаты цалцæджы графиктæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here