Кæй зæгъын æй хъæуы, культурæ зыны адæмы ахастдзинæдтыл, сæ удварны хорздзинæдтыл. Фæлæ дунейы алы рæтты уый алыхуызон у. Журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетагкаты Оксанæимæ ныхасгæнгæ, мах бацархайдтам, литературон журналтæ мадæлон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæнынæн цас ахъаз сты, уый раргом кæныныл.
– Оксанæ, ды лæууыс, нæуæдз азы истори кæмæн ис, уыцы журналы сæргъы. Бæрнондзинад дæ нæ хъыгдары?
– Уый мæнæн ахсджиаг фарста у. Кæй зæгъын æй хъæуы, фысджытæ Мæрзойты Сергей æмæ Плиты Грис разамынд кæмæн лæвæрдтой, уыцы журналæн сæйраг редактор уæвын у стыр бæрнондзинад, фæлæ мæ уый разæнгард кæны нæ тыхст æмæ уырыд рæстæджы, цæмæй мадæлон æвзаг æмæ культурæйы уæвынады фарста бæрæгбонон ма суа фынгтыл, фæлæ нæ хъæуой æрвылбон дæр. Æмæ махæй алкæмæй дæр аразгæ у Ирыстоны хъысмæт. Уыдон, бауырнæд уæ, стыр ныхæстæ не сты. Нымæцон æмæ компьютерон технологиты дуджы, адæм бархийæ, кæд сын æхсызгон нæу, уæддæр сæ сывæллæтты фидæны бæрнондзинад æвæрынц компьютертæ æмæ гаджеттыл. Ис сæ хорздзинæдтæ дæр, фæлæ уыцы компьютерон æвзаг фехалы, канд гоймаджы цæсгом нæ, фæлæ нын нæ фыдæлтæ цы удварны хæзнатæ ныууагътой, уыдон дæр. Ам мыхуыры фæрæзтæ – чингуытæ, журналтæ нын, фыццаджыдæр, хъахъхъæнынц не ’взаг æмæ культурæ, дыккаджы, адæймаг машинæйæ цæмæй хицæн кæны, уыцы æууæлтæ. Хорз чиныг кæсгæйæ, адæмы ‘хсæн сæры фылдæр хорздзинæдтæ баззайы, компьютеримæ абаргæйæ. Æндæр хъуыддаг уый у, æмæ адæмы ‘хсæн ахастдзинæдтæ, æмæ цардыл бындуронæй дзурын хъæуы, æрмæг цы хуызы дæттын хъæуы, уый нæ рох кæнгæйæ. Ацы ран курдиатæн æмбал нæй. Æмæ уын зæгъдзынæн, курдиат социалон хызæгты нæ, фæлæ мыхуыры фæрæзты, гæххæттыл тынгдæр кæй рабæрæг вæййы, уый.
– Цас ахсджиаг у махмæ, Кавказы, сылгоймаджы нысаниуæг ацы хъуыддаджы?
– Мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй афтæ хъæддыхæй, фидарæй кæй дзурын, уый бирæты зæрдæмæ нæ фæцæудзæн. Йæ ныхмæ кæй сты, уый тыххæй нæ, фæлæ кавказаг патриархалон дунейы ахæм удцырынад нæй, сывæллæтты хуымæтæджы хъомылады фæлгæтæй чи рахызт. Фæлæ йæ кары чи бацыд æмæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд мæлæтмæ цæттæ чи у, уыцы нæлгоймаг æмæ, мадæлон æвзагыл йæ хъæбултæн авдæны зарджытæ чи кæны, уыдонæй цы уæлдай ис? Уыдон фидæрттæм сармадзаны нæмгуытæ нæ хæссынц. Фæлæ абон сабитæн мадæлон æвзагыл зарджытæ кæнын тохтæй, чи зоны, бирæ ахсджиагдæр у. Æз уый зæгъын, куыд æртæ сывæллоны мад, афтæ. Уымæн æмæ авдæны зарæг у, мæнмæ гæсгæ, универсалон гуыдыр этносы генетикон кодæн.
– Дæ хъуыдымæ гæсгæ, «Мах дуг»-æн цы нысаниуæг ис ирон литературæйы?
– Кæд ахæм метафорæ æрхæссæн ис, уæд уый у национ æвзаджы «къæбиц», удыхъæдты портретты архив. Уый у удварны хæзнатæн иу бонæй иннæмæ хуыздæр аргъ кæнын, уымæн æмæ цард дæр тагъд ивы, æмæ сæ æххæст кæны ног миниуджытæй, кæнæ та – цух. Фæлæ нæ цард, нæ фидæн цы миддунейыл æнцайы, уый никуы аивдзæн. Уымæй уæлдай ма мæ фæнды зæ-
гъын журналы иугæнæг нысаниуæджы тыххæй. Ирыстоны æмæ уый æдде чи цæры, уыцы иронау дзурджыты æмæ хъуыдыгæнджыты хъуамæ исты ахсджиаг хъуыддаг иу кæна. Зæрдиагæй архайæм, цæмæй, адæм сæ къухмæ журнал куы райсынц, уæд сæм хорз æнкъарæнтæ сæвзæра.
– Кæсджытæн ма радзур «Мах дуг»-ы премийы тыххæй. Зæ-гъæм, кæмæн у йæ бон архайын конкурсы?
– Конкурс æмæ премийыл хъуыды нæм фæзынд, ирон литературæйы, аивады ног нæмттæ кадавар кæй уыд, уымæ гæсгæ. Мах хуыдуг кодтам сатæг уæлдæф цухæй. Сахуыр кодтам уæрæсейаг стыр журналты æмæ газетты фæлтæрддзинад æмæ æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ, нырыккон уавæрты журналы рæзты æнæ разæнгардгæнæн мадзæлттæй зын кæй у архайын. Финансон зындзинæдтæй тыхстыстæм, фæлæ ирон культурæйы хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм спонсæртæ нæм се ’ххуысы къух æрбадардтой. Нæ конкурсы географи уæрæх у – европæйаг паддзахæдтæ, Турк æмæ Китай сæ ирон диаспорæтимæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Кавказы горæттæ. Мах апарахат кодтам журнал «Мах дуг»-ы премийы тыххæй хъусынгæнинаг, уый бæрц дзуæппытæ райстам, æмæ нæ къамисы уæнгтæ катайы бацыдысты ирон æвзагыл фыссæг бирæнымæц авторты тыххæй. Уый – уыцы рæстæджы, æмæ ног авторты кадаварæй куы тыхстыстæм, ног уацмыстæ нын куы нæ фаг кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уацмыстæ хæрзхъæд æмæ хъæугæ æмвæзадыл нæ уыдысты, уый та у профессионализмы фарста. Ныр нæ премийæн ис фондз номинацийы – поэзи, прозæ, публицистикæ, литературон тæлмац æмæ драматурги. Уыцы номинацитæй алкæцыйы дæр кармæ гæсгæ ис æртæ къорды, лауреаттæ райсынц æхцайы премитæ, сæйраг приз – бронзæ статуэткæ алайнаг сылгоймаджы фæлгонцы.
– Оксанæ, дæумæ гæсгæ, национ литературæйæн сноггæнæн ис? Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон дзырдаивады «сыгъзæрин æнус» фæцис.
– Ды раст дæ, «сыгъзæрин æнус» фæцис. Фæлæ махæн нæ къухтæ æруадзыны бар нæй. Махмæ ис литераторты хистæр æмæ æрыгæтты фæлтæр. Хъыгагæн, астæуккаг нæм нæй. Алы аххосæгтæм гæсгæ уыцы цæг фесæфт. Литературон институтмæ бацæуынмæ дæр ничиуал тырны, уымæн æмæ кадджын нал у. Ацы ран, Райгуырæн бæстæ тæссаг уавæры ис, зæгъгæ, хъæртæй ницы бакæнæн ис. Ахæм хъæртæ ныртæккæ хъусты иувæрсты ауадзынц. Хъæуы фæлтæрты ‘хсæн ахастдзинæдтæ фидар кæнын, хъомыладон фарстатæм фылдæр æргом здахын, хи фæнд нæ тæргæйæ, райгуырæн уидæгтæй цы талатæ цæуы, уыдоны мæр уды хъармæй æфсадын. Иумæйаг ныхæстæ кæй кæнын, уый æмбарын, фæлæ уый мæ зондахаст у.
Булкъаты Игорь














