Экономикон рæзты нысантæ

0
8

Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров кусæг балцы сæмбæлд Цæгат Ирыстоны. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисимæ фæбæрæг кодтой регионы социалон-экономикон рæзты нысантæ.

Ныхасы архайдтой «Кавказ. УФ»-йы генералон директор Андрей Юмшанов, йæ хæдивæг Владимир Лопухин, Цæгат Кавказы федералон зылды Социалон-экономикон рæзты департаменты хицау Михаил Харсиев, хицаудзинады оргæнты разамонджытæ, фæрæзтæдæттæг организациты бæрнон кусджытæ. Сергей Назаров куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстон къахдзæфгай парахат кæны регионы экономикон бындур.

«Ахсджиаг уый у æмæ рæзты ног бынæттæ бæрæг дарынц хъæууон хæдзарады, логистикæйы, туризмы, транспортон инфраструктурæйы, æндæр къабæзты. Размæцыд проектты фæрцы хъарутæ лæвæрд цæуынц инвестицион хъæппæристæн, регионы фæзындысты ног куысты бынæттæ, дарддæры рæзты ног фадæттæ. Нæ хæс у æппæт уыцы хъæппæристæ царды уадзын, сæ фæстæ чи ис, уыдоны рæзтæн та фадæттæ аразын»,-загъта Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг.

Дзанайты Барис бузныджы ныхæстæ загъта федералон разамындæн, «Кавказ УФ»-йы кусджытæн, республикæйы рæзты æппæт хъуыддæгты сæ ахъаззаг ахаст кæй æвдисынц, уый тыххæй. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй æмгуыстады фæрцы «Мамысон»-ы курорт бантыст, уый та Цæгат Ирыстонæн ахсджиаг объект у. Ацы фембæлды туристон-рекреацион курорт «Мамысон»-ы дарддæры рæзтыл дæр æрдзырдтой.

Ныртæккæ курорты кусынц дыууæ рæтæн фæндаджы, вазыгджындзинады алыхуызон æмвæзады трассæтæ 19 километры. Андрей Юмшанов куыд загъта, афтæмæй йæ байгомы фæстæ курорт бабæрæг кодтой 87 мин адæймаджы. Сæрмагонд экономикон зонæйы  кусынц 17 хицæн минæвары, ис дзы фæцæрыны 668 бынаты, уæдæ æхсæнадон хæлцады кусæндæттæ, алыхуызон зæрдæдæрæнтæ, сувениртæ уæйгæнæнтæ æрбынæттон сты курорты.

Бюджеты æдде фæрæзтæ «Мамысон»-ы бавæрдтой 6,2 миллиард сомы, курорты дарддæры рæзтыл куыст цæуы. Дзанайты Барис бæстон радзырдта размæцыд 12 дæлпроекты тыххæй хъæууон хæдзарады, логистикæйы, туризмы, транспортон инфраструктурæйы, æндæр къабæзты. Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты хуыз æппæт уыдæттыл æнцайы. Ацы азы дыккаг кварталы уыцы нысантыл схардз кодтой 64 миллиард сомы, уыдонæй 50 миллиард сомы сты бюджеты æдде фæрæзтæ. Проекттæ царды уадзын куы райдыдтой, уæдæй регионы фæзынд 2,5 мин куысты ног бынаты.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар рæгъмæ рахаста æндæр ахсджиаг нысантæ, конд хъуыддæгтæ, бавнæлд, æххуыс чи домы, ахæм фарстатæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауадыпресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here