Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæдыл кусæг къорды радон доклад барвыстой Уæрæсейы Президентмæ. Амынд къорды разамонæг, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар Андрей Турчак куыд фехъусын кодта, афтæмæй доклад хæссы сæрмагонд операцийы архайджытæн зæххы хæйттæ лæвар дæттыны фæтк сбæлвырд кæныны фæндон.
«Закъон куыд амоны, афтæмæй адæймагæн ис паддзахадæй зæхх лæвар æрмæст иунæг хатт, иунæг бындурмæ гæсгæ райсыны бар. Амæй размæ зæххы хай ныййарæджы зæххы хайæ кæмæн радтой, амынд æууæл сæрмагонд операцийы ахæм архайджытæ æмæ бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинæгты бартæн гæрæнтæ æвæры», – фыссы Андрей Турчак йæ телеграм-каналы.
Уымæй уæлдай, кусæг къорд хæссы ипотекæмæ гæсгæ проценттæ фидынæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ссæрибар кæныны фæндон дæр. Ныртæккæ «æфстæутты каникулты» рæстæг æфсæддонтæн процентон ставкæйы бæрц æнæ ивддзинæдтæй ныууадзыны æууæл цæрæнуатонтæй фæстæмæ æххæссы æфстæутты æппæт хуызтыл.
Бахастæуыд хæстон архайдтыты ветеранты юридикон иуæджы, науæд индивидуалон амалиуæггæнæджы хуызы регистрацийы тыххæй паддзахадон фиддон фидынæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ссæрибар кæныны фæндон. Андрей Турчакы ныхасмæ гæсгæ, ацы фæтк хъуамæ æххæсса æфсæддонты бинойнæгтыл дæр.
Цæфмæ гæсгæ 2022 азы агъоммæ æфсадæй кæй арвыстой, бахастæуыд Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты уыцы хæдæфсæддонтæн дыккаг хатт æфсæддон дохтырты къамистæ ацæуыны фадат раттыны фæндон.
– Ацы адæмæй бирæтæ нымад сты «иумæйаг низ»-ы тыххæй службæйæ ацæуджытыл. Ацы хатдзæг Донбасс хъахъхъæнджытæн хæстон архайды инвалиды уагæвæрд, стæй æмбæлгæ фиддонтæ æмæ льготæтæ райсыны фадат нæ дæтты, – загъта кусæг къорды разамонæг. Уымæй уæлдай, амæй размæ кусæг къорд кæй бацæттæ кодта, Андрей Турчак Президентæн уыцы фæндæтты уагæвæрдты тыххæй дæр хабар фехъусын кодта.
– Уæрæсейы Федераци æмæ Советон Цæдисы Хъæбатыртæн æмбæлгæ льготæтæ сæ бинойнæгтыл цæмæй æххæссой, Паддзахадон Думæ уый, стæй Сыгъдæг Георгийы ордены кавалертæн уæлæмхасæн æрвылмæйон фиддонты тыххæй закъонтæ сфидар кодта. Дыууын æртæ азæй кæстæр сывæллæттимæ сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг архайджыты бинонтæн дыууæ пенсийы уыцы-иу рæстæг исыны бар чи дæтты, закъонмæ бахæссинаг уыцы срастгæнинæгтæ дæр фидаргонд сты, – загъта хицауы бынатахсæг адæймаг.
Паддзахадон Думæмæ бахастой тæлæтгонд æхсæнгæрзтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы домæнтæн раттыны тыххæй закъоны проект.
Кусæг къорды уæнгтæ Хицауадмæ æрныхас кæнынмæ барвыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы службæйы рæстæг йæ хæсæй йын æххæстгæнинаг фиддонтæ исыны барнæдæттæг закъоны проект,
Центрон банкмæ та – æфстæуттæн гæххæттытæ аразыны рæстæг хыгъдон фæдзæхстадон гæххæттыты сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонты уагæвæрд ма нымайын банктæ æмæ фæдзæхстадон компанитæн бахæс кæныны тыххæй курдиат.Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: Уæрæсейы Президенты бардзырдмæ гæсгæ кæй сарæзтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы фарстаты фæдыл уыцы кусæг къорды сæргъы æрлæууыд Федерацийы Советы Сæрдары фыццаг хæдивæг, «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар Андрей Турчак. Кусæг къордмæ хауынц федералон Парламенты дыууæ палатæйы, æппæт парламентон партитæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ, стæй æхсæнадон организациты раздзогтæ æмæ зындгонд æфсæддон уацхæсджытæ.
Санаты Альбинæ












