Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты дыууын æхсæзæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Æмбырды архайдтой Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды уæнг Виталий Назаренко, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, барадон æмæ хъахъхъæнынадон оргæнты разамонджытæ, республикæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон сконды сæргълæуджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ æркæсынмæ рахаста «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бинонты политикæйы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Куыд загъта, афтæмæй закъоны проект фидар кæны бирæсывæллонджын бинонты статус, фылдæр сын кæны уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Уый бафиппайдта бинонты тыххæй паддзахадон политикæйы ахсджиагдзинад. Фарст уыд депутат Цæгæраты Русланмæ. Фыццаг бакасты закъоны проект фидаргонд æрцыд.
Реуазты Ларисæ ма раныхас кодта, социалон нысаниуæджы иннæ закъонæвæрынадон хъæппæрисы фæдыл – «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы, иннæ ахæм закъоны проекты фæдыл – «Сидзæр æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн социалон æххуысы уæлæмхасæн зæрдæдарæнты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Закъонæвæрынадон хъæппæрисæн йæ амидингæнæг уыд Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Документы куыд загъд ис, афтæмæй алы бæрнон кусæг, хицауы бынат ахсæг алы адæймаг дæр йæхимæ хъуамæ ахæм хæс райса, æмæ йæ арм дара сидзæр кæнæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллоныл æмæ йын йæ хъомыладыл, йæ ахуырыл, йæ царды дарддæры фæндагыл дзуапдæттæг хъуамæ суа. Иу ныхасæй, сывæллæтты хæдзары алы рауагъдонæн дæр йæ царды хъуамæ уа ахæм хъомылгæнæг æмæ зондамонæг. Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
«2023 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фæзуатон фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта амынд кусæндоны разамонæг Дзæгъойты Алан. Куыд загъта, афтæмæй азæй-азмæ фонды бюджет кæны фылдæр. «Ивгъуыд азы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 11 миллиарды æмæ 418 милуан сомы, кæнæ та пълангонд нысантæн сæ 100 проценты, хæрдзтæ та рауадысты 11 миллиарды æмæ 399 милуан сомы», – загъта раныхасгæнæг æмæ уыцы хæрдзтыл бæстон æрныхас кодта.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Реуазты Ларисæ. Йæ раныхасы уый йе ‘ргом аздæхта æнæниздзинад хъахъхъæнынады райрæзты ахсджиагдзинадмæ æмæ медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, депутаттæ Елдзарты Медеямæ, Цæгæраты Русланмæ, Хæдарцаты Аслæнбегмæ. Афтæмæй закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
Æмбырды архайджытæ байхъуыстой ацы азы фыццаг кварталы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджет сæххæст кæныны тыххæй финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Каровайы дзуаппон раныхасмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй ацы азы фыццаг кварталы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 11 миллиарды æмæ 88 милуан сомы,
хæрдзтæ – 11 миллиарды æмæ 359 милуан сомы, бюджеты кадавар – 271 милуан сомы. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хæрдзтæн сæ фылдæр – 57,8 проценты, кæнæ та 6 миллиарды æмæ 862 милуаны, уыдысты социалон-культурон къабазы хæрдзтæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд депутаттæ Фадзайты Арсенмæ, Тетцойты Георгимæ, Дыдарты Сосланмæ.
Амæйразмæйы æмбырды депутаттæ байхъуыстой «2023 азы пъæлицæйы архайды тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы мидхъуыддæгты министры дзуаппон раныхасмæ, стæй Горæтгæрон муниципалон районы социалон-экономикон рæзты æмæ Рахизфарсы муниципалон районы социалон рæзты тыххæй районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджыты хъусынгæнинæгтæм. Уыцы дзуаппон раныхæсты фæдыл ныр сфидар кодтой Парламенты уынаффæтæ.
Дедегкаты Зæлинæ














