Ирон литературæйы дзырдаивад куыд рæзы æмæ фидар кæны, уый нын ныр нæуæдз азы дæргъы æнкъарын æмæ æмбарын кæны литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал “Мах дуг”.
Йæ фыццаг номыр рухс федта уалдзæджы тæмæны. Æмæ сси ирон дзырдæн æнувыд лæггадгæнæг. Цæгат Кавказы рагондæр литературон журналæн йæ юбилейы номыл, æрæджы Дзæуджыхъæуы уыд кадджын æмбырд. Журналы юбилейы фæдыл йæ кусджытæн зæрдиаг арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Архайдтой дзы нæ республикæйы Мыхуыры комитеты разамонæджы хæдивæг Габалты Мæдинæ, Хуссар Ирыстоны Президенты æмæ Хицауады администрацийы разамонæджы хæдивæг Джиоты Константин, Æппæтдунон æхсæнадон змæлд “Иры Стыр Ныхас”-ы разамонæг Уататы Зелим, РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Хозиты Барис æмæ Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз, зонад æмæ æхсæнады, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, культурæ æмæ аивады кусджытæ.
Кадгæнæн æмбырды райдайæны РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы сæйраг консультант Бигъуылаты Людмилæ бакаст йæ разамонæг Гобеты Ибрагимы арфæйы адрис “Мах дуг”-ы редакцийы коллективæн сæ бæрæгбоны фæдыл.
– Ирон литературæйы зиууæтты алы фæлтæртæн дæр лæггадгæнæг у журнал “Мах дуг”. Йæ редакцийы кусджыты алы фæлтæрты зæрдиаг рухстауæн архайдæй алкæддæр аудыдта ирон æвзаг, литературæ æмæ культурæйы рæзтыл, нæ адæмы удварны хорзæхыл. Абон дæр журналы редакцийы кусы, сфæлдыстадон фæндтæ кæмæ ис, цардмæ алывæрсыгæй чи кæсы, ахæм æнгом æмæ куыстуарзаг коллектив. Арфæ уын кæнын æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстдзинæдтæ Ирыстоны литературæ, æвзаг æмæ культурæйы рухс сомбоны сæраппонд, – загъд ис Гобеты Ибрагимы Арфæйы фыстæджы.
Уый фæстæ редакцийы кусджытæн Æлборты Дианæйæн, Къелойты Альбинæйæн, Золойты Аркадийæн, Касаты Батрадзæн, Габысаты Асланæн, Хъыргъаты Анжелæйæн, Тъехты Тамерлан æмæ Тадтаты Зæринæйæн лæвæрд æрцыд нæ рес-публикæйы Кады гæххæттытæ æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ.
Габалты Мæдинæ журналы редакцийы коллективæн йæ арфæйы ныхасы фæстæ редакцийы кусджыты схорзæхджын кодта зæрдылдарæн зынаргъ лæварæй æмæ Кады гæххæттытæй.
Журнал “Мах дуг”-æн, йæ редакцийы кусджытæн нæ республикæйы æхсæнадон организацитæй æмæ сфæлдыстадон цæдисты номæй зæрдиаг арфæтæ ракодтой Хетæгкаты Къостайы номыл рухсадон-культурон центры сæргълæууæг Æлборты Иван, Уататы Зелим, Хозиты Барис, Мæргъиты Таймураз æмæ Стъараполы крайы цæрæг ирон адæмы æхсæнады сæрдар Бæцойты Савели.
Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй редакцийы кусджытæн арфæ ракодта Джиоты Константин. Уый бакаст Гаглойты Аланы Указ, редакцийы кусджытæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæрзиуджытæ раттыны тыххæй. Йæ бардзырдæй журнал “Мах дуг”-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйæн лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисты кадджын ном. Редакцийы иннæ кусджытæн та саккаг кодтой Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Мыхуыры комитеты арфæйы фыстæджытæ. Кадджын æмбырды архайджытæй иу, зындгонд актер æмæ журналист, газет “Рæстдзинад”-ы сæрмагонд уацхæссæг Баскаты Уырызмæгæн, æфсымæрон республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты рæзтыл кæй архайы, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисты кадджын ном.
Журналы редакцийы коллективæн сæ юбилейы фæдыл арфæ ракодтой Хуссар Ирыстоны адæмон газет “Хурзæрин”-ы сæйраг редактор Дамбегты Иринæ, Кæсæг-Балхъар, Цæцæн, Дагестан æмæ Цæгат Кавказы иннæ регионты сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, литературон журналты сæйраг редактортæ.
Ацы кадджын æмбырды ма сбæрæг сты ацы аз журнал “Мах дуг”-ы дунеон литературон преми райсыныл конкурсы поэзи, прозæ, драматурги, публицистикæ æмæ тæлмацы номинациты уæлахиздзау-
ты нæмттæ. Уыдон сты Гæбæраты Юри, Айларты Асæхмæт, Гусалты Барис, Хуыдæлты Маринæ, Габолаты Зауырбег, Бететы Фатимæ, Джусойты Нинæ, Годжыцаты Георги, Гегкиты Сослан, Айларты Дианæ, Бæззаты Эдуард…
Юбилейон изæры сæ курдиат равдыстой нæ
республикæйы профессион æмæ хихъæппæрисадон аивадон къордтæ æмæ вокалон аивады дæснытæ.
ГАСАНТЫ Валери














